Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Барбаробæйы ритуалтæ Шида Картлийы
Шида Картлийы дæр афтæ, куыд Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр къуымты,
Барбароба фыццаг мекъвлеоба у.
Ай фæдыл Гуры этнографион музейы зонадон-кусæг Къошоридзе Тамила специалон куыст ныффыста.
Иууыл æввахсдæр заманты Тамилæйы иртасæн куыст «Гуырдзиаг адæмон бæрæгбæтты къæлиндар Шида Картлийы» уагъд æрцæудзæнис, Барбаробайы тыххæй ритуалтæ та, ацы куысты дæргъвæтин бынат ахсынц. Æвдыст цæуынц куыд сæрмагонд равзæрæнтæ, афтæ, æндæр æмæ æндæр рæстæджы, зонадон кусджыты рдыгæй æрæмбырдгонд фыстытæ.
Цыбыр историтæ æмæ фыстытæ
«Сæйраг мекъвлеоба Барбароба уыд. Фыццаг иу хæдзармæ чи æрбахызтис, уый нымад цыд мекъвлейыл».
«Барбароба райсомы картлийæгтæ тæрхæгыл хъæбæрхоры, мæнæуы æмæ нартхоры нæмгуытæ апырх кæнынц бирæ æмæ хæдзармæ æрбацæуæг мекъвлейы сæ уæлæ æрбадын кæнынц æмæ йын афтæ дзурынц: - нæ мекъвле, дæ уæрджытæ дзæбæх æрбакъæдз кæн æмæ афтæмæй æрбад, цæмæй ацы азы къуырттон карк хорз къуыртт рауадза æмæ нын цъиутæ бирæ ратта.
Ацы боны нымæтыконд нæлгоймаджы хæдзармæ нæ уагътой - Барбаробайы боны дам нымæтыконд лæджы æрбацыд хæдзармæ «хъуынтыз» цъиутæ зоны».
Къошоридзе Тамилайы рдыгæй ссаргæ æрмæгмæ гæсгæйæ, мекъвле бирæ рæстæг æмæ сабырæй хъуамæ бадтаит тæрхæгыл. Кæд æмæ уый раджы сыстадаит йæ бынатæй, уæд дам уыцы азы хæдзары фсинæн йæ карк къуыртты не рбадтаид кæронмæ.
Ацы боны ног сиахс æнæмæнгæй хъуамæ æрбацыдаид йæ каистæм æмæ хъуамæ исты лæвар бахастаид усы мадæн.
Алийы Проны комы – «Барбаробайы боны фыхтой хъæдурæй конд дзултæ æмæ зетийы фых када. Æрæвæрдтой иу сæ тæбæгъыл, æрбахуыдтой иу мекъвлейы, кæцы иу систа йæ къухмæ адджын гуыл æмæ иу ракуывта хорз тыллæджы тыххæй. Мекъвлейы къæты бынмæ иу æркалдтой нартхоры нæмгуытæ кæнæ хоры, цыма иу таугæ кодтой афтæ, æмæ иу Барбалейæ куырдтой хорз тыллæджы æрзад. Уый фæстæ иу адджын гуылты бахордтой».
Ацы боны ма фыхтой æнгузджын кадæтæ, кæцытæ иу алвæндагмæ ахастой, æмæ сæ уым дыууæрдæм цæуджытæн уæрстой, цæмæй сывæллæтæ инфекцион низты сабырæй арвыстаиккой. Алы хæдзары бинонтæ дæр иу фынг сæвæрдтой, ссыгътой иу цырæгътæ, чи иу 7 авд зæды номыл 7 æнгузы ныппæрстаид судзæ арты, чи та иу стыр када – фарастцъаримæ сфыхта.
Нысаниуæгджын у уыцы лæвар дæр, кæцыйы мекъвле æрбахæсдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хъуамæ уыдаид адджынгуыл. Уыдис иу ахæм цау дæр, æмæ иу Барбаробайы бинонтæм æнæнхъæлæджы æрбацæуæг уазæгæн йæ хызыны уыд нуры æмæ иу уыцы азы уыцы хæдзары бирæ æнамонддзинæдтæ æрцыд.
