Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Рухслæвæрды сиу кæнынæн фыстæг арвитынмæ байрæджы кодтой
Хъæуы фарсхæцæг программæйы фæлгæтты Атъены, куыстытæ фæуыны фæстæ, уынгты рухслæвæрды сиу кæнын ферох.

 


Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Атъены, Цхъаройы сыхæй фехъусын кодтой.

Документтæм гæсгæ куыд рабæрæг, афтæмæй уынгты рухслæвæрды куыстытæ 2015 азы 25-æм декабрмæ фесты, фæлæ Цхъаройы сыхы дыууæ мæйы дæргъы уынгтæ талынг сты.

Миханашвили Ека (Атъены бынæттон цæрæг): - «Дыууæ мæйæ фылдæр у, арæзт куы ‘рцыд рухслæвæрд, фæлæ иугонд не ‘рцыд. Цæвиттон, æндæр сыхты уыцы бон иугонд æрцыд, фæлæ махмæ абоны онг нæй. Мæнæ мæ фарсмæ лæууæг чызг кусы правленийы, цал хатты йæ бафæрсæм, йæ дзуапп вæййы: нæ дам æй зонæм».

Шавшишвили Никъолоз: - «Æгас хъæуы арæзт ис рухслæвæрд. Алы ран дæр иугонд у, æрмæст ма нæ сых баззад æнæиуæй».

Анесашвили Звиад, Гуры муниципалитеты правленийы куысты хистæр: - «Телтæ уагъд сты, рухсы цæджындзтæ æвæрд сты. Компани «Энергоджорджиа хъуамæ сиу кæна телты централон магистралмæ. Куыд зонын афтæмæй хæрзæввахс рæстæджы иугонд æрцæудзæн».

Майсурадзе Тариел, уагдоны инфраструктурæйы куыстуаты хистæр: - «Куыстытæ 2015 азы 25-æм декабрмæ фесты. Махæрдыгæй курдиат «Энергокомпанимæ» æрвыст æрцыд 28-æм январы. Æвæццæгæн, тагъд иугонд æрцæудзæн рухслæвæрд»

 

 


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.