Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Гуры муниципалитеты хъæуты «фервæзын кæнæм сабиты проект» æххæст цæуы
Хурвалеты, Шавшвебы, Свенеты æмæ Скрайы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ муниципалитеты уагдоны гæсады гоймæгтимæ фембæлдысты.
Уый фæдыл информаци Шида Картлийы информацион центрæн уагдоны пресс-службæйæ фехъусын кодтой.
Пресс-службæйы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, ахуырдзаутæ, хицауады минæвæрттæн сæрмагонд темы æмæ скъолайы уыдоны ‘рдыгæй сплангонд проекттæ базонгæ кодтой æмæ сæ сæххæст кæнынæн æххуыс æрдомдтой.
Гуры муниципалитеты уагдоны гæсады фыццаг хæдивæг, Цъверава Георги, Гуры муниципалитеты административон уагдоны сæрдар, Тавзарашвили Константин æмæ бынæттон хицауады æндæр минæвæрттæ сабитæн æххуыс
баныфсæвæрдтой.
Банысангонд скъолаты ахуырдзаутæ æхсæнадæмон организаци «Фервæзын кæнæм сабиты» проекты «хæсты фæстиуæгæн зиан баййафæг темты сфидар кæнын Шида Картлийы» хайадисджытæ сты.
Фембæлды нысан уыд проблемæты æрбæстон кæныны процессы æвзонг фæсивæды бафтауын.
Æвзонг клубы уæнгты бафтауынæй æмæ организацийы финансон æххуысæй, ныртæккæ, 6 проекты арæзт цæуы.
Фембæлды хайадисджытæ баныхас кодтой, цæмæй проекттæ æххæст кæныны процессы бынæттон хæдхицауиуæгады æмбæлон куыстуæттæ дæр хайад райсой.
Фæссивæд спортивон инвентар райсдзысты. Уыимæ ма иумæ, хъæугæдзинады цауы, уагдоны гæсад цæттæ у хайад райса сыгъдæг кæныны æмæ бæлас саддзыны акцийы дæр.
Фембæлд æхсæнадæмон æнæхицауадон организацийы «фервæзын кæнæм сабиты» (Save the Children) инициативæйы проекты «хæсты фæстиуæгæн зиан баййафæг темты сфидар кæнын Шида Картлийы, фаза 3» фæлгæтты уагъд æрцыд.
Банысангонд проект BPRM-ы (цæрджыты, лигъдæтты æмæ миграцийы бюро/АИШ-ы паддзахадон департамент) финансон æххуысæй æххæстгонд цæуы.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |