Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Дискусси Цхинвалы мидæг конфликты терминологийы алфæмблай
А. х. Хуссар Ирыстоны депутаттæ уыцы терминологимæ æркæсын домынц,
кæцы 1989-2008 азты конфликтмæ хауы.
Цхинвалы дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ паддзахадон уагдæтты минæвæрттæ термин «гуырдзиаг-ирон конфликт»- ы пайда кæнынц.
Ныртæккæ та, цхинвайлаг депутаттæ терминæй «Фыдыбæстæйон хæсты» спайда кæнын домынц, куыд дэ-факто Абхазийы æрцыд афтæ.
Информацийы агентад «Эхо Кавказ» парахат кæны.
Терминологийы фæивыны инициатор у партия «Иугонд Иры» депутат Гасситы Петр, кæцыйæн йæхи сæрмагонд аргумæнттæ ис. Уый æввахс рæстæджы парламенты сессийыл терминологийы фæивыны фæдыл фарст æрывæрынмæ хъавы.
«Термин гуырдзиаг-ирон конфликт не ‘вдисы уыцы уавæры, кæцы æцæгæйдæр уыд, не ‘вдисы, чи уыд амæттаг æмæ чи уыд агрессор. Дыууæ фарсы дæр æвæры æмхуызон уавæрты». – Зæгъы Гасситы Петр.
Уый нымайы, цæмæй ацы термин зиан хæссы Хуссар Ирыстоны интерестæн. Уæлдайдæр та, йæ хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны бæрндзинад, кæцы сарæзта гæрзифтонг агресси этникон бындурыл, ацы терминæй гом зайы.
«Хуымæтæг гæрзифтонг конфликтмæ абаргæйæ «Фыдыбæстæйон хæсты» фæрстæй сæ иу тох кæны, территориты фæдыл нæ, фæлæ Райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæныны фæдыл. Састы баззайын фыдыбæстæйон хæсты, уый у паддзахадондзинады хæдбардзинад æмæ райгуырæн бæстæйы фесафын. Ахæм хæстыты рæстæджы ахастæвдисæг у массивон хъайтардзинæдтæ æмæ хайадистдзинадæн, æрмæст гæрзифтонг тыхты ныхмæ нæ, фæлæ æппæт дзыллæйы ныхмæ, æнæвзаргæйæ æрд æмæ кары. Ныхас æнæхъæнæй хауы ирон адæмы тохмæ гуырдзиаг агрессорты ныхмæ». – Загъта Гасситы Петр «Эхо Кавказимæ» ныхасгæнгæйæ.
Гасситы Петр ма ууыл дæр хъуыды кæны, цæмæй ацы фарсæрдыгæй гæнæн ис æмæ уа ныхмæдзинæдтæ дæр.
«Уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у хицæнæй æркастгонд æрцæуа 1989-92 азты æмæ 2004-2008 азты хæстытæ, æнæуи ныхас цæуы иу процессыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, цæмæй уæгъдибар рæстадон тохы ирон адæм тох кодта хæдбардзинады фæдыл æмæ уæвынадæн. Ацы хæст ирæттæн уыдис хиссæрибар кæнынады æмæ рæзындзинады фæдыл. Гуырдзыстон та 20 азы дæргъы æндæр æмæ æндæр методтæй падагæнгæйæ архайы, цæмæй куынæггонд æрцæуа Хуссар Ирыстон. Скодтаит сын æнæбыхсгæ уавæртæ ирон адæмы уæвынадæн». – Зæгъы Гасситы Петр.
Ирон политолог, философийы зонæдты кандидат Дзугаты Къоста нымайы, цæмæй 1989 азæй райдайгæ абоны онг гуырдзиаг-ирон æмахастытæ гæнæн ис æмæ схонæм «гуырдзиаг-ирон конфликт».
Дзугаты Къостайы цæстæнгасæй, контекстмæ гæсгæ, уый уыдзæни «фыдыбæстæйон хæст» кæд «национ хиссæрибаргæнæг» тох, уымæ æнæкæсгæйæ, политикон æхсæнæдты термин «гуырдзиаг-ирон» конфликт æрвыл хатт дæр фидаргонд уыдзæн.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |