Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Тыхфæлгъуыдæй бафхæрын Дваны хиды тыххæй
Карелы муниципалитеты Дваны хъæуы Пронæйы цæугæдоныл ахизæн хид та фæстæмæ аразинаг у.

Хид 2014 азы арæзт æрцыд, фæлæ та, уайтагъд фехæлд.

Æрвылбон фылдæрæй фылдæр кæны хидыл змæлыны тасдзинад.

Карелы муниципалитеты уагдонæн тæрхондоны æххуысæй дæр йæ бон нæу компанийæн ауадзын кæна, хиды реабилитацийы куыстытæ.

Мамагулашвили Шорена: - «Хидыл стыр машинæтыл ахизæн нæй, уымæн æмæ иуæй-иу рæтты дзы хауд бынæттæ ис æмæ тæссаг у. Ахизынц чысыл хидыл, фæлæ уый дæр æвзæр уавæры ис. Змæлы, цъус фæстæдæр уый дæр ныккæлдзæни, дон куы раивыла».
Архошашвили Мери, Карелы хистæры хæдивæг: - «2014 азы Карелы муниципалитеты уагдон хæлд хиды сæндидзын кодта Тендеры фæуæлахиз компани «Эн джи Эн»-ы æххуысæй, йæ разамонæг Джишкъариани Нодар, бахардз ыл 8928 лари. Фæстæдæр, цалдæр мæйы фæстæ хид фехæлд, цæй фæстиуæгæн дæр компанимæ хиды сæндидзыны фæдыл курдиат балæвæрдта. Куыд рабæрæг афтæмæй, хидыл стыр машинæты змæлды фæстиуæгæй хæлд æрцыд».
Бынæттон цæрæг: - «Æз сын мæхæдæг загътон, цæмæй йæ чи сарæзта уый æрбакæной æмæ йын æй саразын кæной».

Архошашвили Мери: - «Компанимæ дыккаг хат курдиат балæвæрдтам, стæй йыл тæрхондонмæ дæр бахъаст кодтам, бадзырды уавæртæй иу ахæм уыд, цæмæй компанийæн гарантон æмгъуыд уыд. Тæрхондоны скъуыддзаджы бындурыл компанийы æмæ уагдоны ‘хсæн фидыд æрцыд».

Мсхаладзе Гия: - «Ацы компанийæн тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ хæсгонд æрцыд хиды хæлд бынаты демонтаж æмæ ног цæуæн хайы саразын».

Къопадзе Лейла, бынæттон цæрæг: - «Æрбаластой æфсæйнæгтæ, фæлæ йæ аразгæ ничиуал кæны, хъусдард æм нæй».

Мсхаладзе Гия: - «Мах сфæрæз кодтам æрмæг æмæ компани хæсджын уыд ацы æрмæгæй хид сног кодтаид».

Архошашвили Мери: - «Компани нын ныфс æвæры, цæмæй иу къуырийы мидæг кусын райдайдзæн, фæлæ куыд зыны афтæмæй нæ райдыдтой кусын. Уымæ гæсгæйæ, та правлени курдиат балæвæрдта тæрхондонмæ, 15 боны фæдзæхсты фæстæ æххæстгæнæг гæххæтты домынадимæ».

Къопадзе Лейла: - «Хорз у æмæ ма хъæуы ноджы иу чысыл хид уæддæр ис æнæдæра куыд кодтаиккам».

Архошашвили Мери: - «Тæрхондон скъуыддзаг 2016 азы январы мæйы рахаста. 7-æм мартъийы компанимæ балæвæрдтам фæдзæхсты фыстæг. Аивгъуыдта фæдзæхсты æмгъуыд дæр æмæ ныр курæм æххæстгæнæджы тæрхондоны тыхæй».


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.