Амæй фæстæмæ хæдзары хицау афтæ фæтарстис, æмæ Барбаробайы боны уазæджы æрбацыдыл нал цин кодта.
Абоны бонæн Гуырдзыстоны алы къуымы дæр Барбаробайы боны фыцынц мархон хъæдурджынтæ. Фæлæ Шида Картлийы зæронд традицион хæдзары фсин фыцы æнгузджын када дæр.
Корды хъæуы Барбарæ
Корды Барбарæ æппæт Картлийы зындгонд у куыд «Хæцгæ низты» кæнæ дидинæджы фыды хо æмæ «дидинæгæй хъахъхъæнæг зæд». Йæ аргъуан къаннæг у, базиликаг дойнаг дурæй амад. С. Макъалатийы экспедицийы рæстæджы аргъуан бынтон афтид æмæ хæлæттаг уыд. Зонадон кусæг ацыран, мидæмæ бахизæн дуары галиу фарс федта дур мхедрион фыстимæ. Уымæ æнæкæсгæйæ, æмæ фыст фæлурс уыд, æмæ йæ бакæсын зынæй гæнæн уыд, палеографион нысæнттæй С. Макъалти фыссы XVI-XVII æнустæм кæй хауы.
Барбарæ ис а.х. Хачиурты зæххыл æмæ йæм йæ хъус дары ацы мыггаг. Хачиуртæ Корды хъæуы абон дæр цæрынц. Ам ма хъуамæ фæнысан кæнæм, цæмæй цалдæр азы размæ, Хачиуриты инициативæмæ гæсгæ, Корды цæрджытæ сног кодтой Барбарæйы аргъуаны, фæлæ ай специалистты æххуысæй не рцыд арæзт æмæ йын йæ фыццагон хуыз фæивта.
Уымæ æнæкæсгæйæ, æмæ Корды Барбарæйы бæрæгбон къæлиндарон нæу, бахъуыджы цауы кæцыфæнды къуырисæр боны гæнæн уыдис ацæуын.
Макъалтийы фыстытæм гæсгæ Барбарæйы кувæг къуырисæр бонты фæцæуы. Ам ахуыргонд нæ конкретонæй нæ фыссы кæцы къуырисæр бон. Куыд зыны афтæмæй, уый гæнæн уыдис æнæхъæн афæдзы дæргъы – алы къуырисæры, умæй хицæнгонд иумæйаг чырыстон Барбаробæ æмæ Атъены Барбаробайæ. Иутæ ацы боны нæкусгæ боныд дæр нымадта.
Барбарæйы ис иу стыр, егъаукъуырфгонд къахт дур, цыран конд ис дон. Цæстырухсæй цух чи уыд, уый иу йæ цæстытыл асæрфта ацы дон. Кувæджы хъуыдымæ гæсгæ, цæсты рыстытæн, хæцгæ низты фæстæ иу куы баззад, уымæн хорз уыд ацы дон.
«Хæцгæ низты» тыххæй цымыдисон ритуал бæлвырд кæны М. Хуцишвили Пронейы комæй:
«Сывæллон хæцгæ низтæй куы вæййы рынчын, йæ мад ын аразы «базма» æмæ йæ æрывæры уаты алы къуымы дæр. Иу дзы æрывæры уæхсчытыл судзгæйæ, æргуыбыр кæны афтæ, цæмæй йæ риуæй зæххмæ æххæсса æмæ хатыртæ ракура низты зæдæй. Кæд сывæллонæн йæ низ фæфыддæр уа æмæ уый йæ цæстытæ нал гом кæна, уæд ын балхæнынц урс сæгъ æмæ йын йæ сæр сырхæй сахурынц, йæ хъуырыл та йын сырх гæппæл бабæттынц æмæ йæ æрбакæнынц мидæмæ хæдзармæ æмæ сывæллоны бафæрсынц, зæгъма дам æй, кæй дам дын æрбакодтам. Уый фæстæ йæ æртæ хатты æрзилын кæнынц рынчыны алыварс. 6 къуырийы фæстæ йæ аргæвдынц æмæ йæ сывæллæттæн бахæрын кæнынц».
Рынчын дидинæгæй куы радзæбæх вæййы, æнгузыл «Хæцгæ низты дзуарæн» слыг кæнынц æмæ йын æй йæ хъуырыл бакæнынц.
«Ацы æнгузы бæлас дæр æмбæлы хæцгæ низтæм æмæ йæ куы æрцæгъдæм, уæд дзы кадатæ фыцынц æмæ сæ Барбарæмæ ахæссынц. Æппытæй та базмайы аразынц æмæ йæ калмасмæ хæссынц».
Хæцгæ низты арвитыны фæстæ бинонтæ цыдысты Корды Барбаремæ. Рынчынуæвæг æнæмæнгæй хъуамæ уыдаид урс дзамæтты кондæй, йæ риуыл хъуамæ ауыгъ уыдаид цæсты гагуытæ, кæнæ дзуар æмæ иу йæ уæрджытыл лæугæйæ хъуамæ æртæ хатты æрзылдаид Барбарæйы алыварс.
Серги Макъалти Барбарæйы кувджытæн сæ къам дæр систа, цыран сывæллæттæ (æвæццæгæн рынчынуæвæг, низы арвитджытæ) урс дзаумæтты мидæг сты. Нывондаг иу сын бафæдзæхстой кувджытæ, æмæ иу уый фæстæ Барбарæйы кæрты фынг æрæвæрдтоæ æмæ иу хæцгæ низты зæдæны гаджидау банызтой.
Проны комы бæлвырдгонд цæуы Барбарæйæн нывод уасæджы дзидзайæ хæрын нæ фæччыдис рынчынæн йæхицæн: «Хæцгæ низтæй иу куы фæрынсын сывæллон, низ иу куы фæфыддæр, æрцахстой иу уасæг æмæ иу æй сывæллоны сæрыл æртæ хатты æрзилын кодтой, Барбарæмæ дам ацæуæм, æрмæст дам ацы карчы фыдæй йæхæдæг рынчын ма фæхъæстæ уæд. Æцæгæйдæр, рынчынæн нæ хæрын кæнынц уыцы дзидзайæ».
Проны комы хъæуты хæцгæ низтæн нывонд æрхæссынæн фæзынди сæгъ.
«Сывæллонæн хæцгæ низты рæстæджы йæ цæстытæ цъынд куы сты æмæ сæ куы нæ уал гом кæны, балхæнынц ын урс сæгъ, йæ сæр ын сырхæй сахурынц йæ хъуырыл ын сырх хæцъил бабæттынц, æрбакæнынц æй хæдзармæ æмæ сывæллоны бафæрсынц, зæгъма цы дын æрбакодтам. Уый фæстæ йæ æртæ хатты æрзилын кæнынц рынчыны алыварс. 6 къуырийы фæстæ йæ аргæвдынц æмæ йæ сывæллоны æмбæлттæн бахæрын кæнынц. Сывæллон дæр, сæгъы куы æрбакæнынц, тыххæй цæстытæ байгом кæны».
Корды Барбарæйы къуырисæры Леуахигомы цæрджытæ дидинджыты къуырисæр дæр хуыдтой. Корды Барбарæйы фæдыл ныхасгæнгæйæ Серги Макъалти акцент аразы æрмæстдæр сывæллæтты инфекцион низтæй сдзæбæх кæныны функцийыл. Фæлæ махæрдыгæй Корды хъæуы сбæлвырдгонд Барбарæйы тыххæй æндæр аразгæ æгъдæуттæ дæр ис.
Сæрмагондæй, ногзад хъуджы æхсырæй спайда кæныны агъоммæ, цæттæ кодтой царвæй фых кадæтæ æмæ сæ иумæ хастой кувæндонмæ. Цæрджыты уырнынадмæ гæсгæйæ, уымæй фæстæмæ фос бирæ хсыр радтаид æмæ æхсыр дæр сойджын уыдаид.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ритуал къæлиндарон Барбароба не ххæст кодта, уый тыххæй æмæ уыцы бон мархо уыд æмæ уырнæг кувæг цæрæгойты сойæ фых кувæндонмæ нæ хаста.
