Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Гуырдзиаг æмæ ирон фæрстæ донхорыг системæйы иумæйаг тыхтæй æрбæстон кæндзысты – Эргнеты 65-æм фембæлд
20-æм апрелы инцидентты превенцийы форматы Эргнеты фондзсахатон
бадзырдтæ фесты, фæлæ гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй æрæвæрд сæйраг
домынæдтæ æххæст не ‘рцыдысты.
Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты информацион аналитикон департаменты къухдариуæгад Берия Иракли оккупацион хаххы цур æрцахсгæ гоймæгты ссæрибар кæныны паралеллонæй, Ахалгоры районы дыууæ азы размæ гуырысхойаг уавæрты фæмардуæвæг Башарули Давиты фарстмæ дæр æркастысты.
Афтæ ма, гуырдзиаг фарс бадзырдыл иу сæйраг фарст æрæвæрдта Куадзæны бонты уæлмæрдмæ ацæуыны бар раттыны Гуырдзыстоны централон хицауады ‘рдыгæй контролгонд территорийыл цæрæг уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæн сæ хæстæджыты уæлмæрдтæ оккупацигонд территорийыл сты.
Фæлæ, Цхинвалы къорды разамонæг, Санахъоты Давиты курдиатмæ гæсгæ, уый тыххæй Цхинвал ницыхуызон ивддзинæдтæ нæ план кæны æмæ уымæ гæсгæ, æрмæст абоны онг архайгæ регуляци уыдзæн йæ тыхы, кæнæ та оккупацигонд территорийыл Куадзæны бæрæгбоныл Ахалгоры æмæ Карзманы посттыл ахизын йæ бон уыдзæн æрмæст уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ абоны онг пайда кодтой а. х. уадзæн гæххæттæй банысангонд районтæм.
А. х. арæныл æнæзакъонон ахызты аххоссагæй æрцахсгæ дыууæ гоймагмæ та цы хауы уый, Санакъоевы ныхасмæ гæсгæ, се ссæрибар кæныны фарст æмбæлон процедурæты бындурыл тæрхондоны фæуды фæстæ сбæрæг уыдзæн.
Иунæг фарст, кæцыйыл инцидентты превенцийы форматы фæрстæ æмкуыст кæнынц, у иригацион системæты скусын кæнын. Донхорыг системæтæй, куыд гуырдзиаг, афтæ ирон хъæуты цæрджытæ пайда кæнынц. Донхорыг системæты инфраструктурæйы иумæйагæй æрбæстон кæныныл Эргнеты фембæлдыл дыууæ мæйы размæ баныхас кодтой.
Инцидентты превенцийы форматы Эргнеты радон 66-æм фембæлд 16-æм майы уагъд æрцæудзæни.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |