Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Сакъоринтелаг зæронд лæгæн Ахалгоры районы схос кодтой
Къаспы муниципалитеты Сакъоринтелы хъæуæй иу къуырийы размæ 88 аздзыд зæронд лæг æрбатары ис.
Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй зæронд Ахалгоры рынчындоны бынæттон дохтырты хъусдариуæджы бын уæвыд.
Зæронды бынаты уæвынад, хæстæджыты æххуысæй, Сакъоринтелы цæрæг Саламашвили Циала базыдта.
Ахалгоры рынчындоны йын схос кæныны фæстæ зæронды хъæумæ йæ хъæбултæм æмæ хъæбулы хъæбултæм фæстæмæ æрбакодтой.
«Ныртæккæ, йæхи хорз хаты. Фистæгæй йæ фæндыд йæхи хъæумæ ссæуын, фæндагыл æй къæвда æрæййæфта, ныххуылыдз æмæ фæрынчын ис. Ахалгоры районы территорийыл æй милицийы кусджытæ федтой æмæ йæ рынчындонмæ бакодтой. Йæ бинонты уæнгты ныртæккæ нæ фæнды зæгъын зæронды чи фервæзын кодта уыдоны нæмттæ, фæлæ уын æй æз радзурдзынæн», - зæгъы Саламашвили Циала Шида Картлийы информацион центры журналисттимæ ныхасгæнгæйæ.
Цалынмæ бинонтæ æмæ хъæу зæронды бынатыуæвынад базыдтой, уæдмæ уал гуырдзиаг полицæйæн фехъусын кодтой.
Æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ, сæфт адæймаджы агурын йæ фесæфтæй æртæбоны фæстæ расидынц.
Саламашвили Циала зæгъы, цæмæй гæнæн ис æмæ Ахалгоры зæрондæн йæ бон нæ баци уый бамбарын кæнын, æмæ кæцон уыд æмæ кæдæм цыдис.
«Бузныг Хуыцауæн, æмæ йыл фæндагæл кæй ницы ‘рцыд æмæ фервæзт. Ацы лæг Карчахы хъæуы райгуырдис, йæ хъæуы æрымысыд æмæ уырдæм фæцæйцыд», - загъта Саламашвили Циала.
Ахалгоры район Цхинвалы дэ-факто хицауады контролгонд территори у. Ирон милици зæронд лæджы афтæ æрбакодта Сакъоринтелмæ, æмæ а. х. арæнæй ахызты аххосагæй йыл не стæрхон кодтой.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |