Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Гуры муниципалитеты хъæуты спортивон фæзуатты арæзтад æмæ реабилитаци уагъд цæуы
Гуры муниципалитеты хъæуты ног спортивон фæзуатты арæзтад æмæ уым
уæвæг иннæты реабилитаци уагъд цæуы.
Ай фæдыл информацийы Гуры муниципалитеты гамгеоба парахат кæны.
Арæзтад-реабилитацийы проекттæ организаци «Гуры муниципалитеты гамгеобайы хæрзаудæн куыстуат» æххæст кæны.
Гамгеобайы информацимæ гæсгæ Кошка-Гугутианткарши стыр, нæудзармæй æмбæрзт къахпуртийы фæзуат арæст фæци. Чысыл ма хъæуы æмæ арæзт фæуыдзæн стандартон къахпуртийы фæзуат Арашендайы хъæуы дæр.
Сæндидзыны куыстытæ æмæ æххæстæй ноггонд æрцыд спортивон фæзуат Тхъвиауы, Тирдзнисы, Меджрисхеуы, Каралеты, Чысыл Гареджвары, Цъителубаны, Ахалдабайы, Бербукъы æмæ Тедоцъминдайы.
«Æнæниз царды уагæн къухсаразыны нысанæй мах даргъ кæнæм спортивон фæзуатты арæзтад æмæ реабилитацийы. Ахсджиаг у, цæмæй нæ хъæуты алкæцы фæлтæрæн æмæ уæлдайдæр та æвзонг фæсивæдæн гæнæн уа сæрибар рæстæджы спорты хайад райсой. Тынг хорз æй хъуыды кæнут, Гуры æмæ иумæйагæйдæр Шида Картлийы цалдæр чемпионы схъомыл кодта спорты æндæр æмæ æндæр хуызты æмæ мæ ныр дæр ныфс ис фидæны сæ нымæц кæй фæфылдæр уыдзæнис», - зæгъы Гуры муниципалитеты гамгебели Ониашвили Давит.
Гамгеоба ивгъуыд азы, хъæуы цæрæг æвзонг фæсивæды хайадистæй, спорты æндæр æмæ æндæр хуызты, цалдæр чемпионаты ауагъта, цыран командæтæ стыр æнтыстдзинæдтæ райстой, æрмæст районы нæ фæлæ ма, регионы масштабæй дæр.
Уыцы хъæзтытæ ацы азы дæр уагъд æрцæудзысты

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |