Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Абулатори конфликты зонæйы
Никозы амбулатори 2011 азæй кусы æмæ уым кусæг медперсонал æртæ
хъæуæн (Дæллаг æмæ Уæллаг Никоз, Уæллаг Хвит) лæггад кæнынц.
Медицинон уагдоны 19 æмкусæг кусы. Фæстаг рæстæджыты ам афтек дæр байгом, кæцы бынæттон цæрджыты уавæр фæхуыздæр кодта.
Уымæ ‘нæкæсгæйæ, уæддæр амбулаторийæ пайдагæнæг цæрджытæ дзурынц, цæмæй хуыздæр уыдзæни, бынатыл тагъд æххуысы бригадæ дæр куса.
Тагъд æххуысы машинæ бахъуыды цауы Гурæй рацæуы æмæ æрæджы кæны.
Мчедлидзе Тамар (бынæттон цæрæг): - «Никоз дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу у, хæсты агъоммæ мах Цхинвалы рынчындонæй хорз пайда кодтам. Медикаменттæ уыди æви медицинон æххуыс, пайда кодтам. Уæд Никозы чысыл амбулатори уыд æмæ нæдæр ныры хуызæн дохтыртæй уыд комплектгонд».
Махарашвили Наира (бынæттон цæрæг): - «Тагъд æххуыс нæ хъæуы, цалынмæ тагъд æххуыс Гурæй æрбацæуа, уæдмæ адæймаджы удæгас кæнæ æрбаййафдзæн кæнæ нæ. Æртæ хъæуы стæм дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс æмæ тыхсæм. Цæрджытæн сæ фылдæр рынчынтæ сты, мах цы мæт æмæ тас бавзæрстам ацы хæсты рæстæджы, æгæр хорз дæр ма стæм. Æвзæр бон куы вæййы, тагъд æххуысы машинæ йæ рæстæгыл нæ вæййы».
Шатакишвили Суликъо: - «Медперсонал нын иттæг хорз ис. Тыхст куы вæййæм, хæдзармæ дæр нын æххуыс кæнынц. Газет æнæ кæсæнцæстытæй фарстон. Ныр фæцух дæн цæсырухсæй æмæ мын цæуын дæр зын у, хорз уаид цæсты дохтыр дæр нын куы снысан кæниккой».
Метревели Нино, бинонты дохтыр: - «Амбулатори æртæ хъæуы цæрджытæн лæггад кæны, хæдзармæ фæсидтытæ нæм дзæвгар ис, бынатмæ æрбацæуæг пациентæн нæ бон у, ауадзæм лабароторион басгæрст. Ис нæм клиникон анализ, биохими, куакулограмы (туджы иумæйаг анализ) скæныны фæрæз».
Мчедлидзе Тамар (бынæттон цæрæг): - «Ацы хорздзинадмæ ма уый дæр бафтыд æмæ директор Дзамукашвили Никъолозы разамындæй афтек дæр бакодтой».
Дзамукашвили Никъолоз, амбулаторийы директор: - «Ис паддзахадон æнæниздзинад хъахъхъæныны программæтæ, кæцыйы фæлгæтты цæрджытæ пайда кæнынц æнæфидгæйæ. Амбулатори финансгонд цæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады ‘рдыгæй æмæ, уымæ гæсгæйæ, Гуры муниципалитеты æхцайы фæрæзтæ нæй æвæрд абулаторийы».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |