Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
«Дихгæнæг хахх» Квемо Чъала æмæ Сакоринтлойы ‘хсæн
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс, Сакоринтло æмæ Ахашены онг бацæуæн фæндаджы сасфалт кæнын инфраструктурон проектæй систой.

Амæ гæсгæ, Квемо Чъалайы территориалон темы минæвар Сачалели Нугзар Къаспы муниципалитеты административон уагдоны рабадтыл правленийы ныхмæ загъта.

Бынæттон цæрджытæ: - «Уый арæзт æрцыд Саакашвилийы рæстæджы (ныхас цæуы Гуырдзыстоны раздæры президентыл), чи æхсæв кусы, чи бон».

Сачалели Вахтанг, административон уагдоны уæнг Квемо Чъалайы темæй: - «Сакоринтлойы хиды цур фæуд кæны фæндаг. Ацы бынатæй Ахашен æмæ Сакоринтлойы онг иу километр æмæ 700 метры у. Уый сасфалт кæнын уыд проекты æмæ йæ систой».

Административон уагдоны рабадт: - «Иу проект дæр нæу сфидаргонд. Хъæутæй цыдæриддæр проекттæ уыд бавдыстгонд, иууылдæр сæ систой. Иунæг-иу Чангилары хъæуы проект ма баззад æмæ фæстагмæ, уый дæр систой».

Бидзинашвили Александре, административон уагдоны уæнг дæллаг Гомæй: - «Рацу æмæ мах хъæуы фæндаг дæр фенæм, Цъинарехы фæндаг дæр фенæм, кæцы дзы тынгдæр у хæлд. Уæд цæмæн бахастад Цъинарехы фæндагы арæзтад?»

Бекаури Михеил, административон уагдоны уæнг парти «националон змæлд»: - «Хъæуты проектты фылдæр хай финансгонд не ‘рцыд, финансгонд æрцыд æрмæст Къаспы горæты проекттæ. Æвæццæгæн уый тыххæй у, депутатты стырдæр хай знæтгонд».

Хизанишвили Теймураз, Къаспы гæсады хæдивæг: - «Æввахс рæстæджы дунеон банкы минæвæрттыл фембæлдзæн Къаспы гæсад. Уыдонимæ бадзырдæй æрцæудзæн финансгонд хицæнгонд проекттæ. Еныр уыцы ныхас, æмæ Цъинарех хуыздæр у æви дæллаг Гом, гæсадæн сæ иу дæр йæ хъæу у æмæ иннæ дæр».

Бынæттон цæрджытæ: - «Фенæм, æхцайы фæрæзтæ куыд сфаг уыдзысты. Æнæуи, газ дæр æнæфидгæйæ сарæзтой æмæ рухсы хынцæгты дæр».


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.