Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Мидхъуыддæгты министрады радон полицион контролы рæстæджы 207 гоймаг ахст æрцыд

Полицион контролы рæстæджы сбæрæг уголовон 192 фыдракæнд æмæ фиксиргонд æрцыд административон закъонхæлды 966 цауы. Мидхъуыддæгты министрад, фыдракæнды превенцийы æмæ æхсæнадон уагæвæрды хъахъхъæныны нысанæй, полицийы тыххæй Гуырдзыстоны закъоны 24-æм пунктмæ гæсгæйæ, æнæхъæн бæстæйы масштабæй, специалон полицион контроль ауагъта.

Информаци Шида Картлийы информацион центрæн бæрнады æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты æмкусæг фехъусын кодта.
Мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты æмæ мидхъуыддæгты министрады территорион дæлхæйтты ‘рдыгæй 2016 азы 23-26 мартъийы ауадзгæ полицион контролы рæстæджы, барадхъахъхъæнджытæ 2 агургæ гоймаг æрцахстой.

Рабæрæг уголовон 192 фыдракæнды, уыдон æхсæн: зынгæхсгæ хотыхæй закъон халыны 67 факты.

Наркотикты æнæзакъонæй æлхæды æмæ уæйы 29 факты.

Гуырдзыстонмæ наркотикты æнæзакъонæй æрбахæссыны 8 факты.

Давыны 2 факты.

Фиксиргонд æрцыд административон закъон халыны 966 цауы, уыдон æхсæн: наркотиктæй æнæзакъонæй пайда кæныны 77 факты.

Хулигандзинады 28 факты.

Ныхмæдзинады æмæ хулигандзинады 34 факты.

Полицион контролы рæстæджы æнæзакъонон æрзылдæй ист æрцыд ахæм хуыз зынгæхсгæ хæцæнгæрзтæ æмæ тохгæнæн æрмæг: 8 автоматы, 8 пистолеты, 4 револверы, 4 гранатæхсæн, 6 винтовкæ, 9 лыг цуангæнæн топпы, 3 чысылкалиброн винтовкæ, 50 къухын гранатæ, 6 сармадзаны нæмыг, 3 фистæгон ныхмæдзинадон бомбæ, 3 фæздæггæнæны, 7 рæмудзæн цæттæггæнæг, 8 электродетонаторы, 1 капсулдетонаторы, 2,1кг. халæн буаргъæды тротил, 4540 æндæр æмæ æндæр калиброн гилдзы.

Афæ ма ист æрцыд: 9 тыхтон æмæ 0,8345 грамм. героин, 1,5 грамм. бупренофин, 10 тыхтон æмæ 39 таблеты «Субоксин», 45 таблеты «Годеин», 8 тыхтон марихуана, 39 тыхтон æмæ 450 грамм. ног психоактивон буаргъæд а. х. «Био», 250 таблеты «Актифед», 361 таблеты æндæр æмæ æндæр психотропон медикаменты, 8 наркотикон буаргъæдты ивæг, бауадзынæн цæттæ шприц æмæ 1 бын хъылма.

Полицион контролы рæстæджы, арæзт уголовон фыдракæнды фæдыл – 59, æмæ административон уагæй та – 148 гоймаг ахст æрцыд.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.