Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Чъвринисæгтæ æнæ амбулаторийæ, скъолайæ æмæ æнæ сывæллæтты рæвдауæндонæй
Карелы муниципалитеты Чъвринисы хъæуы нуазын дон æмæ æрдзон газы трубæтæ уадзынц.

Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ бынæттон цæрджыты иу хай хицауады политикæйæ не сты разы.

Уæлдайдæр та, ай уыцы категоримæ хауы, кæцытæн социалон æххуыс сæхгæдтой.
Хъæумæ бацæуæн фæндаг хæлд у. Хъæуы мидæг фæндæгтæ дæр, газификацийы куыстытæ кæныны тыххæй къæхтытæ сты.

Тагъд æххуыс бахъуыды цауы бынатмæ рæстæгыл нæ хæццæ кæны тагъд æххуысы машинæ. Хъæуы нæй скъола, амбулатори, сывæллæтты рæвдауæндон.

Харазашвили Цицино (бынæттон цæрæг): - «Мæнæ цы фæндагыл æрбацыдыстут, федтаиккат æй, цахæм фæндаг у, о, дон аразынц, рацæудзæн, уыдзæн, фæлæ уыййас проблемæтæ ис ацы фæндæгты тыххæй, кæд ма ацы фæндæгтæ сырæзой, уæд ма цы фæрсинаг у. Ахæм фæндæгтæ сты æмæ ардæм цалынмæ тагъд æххуысы машинæ æрбахæццæ уа, уæдмæ лæг мæлгæ дæр акæндзæн».

Гогладзе Эльза (бынæттон цæрæг): - «Ныр райдыдтой дон уадзын, газы æрбауадзын, фæлæ газæй дзурынц, зæгъгæ, дам ын йæ аргъ фылдæр кæнынц æмæ ацы æгуыст адæм куыд хъуамæ фидой, æз нæ зонын, Æз, зæгъæм нæ бафиддзынæн, мæ бон не суыдзæн».

Харазашвили Цицино: - «50 хæдзарджын хъæуы нæм ис æртæ сывæллоны, хъæу сафтид, баззадысты ма 50 азæй фылдæр кæуыл цæуы уыцы адæм. Иннæтæ хъæуæй фæцыдысты. Кæд ардæм ницы æххуыс æрбацæуа, кæд нæ фæрог кæной къух, уæд тагъд рæстæджы ам ничиуал æрлæудзæнис».

Гоголадзе Эльза: - «Æвзонг фæссивæдæй нæм ничиуал баззад, цæуынц хъæуæй, скъола дæр нæм нæй, фæндаг нæм нæй, амбулатори нæм нæй, магазинæй ницы пайда кæнæм, дардмæ нæ цæуын хъæуы, ницы фæрæз кæнæм, куыст махæн нæй æмæ ницы æппындæр».

Харазишвили Цицино: - «Хъæуы æмбисæн сæхгæдтой социалон æххуыс, сымах дæр æй куы уынут? Уæ бон у æмæ мын мæ хæдзары ныв сисат. Социалон æххуыс мын сæхгæдтой. Гæнæн уыд æмæ мæнæн социалон æххуыс сæхгæнын? Пенси мæнæн нæй, мыздисæг мæ бинонтæй ничи у. Ахæм проблемæ ацы хъæуы алкæмæн дæр ис. Ацы аз фæззæджы тыллæг дæр ницы уыдис. Нæ дæр нын донхæры дон ис».


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.