Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Мидхъуыддæгты минстрад: «Паддзахадон æдасдзинады куыстуат сараздзæн æппæтдæр Гиунашвилийы æнæзакъонон ахстæй ссæрибар кæнынæн»
2017 азы 3 февралы дэ-факто Хуссар Ирыстоны тæрхондон Гуырдзыстоны
æмбæстагæн, Гиунашвили Георгийæн 20 азмæ ахæстоны фæбадыны
скъуыддзаг рахаста.
Факты фæдыл, Мидхъуыддæгты министрады пресс-куыстуат официалон курдиат парахат кæны.
«А.х. тæрхондоны «скъуыддзаггонд», афтæ ма куыд Гиунашвилийы рдæм бавдыстгонд «зылынгæнæндзинæдтæ», сты æрымысгæ æмæ цухгонд алы легитимон бындурæй. Паддзахадон æдасдзинады куыстуат сараздзæн алцыппæт Гиунашвилийы æнæзакъонон ахæстæй ссæрибар кæнынæн», - нысангонд цæуы министрады курдиаты.
Пресс-куыстуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, æдасдзинады куыстуат активонæй дарддæр кæны нысангонд фарстæйы æвзарыны инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы (IPWM) æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы (GID) фембæлдты фæлгæтты.
Паддзахадон æдасдзинады куыстуат Гиунашвилийы хъуыддаг деталонæй бадæтта алкæцы паддзахадон уагдонмæ, цæмæй ацы хъуыддаджы тыххæй æхсæнадæмон æмбаладæн зындгонд æрцæуа.
Гиунашвили Георги Цхинвалы дэ-факто хицауады æдасдзинады куыстуаты æмкусджытæ 2016 азы июлы мæйы æрцахстой.
Уый окупацигонд Дисеуы хъæуккаг у.
Цхинвалы «къагебейы» бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Гиунашвили 2004 азæй æндæр æмæ æндæр диверсион актты иста хайад æмæ Гуырдзыстоны спецслужбæйы хæслæвæрдтæ æххæст кодта.
Ацы информацийы дэ-факто хицауады æдасдзинады куыстуаты рдыгæй контролгонд медиæ- фæрæзтæ парахат кæнынц.
Сæрмагондæй, агентад «Спутникы» бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Гиунашвили 2007 азы Хелцуайы хъæуы цур спырх кодта ирон æфсады тыхтæм æввахс æмæ дз иу ирон æфсæддон фæмард, иу та дзы цæф фæцис. Ацы агентады бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ ма, уый «Дисеуы хъахъхъæныны» къорды уæнг уыд.
Цавæр бæлвырдгæнæгты бындурыл райста скъуыддзаг Цхинвалы тæрхондон, зындгонд нæу.
Дисеуы хъæу ныртæккæ оккупацигонд территорийыл ис æмæ Гуры муниципалитеты Мереты хъæуимæ арæн кæны.
Цы уавæры æрцыд Гиунашвилийы æрцахст, зындгонд нæу.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |