Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Окруашвилийы инициативæ – ныууадзæд районы сывæллæтæ горæты рæвдауæндæттæ
Гуры горæты муниципалитеты сæрдар Метревели Илья горæты рæвдауæндæттæй районы территорийыл регистрацигонд хъомылгæнинæгты хæрзæввахс рæстæджы рарвитынмæ хъавы.
Ай фæдыл Метревели Ильяйæн йæ уынаффæгæнæг Окруашвили Иракли загъта.
Æмбарынгæнæн фыстæг, кæцы Шида Картлийы информацион центры къухты ныххаудта, фарсты инициатор растдæр, Окруашвили у.
«Ацы инициативæ æнæхъæнæй Окруашвилмæ нæ хауы», - загъта нын Гуры муниципалитеты уæнг Размадзе Давит, кæцы ивгъуыд азы периоды кой кæны, горæты меры хæдивæгæй Джохадзе Нукри куы куыста.
«Джохадзе Нукри лæмбынæгæй сахуыр кодта ацы фарст. Сбæрæг ис, цæмæй горæты рæвдауæндæттæм районы территорийæ дзæвгар сывæллоны кæй цæуы», - зæгъы Размадзе Давит.
Гуры мер Джирквелишвили Зураб уыцы периоды горæты рæвдауæндæттæй районы регистрацигонд сывæллæтты рарвитын нæ бауæндыди. Уый фæндыдис, цæмæй ацы сывæллæтты бавæрыны хæрдзтæ районы администраци йæхимæ райстаид, фæлæ районы администрацийы хистæр Ониашвили Давит ацы инициативæйыл нæйы загъта.
Ацы хатт та, горæты административон уагдоны ног сæрдар æрцæттæ кодта бардзырды проект, кæцы 1-æм апрелы æрбадтыл сфидар кæнынмæ бахæсдзысты. Проекты сфидар кæныны фæстæ сывæллæтты рæвдауæндæтты директортæ фæдзæхст райсдзысты 16-æм апрелмæ.
Административон уагдоны проект рухсады къамисы зæрдæмæ фæцыд. Ацы къамисы 7 уæнг ис æмæ куыд административон уагдоны аппараты æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты хистæр Закарашвили Марикъа зæгъы, къамисы ныхмæ ничи рацыд.
«Проекты райсыны аххосаг у Гуры горæты муниципалитеты бюджетæй æхцайы фæрæзтæ ссæрибар кæнынад. Сæрмагондæй та, скъола агъоммæ хъомылгæнæн уагдæтты финансдзинад исынц алы сывæллонмæ гæсгæйæ, уыдон æхсæн сты Гуры муниципалитеты цæрæг бинонты сывæллæттæ дæр, кæцыты финанс кæныны хæсдзинад Гуры горæты муниципалитетæн нæй», фыст ис æмбарынгæнæн фыстæджы.
Окруашвили хъуыды кæны, цæмæй ацы проектмæ гæсгæ горæты бюджет 415 000 ларийы сэкономи кæндзæни, æмæ гæнæн уыдзæни социалон æмæ инфраструктурон проекттæ саразын.
Районы сывæллæттæ та, кæцытæ скъола агъоммæ хъомылады горæты сывæллæтты рæвдауæндæтты исынц, финансдзинад 1-æм сентябры онг райсдзысты. Уый фæстæ та сæ финансдзинад ныййарджыты юридикон адресмæ гæсгæ æрцæудзæн.
2015 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Гуры сывæллæтты рæвдауæндæтты районы муниципалитеты территорийыл регистрацигонд 456 сывæллоны ис.
Уæлдæр нысангонд куыд цæуы уымæ гæсгæ, 2015 азы горæты мер муниципалитеты гæсæн, сывæллæтты финансдзинады суммæйы рахицæн кæныны фæдыл, фыстæг арвыста.
Джирквелашвили Зураб Онашвили Давитæй 700 000 ларийы домдта, фæлæ муниципалитет меры домынад ницæмæ ‘рдардта.
Æнæниздзинад хъахъхъæныны, рухсады, спорты, культурæйы æмæ социалон фарстæты къамисмæ та цы хауы, уый, Окруашвилийы инициативæ иннæ уæнгты зæрдæмæ дæр фæцыдис: Чхикъвадзе Вано (гуырдзиаг бæллицц), Иоселиани Рамаз (гуырдзиаг парти), Мезвришвили Заза (лейбористон парти), Амбокъадзе Гия (гуырдзиаг парти).
Закарашвили Марикайы ныхасмæ гæсгæ, проекты тыххæй æндæр æмæ æндæр цæстæнгас нæ уыдис. Къамисы хайад нæ райста Годердзишвили Миндия (националон змæлд), Майсурадзе Мераб (гуырдзиаг бæллицц), æмæ Палелашвили Сосо, Палелашвили Гуырдзыстоны нæ уыдис.
Проект 2016 азы 21-æм мартъийы регистрацигонд æрцыд æмæ депутаттæ хæлттæ 1-æм апрелы нысангонд административон уагдоны рабадтыл сæппардзысты.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |