Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
15 декабрæй 9 январмæ гоймагон æвдисæндар æнæаргъæй лæвæрд цæудзæн
15 декабрæй 9 январмæ гоймагон æвдисæндартæ æнæаргъæй лæвæрд
цæудзысты, Гуыр-дзыстоны æмбæстаджы паспорт та 100 ларийы бæсты 50
ларийы аргъ уыдзæнис.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн юстицийы министрады пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.
Ног гоймагон æвдисæндары æнæаргъæй райсын сæ бон уыдзæн 18 азы карæй æмæ ма 2017 азы 2-æм ноябрмæ 18 азы кæуыл сæххæст уыдзæн уыдонæн дæр.
Акци хауы биометрион паспортмæ дæр æмæ йæ раивын кæнæ фыццаг хатт райсын 50%-ы къаддæр аргъæй гæнæн уыдзæн йæ райсын.
2014 азæй Гуырдзыстоны нывджын æвзарæн номхыгъд уыдзæн æмæ уый биометрион документтæн бындуриуæг кæны. Уымæ гæсгæйæ, биометрион документы уæвын сифтонг кæндзæн принципæн – «иу æвзарæг – иу хъæлæс» - æмæ нал уыдзæн æвзæрстыты боны æвзарæн сыхыл а.х. карусель.
Юстицийы министрад фæстаг 4 азы дæргъы 23 акци расидти. Фæстиуæгæн, 1 155 245-æй фылдæр æмбæстаг гоймагон æвдисæндар æнæаргъæй кæнæ къаддæр аргъæй райста. 2016 азы парламентон æвзарæнтæм Гуырдзыстоны хæдбардзинады фæстæ иууыл растдæр æвзарæнты номхыгъд уыд.
Акцийæ спайда кæныны тыххæй æмбæстæгтæ хъуамæ курдиат бадæттой юстицийы хæдзармæ, паддзахадон сервисты рæзынады агентады территорион кустуæттæм кæнæ æхсæнадон центыртæм.
Акцийы фæлгæтты, документы адæтгæйæ æмбæстæгтæ сæрибаргонд цæуынц къамы аргъ фидынæй.
Абоны уавæрмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны 2 368 346-йæ фылдæр æмбæстагæн ис электронон гоймагон æвдисæндар, фæлæ уæлæмхасæй 341 373 æмбæстаг та Гуырдзыстоны æмбæс¬таджы биометрион паспорты, кæцы æмбæстагон реестры базæйы 2,7 милуанæй фылдæр дырыс æмæ æнæсайгæ бæрæггæнæнты уæвынад нысан кæны.
«Уымæ гæсгæ æмæ Гуырдзыстон ныридæгæн кæй æнхъæлмæ кæсы Евроцæдисæй æнæвизæйæ цæугæйы фæстаг скъуыддзаджы райстмæ, æнæмæнхъæугæ у, Гуырдзыстоны алы æмбæстаг дæр ноджы иу хатт развæлгъау æркæса ацы скъуыддзаджы нысаниуæгмæ æмæ Евроцæдисимæ æнæвизæйæ режим, туризм æмæ рæзынады нысæнтты йеддæмæ, йæхи сæры æмæ бæстæйы аккагæй равдисынæн спайда кæна. Легалон ацыд Евроцæдисы бæстæтæм æмæ банысангонд рæстæджы фæстæмæ раздæхын хъуамæ суа фæтк, цæйтыхæй дæр биометрион паспорт æнæмæнгхъæугæ у», - загъта юстицийы министр.
4 азы дæргъы паспорты уæлбарон уавæртæй раттыны нысанæй акци ныр дыккаг хатт расидтысты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |