Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Фæндаг Хъарапилæйы онг - репортаж
Каспы районы Хъарапилайы хъæу дихгæнæг хаххмæ æввахс у. Уымæ ирон хъæу Сæрибар арæн кæны. Централон автомагистралæй хъæуы онг иу километр æмæ æрдæг дæрддзæф у. Хъæумæ бæлццæттæ ласæн транспорт нæ кусы.

Меладзе Мзия, кæцы йæ моимæ иумæ йæ фыдмæ уазæгуаты æрбацыдысты, уый дзуры, зæгъгæ дам, раджы бæлццæттæ ласæн транспорт къуыри иу хатт цыдис.

«Ныр æппындæр нæ цæуы транспорт. Сæйраг фæндаджы онг цæрджытæ фистæгæй цæуынц. Километр мæ ‘рдæг дæрддзæф у. Зымæджы та ноджы зындæр у искуыдæм цæуын», - дзуры Меладзе Мзия.

Йæ фыдæн ын социалон æххуыс нал раттой йæ бинойнаджы фæзианы фæстæ.
«Мæ бинойнаг фæзиан, стæй мын социалон æххуыс сæхгæдтой. Иунæг хъуг мæм ис. Бæрзонд баллтæ мын уый тыххæй ныффыстой» - загъта нын Меладзе Гиви, Меладзе Мзияйы фыд.

Хъарапилæйы сывæллæтты рæвдауæндон нæй, нæдæр скъола. 8 скъоладзауы хицауады ‘рдыгæй рахицæнгонд транспортыл Къодисцъхъаройы хъæуы скъламæ цæуынц. Къодисцъхъаройы скъола дæр æнæххæст у. Уый фæстæ та сæ ахуыр адарддæр кæнынц Нигозайы астæуккаг скъолайы.

Ирон Хъарапилæйы хъæуы абон цæры 35 хæдзары, кæцыты ‘хсæн Вазагашвилитæ, Меладзетæ æмæ Тъехашвилитæ сты.

Хъæумæ æрдзон газ уагъд ис, электроэнерги хынцгонд цæуы. Нуазыны доны кранттæ сыхты цалдæр ран ис мотажгонд, фæлæ дзы дон æрвылбон нæ цæуы. Резервуарæй раст дих нæ цæуы.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.