Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Владикавказæй æрцæуæг хъæбулы иу хатт йæ мад нал базыдта
Твауриты хъæуы Валишвилиты Сурæт æмæ Барис иунæгæй цæрынц.
Сæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ сæм æрмæст уынынмæ ‘рцæуынц. Уыдонæн уæлдай цины бон вæййы уыцы бон, сæ фырт сæм Владикавказæй уазæгуаты куы фæзыны.
«Иу хатт Азербайджыныл цы фæндаг ис, ууылты æрбацыдис, рынчын уыдтæн уыцы рæстæджы. Æрцыдис мæ уынынмæ æмæ сыхаджы фæрсын, чи у, зæгъын, ацы лæппу», - зæгъы Ванишвили Сурæт.
Хъæбулы хъæбултæ нæ гæнæн ис афæдзы мидæг иу хатт бабæрæг кæной. Ванишвилиты Сурæт æмæ Барис сæ хъæбулы хъæбулты тыххæй афтæ зæгъынц, сæхи сферæйы дам сын æнтыстытæ дæр ис.
«Æртæ хъæбулы мын ис. Дыууæ чызг æмæ иу лæппу. Иу чызг мын ам æввахс Фæзуаты хъæуы ис моймæдзыд, иннæ чызг – Рустауы цæры. Лæппу та, змæстыты рæстæджы Владикавказмæ ацыдис цæрынмæ æмæ ныр цалдæр азы уым цæры. Йе рцыд мын тынг æхсызгон вæййы, фæлæ стæй фæстæмæ куы аздæхы, уæд мын тынг зын вæййы», - дзуры Ванишвили Сурæт.
Уый Твауриты хъæумæ Мухраны хъæуæй радтой моймæ. Йæ зæрдыл хорз лæууы, æмæ йын чындзæхсæв ирон æгъдæуттæм гæсгæ скодтой. Зæронд къамтæ бирæ фæцагуырдта альбомы, фæлæ стæй зæгъы, зæгъгæ дам æвæццæгæн кæцыдæр хъæбулы хæдзарон албомы уыдзысты.
Владикавказы цæрæг хъæбул йæ ныййарджытæн рагæй дзырдта, цæмæй Цæгат Ирыстонмæ рацыдаиккой цæрынмæ, фæлæ йæм нæ байхъуыстой.
«Ацы хæдзар зоныс цы у?» - зæгъы Ванишвили Барис – «Мæ хæдзарæй дарддæр мæ бон никуы у баззайын».
«Иуыл афтæ у», - ныхас райдыдта йæ бинойнаг дæр – «искуыдæм иу куы ацыдыстæм уазæгуаты, уæд иу æхсæв никуы æрлæууыдис. Тбилисы дæр иу куы уыдыстæм хæстæджытæм, нæ иу баззадис никæмæ. Мæн дам мæхи хæдзармæ фæнды», - дзуры Ванишвили Сурæт. Стæй май æ ныхасмæ афтыдта: «уынут, æз амæн лæггад кæнын, ай та æрмæст йæ хæдзарыл мæт кæны».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |