Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Чочишвили Шотайы рацарæзтгонд аргъуаны цур арæзт цæуы сылгоймæгты моладзандон комплекс (VIDEO)
Карелы муниципалитеты Гъвлевы хъæуы сылгоймæгты моладзандон
комплексы бындур калд æрцыд.
Гуырдзыстоны фыццаг олимпиаг чемпионы Чочишвили Шотайы арæзт аргъуаны цур дунейы мидæг дыккаг, Мады Майрæмы Стыр Мады (нанайы) номыл аргъуан арæзт æрцæудзæни.
Мад Кетеван у Гъвлевы хъæуы аргъуаны моладзан.
Ацы аргъуан олимпиаг чемпион Чочишвили Шота йе ‘мхъæуккæгты æххуысæй сарæзта. Ногарæзт аргъуаны 1999 азы Гуырдзыстоны патриарх Илья II раарфæ кодта æмæ Руис-Урбнисы Эпархимæ хауы. Архиэпископ Иовы раарфæ кæнынæй 5 азы дæргъы сылгоймæгты моладзандон архайгæ у.
«1999 азæй аргъуан ногæй арæзт æрцыд. Раст зæгъгæйæ, аргъуаны аргъуыд цыдис, фæлæ моладзандонон цард фондз азмæ ‘ввахс уыдзæни» - зæгъы мад Кетеван.
Мады-Майрæмы номыл аргъуаны кæрты ныгæд ис Чочишвили Шота. Дзюдойы легенда æнæхосгæнгæ низæй 2009 азы йæ цардæй ахицæн. Йæ ныгæнæн боны йæ олимпиаг ныхмæлæууæг япойнаг дзюдоист Инокийы æрвыст мæсæллæйы телеграммæйы дæр бакастысты. Мардæвæрæн бон дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй фæистой бирæ тæфæрфæсы фыстæджытæ.
Чочишвили Шотайы æмкъласон Кокошвили Отар скъолайы периоды кой кæны. Уый æмæ фидæны олимпиаг чемпион æнæххæст астæуккаг скъолæйы иумæ ахуыр кодтой.
1964 азы астæуккаг ахуырад Боржомы хъæдæрмæгон ахуыргæнæндоны иумæ каст фесты. Дыууæ дæр хъæбысæй хæцыдысты, сæйрагæйдæр, хырхæй фадæнтыл.
«Боржомы ахуыргæнæндонæй æз æфсадмæ ацыдтæн, Шота та, Гуры уæлдæр ахуыргæнæндонмæ фæлварæнтæ ратта. Уыцы рæстæджы Советон Цæдисы масштабæй университетон ерыстæ уагъд цыдис æмæ студентты ‘хсæн Советон Цæдисы чемпион сси Шота, уый фæстæ йæ Советон Цæдисы æмбырдгонды тренер Андреев йæхимæ акодта» - мысы Кокошвили Отар.
1972 азы олипиаг хъæзтытыл Чочишвили Шотайы æртыккаг номыры бæсты сæвæрдтой. уый тыххæй, æмæ хъæбысхæцджытæй сæ иуæн æнæнидзинады проблемæ фæзынд. Уыцы азы Чочишвили Шота Советон Цæдисы фыццаг олимпиаг чемпион сси.
«Мæскуыйы поезд Гуры æфсæнвæндагон вагзалы æнæхъæн сахат уыдис урæд. Шотайыл тынг бирæ адæм сæмбæлдис вагзалы, уыдис стыр циндзинад æмæ бæрæгбон Гуырдзыстоны» - зæгъы Чочишвили Шотайы æмкъласон.
Дыккаг олимпиаг фембæлдыл Чочишвили Шота бронзæйы призер сси.
«Фактивонæй, дыккаг олимпиаг медалы иста. Йæ ныхмæлæууæг хъæбысхæсты рæстæджы цыдæргъызон йæ къухыл хæрдмæ схæцыдис æмæ Шота афтæ фенхъæлдта, йæ ныхмæлæууæг басастис æмæ фескъуыдта йæ хъæбысхæст. Æцæгæй та афтæ нæ хъуыдис, уый хъуамæ адарддæр кодтаид йæ тох æмæ йæ уый тыххæй уæлахиздзауыл нæ банымадтой» - загъта æнкъардæй Кокошвили Отар.
Йе мхъæуккаг Чочишвили Важа хорз хъуыды кæны уыцы боны, Чочишвили Шота япойнæгты лæвар машинæйыл хъæумæ куы æрцыдис.
«Ам уæд рахиз здахæнимæ машинæ фыццаг хатт федам. Скърайы хъæуырдыгæй æрбацыдис машинæйыл. Быдыры йыл махæрдыгон фыййау сæмбæлдис. Куы йæ федта æмæ Шота машинæйы рахизфарсæрдыгæй бадтис, фырдисæй йæ цæстытæ ныдымстысты» - мысы Чочишвили Важа.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |