Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Фæфылдæргонд тагъдадæй змæлды тыххæй, Вашлиджвары цæрæг Умекашвили Валерийы патрулы кусæг знон 55-хатт æрурæдта.
25-æм апрелы Шида Картлийы патрулон полицæйы экипаж уый автобаныл, Карелæй Гуры тъунелы онг, æнæхъуаджы сырдта.
Машинæйы æруромынæн бахъуыд уæлæмхас экипажæн фехъусын кæнын Гуры горæты полицæйæ.
200 км/сах. тагъдадмæ æввахс змæлгæ автомашинæйы скъæрæгы Гуры цур патрул-инспектор Мамедов Физил æрурæдта.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн уæд сси зындгонд, патрул-инспектор, Гуры районон тæрхондомæ, административон фæткæй ахст Умекашвили Валерийы куы бавдыста.
«Изæры, 6 сахатмæ ввахс, автомагистралыл, Ныгуылæнæй Тбилисырдæм змæлыд (цыд) BMW- йы маркæйы автомашинæ, скъæрæг фæндæгты змæлды уагæвæрдтæ куы фехæлдта, уæд уый змæлыд 200 км/сах. тагъдадæй. Патрулы машинæ йæ фæстæ дзæвгар фæцыд, фæлæ скъæрæг йæхи афтæ вдыста, цыма йæ хатгæ дæр нæ кæны æмæ дарддæр кода йæ цыд бæрзонд тагъдадæй. Радгæс экипаж йæ фæстæ фæцыд Карелæй тъунелы онг, стæй махмæ алæвæрдта информаци æмæ йæ Гуры фездæхæны æрурæдтам.» - Загъта Мамедов тæрхондоны процессыл.
Рауад афтæ, æмæ патрулы машинæтæн фæфылдæргонд тагъдадæй змæлды фиксиргæнæн радартæ нæй. Гуры экипаж скъæрæгæн æрмæстдæр 50 ларийы ивар рафыста, ома, фæразæй кæныны æвдисæгæй не спайда кæныны тыххæй.
«Нæ машинæтæн радартæ нæй, цæмæй тагъдад фиксир кæна, æмæ уый тыххæй Умекашвили Валерийы æрурæды фæстæ, фæндæгты змæлды уагæвæрдты фехалыны тыххæй, уымæн 50 ларион ивар ныффыстам, цæуыл Умекашвили тынг смæсты æмæ мын ме ‘мкусæджы æлгъыста, ай фæстæ уый æрцыд ахст административон фæткæй, цæй тыххæй дæр бахъуыд цалдæр минуты йе рцахсынæн, уымæн æмæ ныхмæ лæууыд патрулмæ», - зæгъы патрулы æмкусæг Мамедов.
Умекашвили загъта, цæмæй уый тагъд кодта Тбилисмæ, уый тыххæй æмæ йын сыввæлон уыд рынчын.
«Ныр ма уал уый, æмæ 200 км/сах. тагъдадæй нæ цыдтæн, 160 уыдаид мæ машинæйы тагъдад, æрурæдтой æмæ мын дзурынц уагæвæрдты фехалыны тыххæй дам дæ ивар кæнæм, мигалкæ дам не сиу кодтай, фæлæ уый раст нæу, иу мын уыд мигалкæ, 50 ларийы ивар мын ныффыста æмæ, куы бафарстон, цæй тыххæй мын фыссут, куы ницы фæтк фехæлдтон зæгъын, патрулы æмкусæг мын ахæм дзуапп ратта: «нæ мæ интерес кæны, æз куыд загътон, афтæ у», лæгъстæ сын кодтон, цæмæй мæ тагъд рауагътаиккой, сывæллон мын рынчын у æмæ тагъд кæнын хæдзармæ, зæгъгæ, фæлæ мæм хъусгæ дæр нæ бакодтой, ауыл тынг смæсты дæн æмæ сæм ныхмæдзинад равдыстон». – Загъта Умекашвили Валери.
«Валери, зонут æй, æмæ цалдæр хатты кæй стут аналогион аххосагæй закъонхалæгæй зындгонд? 54 – хатты... Зноны цау 55-æм у», - загъта йын тæрхонгæнæг.
Тæрхонгæнæг Папуашвили Давит 36 аздзыд æмбæстаг закъонхалæгыл банымадта æмæ йын 400 ларийы бафидын кодта.
Патрулы сурын Карелæй Гуры онг

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |