Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Меджрисхеуы 53 пенсионерæн сæ пенсийы суммæ фесæфти – полицæйы арæзт бæрæггæнæнтæ дызæрдыггаг сты
Гуры муниципалитеты Меджрисхеуы хъæуы 53 пенсионерæн се хца
фесæфтис.
Зылынмæ лæвæрд, кæцы меджврисхеуаг у, банысангонд банкы кассир-оператор уыд, ныртæккæ, Дубайы æнæлегалонæй цæры. Пенсионерты курдиатмæ гæсгæйæ, уымæн полицæйы æмкусæг Мтварелидзе Михеил аххосы фæрог кæныны баххуыс кодта. Уыимæ иумæ ма ноджы дыууæ полицæйы æмкусæг хайад исынц.
Ацы хъæуы банысангонд банкы дыууæ филиалы менеджер цæры. Сæ иуы инциативæй, хъуыддаг фæдагуырды онг æрцыд. Уымæ гæсгæ, æмæ цæмæй полицæйы фæдагурæг пенсионертæн зылынмæ лæвæрд Иардалашвили Иракълийы пайдайæн ныффыссын кодта, «Либерти банк» æмбæстагон æгъдауæй пенсионерты зианæн тæрхондонмæ курдиат балæвæрдта.
«Куыд зонут афтæмæй, цæмæй Иардалашвили Иракълийы барады ныхмæ архайды фæстиуæгæн зианбаййафæг 51 клиентæн банкы рдыгæй проблемæйы фæзындæй хæрз цыбыр æмгъуыдмæ рцыд фыст 27,974 ларийы. Конкретон пенсионерты рдыгæй хъæстыты бахæсынмæ та цы хауы, банысангонд банкæн сси æнæмæнгхъæугæ, уымæн æмæ Иардалашвили Иракълийы барады ныхмæ архайды фæстиуæгæн зианбаййафæг пенсионертæн, банкы рдыгæй бафидгæ суммæ – 27 мин ларийы хайы банкы рдыгæй бæрæг не рцыд фæдагуырды этапыл пенсионерты рдыгæй бадæтгæ бæрæггæнæнты мидисы тыххæй.
Уыййас, кæд æмæ фæдагурæн органты рдыгæй æрцæудзæнис банкы зианбаййафæгæй бæрæггонд уыцы хайы æнæхъæнæй, кæцы махæрдыгæй фыст у, уымæй махæн фæзындзæнис барадон гæнæндзинад барадон беркеттæ скусын кæнæм æмæ банк цы зиан райста уый æнæхъæнæй æрдомæм æрмæст Иардалашвили Иракълийæ, цæй фæстиуæгæн дæр банк пенсионерты рдæм индиуидуалон претензиты бавдисыныл зæгъдзæн нæй». – Нысангонд цæуы «Либерти банкы» курдиаты.
Сайды баййафæг пенсионертæ
«Либерти банкы» кассир-оператор Иардалашвили Иракъли Меджврисхеуы пенсионертæн лæггад кодта. Хызыны иу цыдæн хаста 20 мин ларийы æмæ пенситæ лæвæрдта йæ мад, Иардалашвили Кетеваны магазины.
2014 азæй пенсионертимæ æмахастыты ног схемæ бакуыста. Пенсийы æмæ социалон æххуысы 3 мæйы суммæ развæлгъау райсын хъардта пенсиисджытæн.
«Загъта мын, æртæ мæйы суммæ развæлгъау рахæс, æфстау сæ авæр мæнæн, стæй дын сæ бафиддзынæн. Æртæ мæйы фæстæ базыдтон, цæмæй æртæ мæйы нæ фæлæ 25 мæйы пенси кæй рахаста» - зæгъы Меджврисхеуы цæрæг Далакишвили Нуну.
Аналогион уавæры ноджы 51 пенсионеры бахаудта. Иардалашвили Иракъли уыдонæн курдиæттæ фыссын кодта, кæй та иу йæхæдæг æрфыста, йæхи къухæй æмæ иу пенсионерты суммæ йæхæдæг райста.
Ацы хабар 2015 азы сæрды Меджврисхеуы цæрæг Къвирикъашвили Георгийы бинонтæ рахъæр кодтой. Къвирикъашвили Георгийы нана йæ сыхæгтæй фехъуыста. Уыцы периоды хъæуы æхсæнадон центр арæзт цыд. «Либерти банк»-ы офис дзы хъуамæ конд æрцыдаид æмæ йæ разамонгæй куыстаид Иардалашвили Иракъли.
Мартъийæ кассир-оператор Иардалашвили Иракълийы куысты фæдыл «Либерти банкы» сæйраг офисы аудиты куыстуаты минæвæрттæ бацымыдис кодтой. Финансон хыгъдтæ æгъдауыл уыдысты, фæлæ, хæдзари-хæдзар райдыдтой агурын уыцы пенсионерты, кæцытæн развæлгъау пенси æмæ социалон æххуыс ист «уыд».
Аудиты куыстуаты хатдзæг
Аудиты куыстуат Меджврисхеуы цалдæр боны куыста. Пенсионерты фылдæр хай Иардалашвили Иракълийы ныхмæ æмбарынгæнæн курдиæттæ раттой. Кассир-операторы йæ бынатæй ссæрибар кодтой, фæлæ æрмæг полицæмæ алæвæрдтой.
Хъуыддаг равзарынмæ арвыстой Меджврисхеуы полицæйы хайадмæ.
Полицæйы куысты фæстиуæг
«Либерти банк» пенсионертæн пенси дæттын адарддæр кодта. Иардалашвили Иракълийы бинонты уæнгтæ хъæуы адæмæн дзырдтой, цæмæй хæс бамбæрзтой æмæ банк уый тыххæй дарддæр кæны пенситæ дæттын.
Хъæумæ фæдагурæг Мтварелидзе Михелы æрбарвыстой. Уый, нырма дыууæ æнæсбæлвырд полицæйагимæ иумæ, пенсионертæй къухфыстытæ æмæ курдиæттæ исын райдыдта.
Ацы къухфыстытæм гæсгæйæ, пенсионертæн Иардалаишвили Иракълийы ныхмæ претен¬зитæ нæ уыди. Амæй, æнæбон æмæ иунæг зæрæдтæн «ныффыссын кодтой», цæмæй Иардалашвили Иракъли уыдон нæ фæсайдта.
«Æрмæст цалдæр пенсионры не рфыста йæ къух» - загътой нын Либерти банкы. Растдæр уый тыххæй, аскъуыддзаг кодта банк пенсионертæй фæстæмæ райсын уыцы суммæты.
Иардалашвили Иракълимæ та цы хауы, уый фæаххосджын кодтой æрмæстдæр 2 400 ларийы йæхи бакæнынæй. Иннæ 38 мин ларийы та, пенсионертæн сæхицæн фидинаг фæци.
Сайайы позици
Суммæйы райсыны нысанæй «Либерти банк»-ы юридион куыстуат пенсионертыл тæрхондонмæ хицæнтæй бахъаст кодта. Процесстæ индивидуалонæй æвзæрст цæуынц æмæ, зæгъæм, Пъантъикианц Назо ныридæгæн процесс фембылды ис.
«Æвзонг юристты ассоциацийы» Гуры офисы юристтæ тæрхонгæнæгмæ курдиат бадæттой, цæмæй хъуыддæгты баиу кæна.
«Уымæй, ирдæй разындзæн, æмæ бынат кæй уыдис масштабон фæлитойдзинадæн» - зæгъы юрист Грдзелишвили Майя.
Сайа дæр нымайы, цæмæй пенсионертæн фæдагурæг сæ къух фæлывдæй æрфыссын кодта.
Пенсионертæ зæгъынц, цæмæй сæ полицæмæ кодта Иардалашвили Кетеван йæ моимæ иумæ.
«Æрбацыд машинæйыл, æмæ нын загъта, фæдагурæг дам уæм æнхъæлмæ кæсы. Æрмæст дæр дам ныффыссут уый, цæмæй уæм претензи нæй Иракълийы ныхмæ. Суммæ уын уæддæр лæвæрд куы цæуы. Уый мах æмбæрзт хæсæй у. Мах та никæмæн æвзæр нæ фæнды. Фæдагурæг дæр нын афтæ дзырдта, Иракъли дам хорз лæппу у, цы йыл æрцыд, ныр ыл сымах куы бахъаст кæнат, уымæй дам сымах ницы рамбулдзыстут. Æмæ уый тыххæй ныффысстам мах дæр невæлтæрддзинадæй, алчидæр мах сайы», - дзурынц пенсионертæ.
Цæмæн раттой пенсионертæ разыдзинад кредит райсыны тыххæй.
Либерти банкы зæгъынц, цæмæй пенсионертæн суммæ куыд развæлгъау рахæссын кодтой, афтæ, сын тагъд кредит дæр райсын кодтой. Цалдæр æмбæстагæн та, социалон æххуыс дæр систой.
«Рацу-бацу кодта Иардалашвили Иракъли дыууæ лæппуимæ иумæ æмæ нын дзырдта, мæнæн, дам, баххуыс кæнут, æнæхицау сывæллæты хæдзар, дам, хъуамæ саразон, уæ хæдзæртты дæр, дам, уын бамбæрздзынæн, æхцайæ æххуыс дæр уын лæвæрд æрцæудзæн. Мах дæр уый ныфсæй, æххуыс райсдзыстæм, зæгъгæ, сразы стæм æртæ мæйон хæс райсыныл. Æртæ мæйы куы рацыд, уæд бацыдтæн Иракълийы мадмæ æмæ йын загътон, кæм и æххуыс?», - зæгъы Меквабишвили Лизикъо.
2015 азы сæрды хъæумæ æцæгдæр æххуыс æрбаластой. Ацы æххуыс Либерти банкы Къаспы филиалы къухдариуæг, Къодошвили Георгийы ‘фсымæр, Къодошвили Паата райста. Къодошвили Паатайы хæдзары уæлхæдзар гамгеобайы бахæскæнынæй раивтой. Иннæ хæдзæрттæн абонмæ дæр сæ уæлхæдзæрттæ æмбæрзинаг сты. Ай уыцы хабар у, кæцыйы Шида Картлийы информацион центр ахæлиу кодта – компанийæн гамгеоба нырма йæ уæлхæдзар бацалцæг кæнын кодта, стæй, тендер расидтис. Тендеры та, æндæр компани фæуæлахиз.
Хъæуы бæрнон лæг – Буджиашвили Лексо сакребулойы афтæ зæгъы, цæмæй уый гамгеобайæн 36 хæдзары номхыгъд арвыста, цыран Къодоашвили Георгийы фсымæры хæдзар нысангонд нæ уыд. Къодошвилийы хæдзары номхыгъды гамгеобайы минæвар ныффыста.
Элхъанашвили Сосо зæгъы, цæмæй уый 15 адæймаджы номхъыгъд арвыста гамгеобамæ.
«Ардыгæй 6 æмбæстаджы тыххæй ныффыстам, цæмæй сæ æцæгдæр кæй хъæуы æххуыс, фæлæ, иннæты тыххæй бæрндзинад нæ райстаиккам æмæ сæ къамисмæ алæвæрдтам», - зæгъы Элхъанашвили Сосо.
Къодошвили Паата мидхъуыддæгты министрады æмкусæг у æмæ ныртæккæ Тхъвиауы полицæйы хайады кусы. Йæ фыд, уый дæр йе ‘мном - Къодошвили Паата зæгъы, цæмæй хæдзары æмбæрзын æнæмæнгæй хъуыдис, уымæн æмæ стихийы рæстæджы базиангонд. Æмæ нын хæдзары хæлд уæлхæдзары фототæ равдыста.
Иардалишвили Кетеван зæгъы, цæмæй банкы Къаспы филиалы разамонæг Къодошвили Георги æмæ йе ‘фсымæр, полицæйаг Къодошвили Паата уый хъæбулы хæлæрттæ сты.
«Ахæм хæлæрттæ зоныс цал ис Георгийæн?», - зæгъы нын Къодошвилийы фыд.
Ныртæккæйы уавæр:
Пенсионертæ аскъуддзаг кодтой, цæмæй полицæмæ ныффысгæ бæрæггæнæнты фæивой, цыран нысан кæнынц, цæмæй уыдон фæрæдийын кодта фæдагурæг. Уый тыххæй сæм, пенсионерты ныхасмæ гæсгæ, фæдагурæг Мтварелидзе Михел, æрцахсынæй æртхъирæн кæны.
Шида Картлийы информацион центр мидхъуыддæгты министрады Меджврисхеуы полицæйы хайадмæ фæбæрæг кодта, цыран нын загътой, цæмæй Мтварелидзе Михел Меджврисхеуы полицæйы хайады кæй нæ кусы. Мтварелидзе мидхъуыддæгты министрады Гуры мидхъуыддæгты уагдоны фæдагурæг-детектив у.
Ай фæстæ фæбæрæг кодтам мидхъуыддæгты министрады пресс-центрмæ.
Мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæдагуырды æрмæджытæ тæрхондонмæ сты æрвыст. «Уæ бон у, информацийы æркурат тæрхондонæй», - загътой нын пресс-куыстуаты.
Гуры тæрхондонæй райсгæ бæрæгæнæнмæ гæсгæ, Иардалашвили Иракълийы фæссауонмæ аххосджын кæнынц æртæ пунктæй. Цалдæр пенсионеры фæрцы банкæн саразгæ зианы бæрц, æрмæст дæр 2,400 лирийы у. Иннæ пенсионертæ тугтæрхоны хъуыддаджы нæ зынынц.
Прокуратурæйы пресс-центры бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кæд æмæ пенсионертæ нымайынц, зæгъгæ, сын фæдагæрæг фæлывдæй ныффыссын кодта Иардалашвили Иракълийы пайдайæн, уæд, уый тыххæй, хъуамæ курдиат ныффыссой æмæ йæ бадæттой прокурату¬рæмæ.
Мидхъуыддæгты министрад: «Иардалашвили Иракълийæн фæсаууонмæ расидтысты уголовон дзуаппдæттынады æххæстбартæй фыдархайдæй пайда кæныны, фæлывд-дзинады æмæ мæнг документты, мыхуыр кæныны, штампы æмæ бланкы цæттæ кæныны фактыты тыххæй (Гуырдзыстоны тугтæрхоны кодексы 220-æм статьяйæ, 362-æм статьийы 2-аг хайы «б» дæлпунктæй, 180-æм статьийы 2-аг хайы «б» дæлпунктæй æмæ 3-аг хайы «а» дæлпунктæй) йе ‘рцахсын.
«Фæдагурæг Мтварелидзе Михелы тыххæй та, уымæн банысангонд хъуыддаджы фæдыл йæ фæдагурæн архæйдтытæ фесты. Медиайы рапарахатгонд информаци уый фæдыл, цæмæй, цыма уый, хъуыддагыл кусыны процессы рæстæджы, пенсионертæй къухфыстытæ райста, рæстдзинад нæу. Нысангонд къухфыстытæм гæсгæ, 49 пенсионерæн И.И-йы ныхмæ претензи нæ уыд».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |