Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цхинвалы уырыссаг инвестортæм æнхъæлмæ кæсынц
2016 азы апрелы Цхинвалы уырыссаг бизнесменты къордмæ æнхъæлмæ
кæсынц.
Ай фæдыл информаци информацион агентад «Эхо Кавказа» дэ-факто президенты Тыбылты Леониды курдиаты бындурыл парахат кæны.
Тибилов Мæскуыйы уыди, цыран официалон гоймæгтимæ фембæлди.
Хъуыддаджы адæмимæ фембæлды фæстæ, дэ-факто Хуссар Ирыстоны президент, инвесторты химæ æрхоныны тыххæй æрныхас кодта.
Тибилов а. х. Хуссар Ирыстонмæ хоны уыцы егъау уырыссаг компаниты, кæцытæн хъæууон хæдзарадон къабазы сæйраг бындурæвæрд ис. Уыдонæн хъæууон хæдзарады фадгуыты рæзынады нысанæн зæххытæ лæвæрд æрцæудзæни, кæцыйы рæзынадæн бынæттон чысыл фермертæн сæхи хъаруйæ сæ бон нæ цæуы.
Дэ-факто республикæйы ма ахæм æнтыстдзинадимæ гæнæн ис уырыссаг сæргай-базарадон хызы ахæм компанитæ фæзына, цахæм у «Магнат» æмæ «Пятерочка».
«Эхо Кавказа»-имæ ныхасгæнгæйæ ацы проектмæ цалдæр эксперты скептиконæй кæсы.
Уырыссаг экономист Каравев Александр нымайы, цæмæй инвесторты æрбацыд æнæмæнгдзинад кæй у, уымæн æмæ бынæттон æмвæзадыл ног технологиты сфидар кæнын æнæмæнгхъæугæ у.
Фæлæ, йæ ныхасмæ гæсгæйæ, егъау амалиуæгдартæ бынæттон чысыл амалиуæгдартæн тæссаг у.
Уырыссаг экономистæн хъыгаг у уыцы катастрофон уавæр, кæцы æппæт уæрæсейы аграрон къабазы уæвы. Ацы конкретон цауы, Хуссар Ирыстоны амалиуæгдартæ хъуамæ фæтых уой ахæм негативон реалондзинадыл, цахæм у стыр æхцайы фæрæзы райсын, монополизаци æмæ аграрон къабазæн ахастæвдисæг ресурсты хи бакæнын.
«Уый у уыцы æнæформалон практикæйы фæстиуæг, кæцы ис Уæрæсейы бынæттон хицауады æмæ фидæны амалиуæгдарты ‘хсæн. Уый у квази коррупцион бадзырдтæ, кæцыйы иу фарсæрдыгæй гæнæн ис æмæ уа регионалон экономикæйы рæзынад, фæлæ иннæ фарсæрдыгæй та – негативон æндæвдад бынæттон бизнесыл». - Зæгъы уырыссаг экономист.
Дэ-факто республикæйы арæх хъуысы уайдзæфтæ, ома дам хуымзæхх нæй, хъæумæ æрбаздæхын никæй уал фæнды æмæ дам алкæй дæр базар кæнын фæнды æмæ ацыран бæрæг æцæгдзинад ис – зæгъы цхинвайлаг Пæрæстаты Алан. Уый хъуыдымæ гæсгæ, раст у алкæцы фермер дæр зоны, куыд сплан кæна кондад сæрмагонд кæрты, фæлæ нæ зоны бизнесы сплан кæнын.
«Адæмы хъæуы стимул, цырындзинад, ахуырад æмæ зивæг ферох кæнын. Уый махæн нæ бон у æмæ йæ хъуамæ саразæм, фæлæ хъыгагæн, уый арæзт нæ цæуы», - зæгъы Пæрæстаты Алан.
Иу рæстæджы Пæрæстаты Алан Цæгат Ирыстоны бизнес-скъола байгом кодта, цыран амалиуæгады райдыды æмæ рæзынады хъæппæрисдзинад ахуыр цыд æнæаргъæй. Ацы фæлтæрддзинад гæнæн уыд æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны пайдагонд æрцыдаид, фæлæ, Пæрæстаты Алан куыд зæгъы, уымæ гæсгæ ма æндæр цæвиттонтæ дæр кæй ис.
«Ис нæ бæстæйы ахæм фермертæ, кæцытæн сæ бон у хъуыддаг райдайын æмæ йæ къахыл слæууын кæнын». – Зæгъы Пæрæстаты Алан.
Уый дæнцæгæн Знауыры районы уæвæг агрофирмæ хæссы, кæцы продукцийы уадзы æмæ йын магазин дæр ис. Уыдонæн сæ бон нæу Уæрæсемæ сæ продукцийы ахæссын, уымæн æмæ нæй хъæугæ документацийы кондад æмæ уый ифтонгадæн нæдæр никæцы структурæ ис.
Ацы барьермæ гæсгæйæ Пæрæстаты Аланы æрдхорд фермер йæ картоф Уæрæсемæ йæ бон нæу аласын.
«Ацы рæстæджы, милиардон инвестицйыл дзырд куы цæуы, фермерæн, документтæ нæй. Цымыдис кæнын, цы аразы нæ экономикæйы министрад?» - фæрсы Пæрæстаты Алан.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |