Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цхинвалы «Лиахви» 10 000 ларийæ иваргонд æрцыд
Футболон клуб Цхинвалы «Лиахви» дзуапп дæтты Гуырдзыстоны футболы
федерацийы дисциплинон æмæ хъæстыты æвзарæг къамитеты скъуыддзагæн,
кæцымæ гæсгæйæ Цхинвалы «Лиахви» иваргонд æрцыд 10 000 ларийæ æмæ
йын фæцух кодтой 6 кула.
Дисциплинон æмæ хъæстыты æвзарæг къамитет УЕФА-йы фæлитой ставкæты базынды системæйы хыгъдæй разамынд кодта.
8-æм ноябры, фыццаг лигæйы хъазтыл Хоны «Имереты» æмæ Цхинвалы «Лиахвийы» матчы фæстиуæгыл (5:1) æрцыд гуырысхойаг манипулир кæнынад, кæцы бæлвырдгонд цæуы. Дисциплинарон къамитет уæлæмхасæй базонгæ хъуыддагимæ, байхъуыста фæрстæм æмæ рахаста ахæм скъуыддзаг:
Матчы фæстиуæг нæ банымадтой. Хоны «Имерет» рапорты фæд-фæдыл дыккаг хатт бахауды фæстæ æмæ æндæр уавæртæм гæсгæ ист у хъазтæй, банымадтой ын нырмæ цы кулæтæ æрæмбырд кодта уыдон æмæ йын дарддæры матчты нымад æрцæудзæнис 0:3 фембылд. Командæйы менеджер Чакъветадзе Сосойæн бар нал радтой, цæмæй ма хайад райса футболимæ бастгонд хъуыддаджы.
Футболы клуб Цхинвалы «Лиахви» банысангонд факты фæдыл йæ тыхстдзинад равдыста æмæ зæгъы алы бадзырдыл æмæ фæстиуæгыл кæй ис манипулир кæнын. Гуырдзыстоны футболы федерацимæ æмæ æмбæлон органтæм курдиат бадæтта, сбæрæг кæной банысангонд матчы æмæ аккаг тæрхоны мадзæлттæ ауадзой.
Цхинвалы «Лиахви» æмкуыст кæны футболы федерациимæ æмæ алы хатт дæр цæттæ у бах-хуыс кæна фæдагуырдæн, цæмæй куынæггонд æрцæуа алыхуыз фидыдтытæ гуырдзиаг футболы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фыццаг лигæйы ивгъуыд сезоны, 2015 азы 29-æм ноябры ауадзинаг матчы Хобы «Къолхет» æмæ Цхинвалы «Лиахви»-йы хсæн гæнæнуæвæг фидыдмæ гæсгæ уагъд нал æрцыд.
Футболы федерацийæн информаци «Лиахвийы» минæвæрттæ бадæттой, цæй фæстиуæгæн дæр Гуырдзыстоны футболы федерацийы президент Къобиашвили Леуан йæхæдæг ныццы-дис Хобмæ ситуацийы базоныны фæдыл.
Ацы рæстæгмæ нырма æнæзонгæ у чи архайдта фæлитой бадзырд саразыныл. Футболон клуб Цхинвалы «Лиахви» курдиат бадæтта Гуырдзыстоны футболы федерацимæ уæлдæр фæны¬сан¬гонд цаутимæ иумæ, цæмæй ма ноджы иу хатт æркæсой æмæ сбæрæг кæной матчы, кæцы гæнæнуæвæг фидыдмæ гæсгæ уагъд не рцыдис.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |