Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Тамарашены цур фæмардуæвæг фыццаг амæттаджы ныййарджытæ премьермæ хъаст кæнынц
Гурмæ ‘ввахс, Цъминдацъхъалийы котеджты цæры Тутарашвили Вахтанг,
кæцыйæн йæ хъæбул, 1989 азы, Тамарашены хъæуы цур фыццаг хъаугъайы
рæстæджы, 17 аздзыдæй фæмард.
Ныртæккæ, бинонты уæнгтæ премьер-министры æмæ президенты номыл курдиат æрвитынц. Уыдон уыцы æххуысы курынц, кæцыйы хæсты фæмард¬уæ¬вæг бинонтæ æр-выл мæй исынц.
Тутарашвили Вахтангæн зæгъынц, цæмæй йæ фырт Вепхиа тохы рæстæджы, нæ фæмард.
17 аздзыд Тутарашвили Вепхиа 1989 азы 26-æм декабры Тамарашены бахизæны цур ирон криминалон къорды уæнгтимæ фæбыцæуы рæстæджы, фæмард.
Ирон фарс, Цхинвалы уæды прокуратурæ лæгмарды фæдыл гуырысхойаг алкæцы гойма-джы дæр æрцахста. Тамарашены хъæумæ зианы ныгæды бонмæ Гуырдзыстоны уæды рæстæджы компартийы нымæрдар Гумбаридзе Гиви дæр æрцыдис.
Тутарашвили Вахтанг: «Мæ хъæбул 90-æм азты фæмард, 26-æм декабры. Фыццаг амæттаг уыд Тамарашены хъæуы. Уым ис йæ уæлмæрд. Августы хæсты рæстæджы алцыппæтдæр ныууагътам æмæ рацы¬дыстæм уырдыгæй. Ацы сывæллоны мæлæт махæн тынг уæззау маст уыд, фæлæ ныртæк¬кæ цы æххуыс дæттынц, 1000 ларийы уый махæн нæ дæттынц. Цæмæннæ нын дæт¬тынц ацы æххуысы, нæ зонын. Афтæ нын загътой, формæ №501 дам уын нæй. Уыцы рæстæджы ацы фæрмæ №501 уæй кодтой. Уым чи доны фæхуыдуг, чи йæхи йæхæдæг амардта, ныр уыдоны бинонтæ æххуыс исынц хицауадæй. Уæд сæрмагондæй лæг æрвыст уыд, кæцы лæвæрдта ацы фæрмæйы, фæлæ уый та æхца аразынмæ фæци. Уыцы рæстæджы мæнмæ æхцайы фæрæз нæ уыдис æмæ нæ райстон ацы формæ, ныр цы бакæнон? Мæ хъæбулы зианмæ æнæхъæн Гуырдзыстон æрцыд Тамарашенмæ. Йæхæдæг Гумбаридзе (компартийы нымæрдар) уыд хисты боны.
Райсом куадзæны бон у æмæ уæлмæрдмæ нæ ацæудзыстæм. Йæ номыл мын фыс æлхæд ис, ам æй хъуамæ аргæвдон. Æртæ хъæбулы мын уыди. Лæппу æмæ ма мын чызг баззад. 17 аздзыд уыдис Вепхиа, куы мын æй амардтой уæд. Фыццаг ацы хабар уыд, æмæ йæ мæлæты фæстæ фæндæгтæ сæхгæдтой, Цхинвалмæ нæ нал уагътой æмæ иу рахызтыстæм хæхтыл сусæгæй æмæ иу афтæ Гурмæ æрцыдыстæм.
Уым нын иу ирон хæстæг ис. Уæлмæрды ныв дæр систа æмæ йæ рарвыста, Æнæвнæлд у. Сыгъдæг æй кæны, йæ хъус æм дары, арæх нæм дзуры тилифонæй, уæ зæрдæ дам ма хсайæд, алцы дæр дам йæ нывыл у.
Хорз æмахастытæ нын уыдис, хæларæй цардыстæм. Иу рæстæджы автобусыл куыстон, ирæтты кодтон Лиломæ, бабазар иу кодтой, стæй иу сæ фæстæмæ ныккодтон, хæрзæввахс уыдтæн ирæттимæ. Куы йæ зыдтаиккой уыдон, æмæ мæ хъæбул уыди, бæлвырд æй нæ амардтаиккой.
Уавæр куы схæццæ ис, цыдысты хъæумæ æмæ иу адæмы хъыг дардтой, истой сын сæ фæллой, надтой сæ æмæ сæм марынæй æртхъирæнтæ кодтой. Уый фæстæ мын мæ фырты амардтой. Цыппарæй уыдысты, ирæттæ сæ сæхæдæг æрцахстой марджыты. Уый фæстæ фæндæгтæ нал уыд æмæ нæ ирæттæ нал уагътой».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |