Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Саудон Аравийы делегаци фысфосы кондады потенциалимæ базонгæ уыдзæни
Саудон Аравийы хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ Гуырдзыстонмæ фыццаг хатт æрцыдысты.

Визит иу къуырийон у, кæцыйы фæлгæтты фæрстæ Гуырдзыстоны аграрон секторы потенциалимæ базонгæ уыдзысты æмæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн фидæны æмкуысткæнынады фарстæтыл æрныхас кæндзысты.

Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæгтæ Давиташвили Леуан æмæ Нозадзе Юри Саудон Аравийы хъæууон хæдзарады министрады делегацийы уæнгтимæ фембæлдысты.

Делегацийæн къухдариуæг кæны Саудон Аравийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг, доктор Емад Ал Даиджи.

«Куыд зонут афтæмæй, Саудон Арави исы гуырдзиаг фосы продукт – фыс. Делегацийы уæнгтæн фенын кæндзыстæм æмæ сæ базонгæ кæндзыстæм инфраструктурæимæ ветеринары къуымæй. Визиты фæлгæтты ма уазджытæ базонгæ уыдзысты Гуырдзыстоны инвестицион потенциалимæ æмæ зонад-иртасæн æрдæмадтæм цæугæ архайддзинæдтимæ», - фæнысан кодта Давиташвили Леуан.

Хъæууон хæдзарады министрады ауадзгæ фембæлды фæстæ, делегацийы уæнгтæ хъæууон хæдзарады министрады зонад-иртасæн центры, хъæууон хæдзарады министрады лабораторийы офисты бабæрæг кодтой æмæ сын сæ архайддзинадимæ базонгæ сты.

Визиты фæлгæтты ма спълангонд у Джигъаурæйы хъæууон хæдзарадон базæйы, бæстæйы масштабæй бæласы талаты хæдзарадты, фермæты æмæ кондæтты бабæрæг кæнын дæр.

Саудон Аравийы баиугонд паддзахад у стырдæр базартæй сæ иу. Ацы базармæ гуырдзиаг аграрон продукцийы ахæссын æнцонвадат скæнынæн бæстæйы экономикæйы æмæ, уыдон æхсæн, хъæууон хæдзарады рæзынадæн нысаниуæгджын фактор у.

Саудон Аравийы хъæууон хæдзарады министрады делегацийы сконды сты министрады æхсæнадæмон æмкусджыты департаменты, Наджраны дыргъдонгæсты иртасæн центры, зайæгойты департаменты, фосы карантины хайады, æрдзон ресурсты департаменты къухдариуæггæнæг гоймæгтæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.