Фæлæ, гæнæн ис æмæ уый дæр зæгъæм, цæмæй ам дæр раздæры чырыстон аграрон ахуыртимæ у хъуыддаг баст. Ам ма хъуамæ фæнысан кæнæм, цæмæй Корды Барбарæ æрмæст цалдæр хъæуы нæу, фæлæ у æнæхъæн стыр æмæ чысыл Леуахигомы хъæуты цæрджыты нысаниуæгджындæр кувæндæттæй сæ иуыл нымад цæуы.
Атъены Барбарæ
Уый, цæмæй Сыгъдæг Барбарæ инфекцион низтæй хъахъхъæнæг зæдыл нымад у Шида Картлийы, ирдæй зыны Атъены Барбарæйы, кæцы уыцы рæстæджы, ацы хъæуы бæрæгбон дæр у.
Кæд Корды Барбарæмæ кувæг цыдис æрвыл куадзæны фæстæ хуыцаубоны- къ-вирацховлобайы дыккаг бон æмæ стæй уый фæстæ æрвыл къуырисæры.
Атъены Барбарæйы кувæндон ис Гардатъены (хъæуы сыхтæ сæ иу) æмæ дзы ис чысыл аргъуан. Ацы боны ас бирæ кувæг æрбацæуы Гуры районæй æндæр æмæ æндæр хъæутæй, уæлдайдæр та уыдон, хæцгæ низтæн нывонд кæмæн ис.
Кувæг адæм Барбарæйы аргъуаны алыварс æртæ хатты æрзилынц сæ сæ нывондагимæ иумæ: иутæн сæ дæлармы вæййы уасæг æмæ йæ къухы та цырæгътыл хæцы, чи уæрыккимæ зилы, кæцыйæн йæ хъуырыл бас тис сырх хæцъил. Кæнынц сæ сæйрагдæр сывæллæттæ, кæцытæ рынчын уыдысты хæцгæ низтæй æмæ сæ афæндараст кодтой. Сывæллоны хъуырыл код ис арыд æнгузæй арæзт хъуырбæттæн, кæмæн йæ къухы ис æнгуз, афтæмæй æрзилдзæнис, уый фæстæ ацы æнгусы ацъæл кæндзæнис æмæ йæ судзгæ арты ныппардзæнис. Цырæгъты баныхасынц аргъуаны къултыл (æвæццæгæн уый тыххæй æмæ, цæмæй аргъуан ацы рæстæгмæ пырх уыд.)
Уасджытæ нывонд кæмæн сты уыдон сæ хæрдмæ сæппарынц æмæ чи фæцæрдæгдæр уа уый йæ æрцахсы. Кувæг бахизы пырх аргъуаны мидæмæ, ссудзы цырæгътæ, æрзоныгуыл гæнгæйæ скувы, ныууадзы дзы мысайнаг, сырх тырысатæ, æнгузæй конд дзыуæрттæ æмæ æндæртæ.
Ам цымыдисон у нывæн нывондаг хуыз. Корды Барбарæйы тырыса урс хуыз у.
Атъены Барбарæйы, та сырх у. Иумæйагæйдæр, гуырдзиаг этнографион æцæг¬дзинады, хæцгæ низтæн нывондаг доминир кæны растдæр сырх хуызмæ:
«Фадынæг куы вæййы, уæд та цымы аппытæ тæбæгъыл æрывæрын æмæ сыл арт скæнын, хорз у фадынæгæн. Куры сырхытæ цымы аппытæ. Уымæн сырх цæуы йæ зæрдæмæ. Сырх хъуамæ уыдаид карк Барбарæйы. Барбарæ сырх дидинæджы зæд у. Сырх бант ыл хъуамæ уыдаид, æмæ йæ афтæмæй акодтаид».
Раст у ам дзырд цæуы конкретонæй сырхыл, фæлæ æрмæг уынын кæны, цæмæй «хæцгæ низтæ» сырх хуыз уарзынц. Ам нæм зынын кæны иу фарст: Корды Барбарæйы тырысайы хуызæн кæд мыййаг исты бастдзинад ис аграрон уагимæ (хъуджы æхсыры æмæ сойаг бафтауындзинады).

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |