Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Тибиси банкы тренингтæ агросекторы хайадисæг гоймæгтæн
Тибиси банк агросекторæй цымыдисгæнæг гоймæгтæн гæнæндзинад дæтты,
бынтон æнæфидгæйæ фæарфдæр кæной зонынад агроменеджменты æрдæмадæй.
Тренингтæ зæгъæн ис æмæ иу азæй фылдæрдæр у, Гуырдзыстоны алы
регионы дæр уагъд цæуынц. Тренингтæн разамынд кæнынц æрхонгæ
эксперттæ, кæцытæн теоретикон æмæ практикон фæлтæрддзинад ис
нырыккон хæдзарадты уаг дæттыны.
Цæмæн аскъуыддзаг кодта Тибиси банк хъæууон хæдзарадæй цымыдисгæнæг гоймæгтæн тренингтæ ауадзын æмæ конкретонæй, цы æрдæмадæй сæ бон у фермертæн зонынады фæарфдæр кæнын – темæйыл нын Тибиси банкы агробизнесы уаг дæттыны къорды хистæр, Ломинашвили Вепхиа радзырдта.
• Цæмæн аскъуыддзаг кодта Тибиси банк агросекторы хайадисæг гоймæгтæн тре-нингтæ ауадзын æмæ ныр цас рæстæг у, Тибиси банк ацы æрдæмадæй куы æххуыс кæны цæрджытæн?
Тибиси банк лидер банк у агрокредитты дæттæг базарыл. Нæ нысанон къорды нын равдисдзысты куыд ставд фермертæ, афтæ къаннæг бинонты хæдзарæды кусæг гоймæгтæ. Хæдзарадты равдисынæн хъæугæ у æрмæст æхцайы фæрæзтæй ифтонг кæнын, нæ фæлæ-ма, хæдзарадты ресурсты раст æмæ рационалон уаг дæттын дæр. Нæй ын нысаниуæг хъуыддаг ставд фемерон æви къаннæг бинонты хæдзарадмæ хауы. Абон фермертæ ай фæдыл информацийы къаддæрдзинад дæр æййафынц. Растдæр нæ ай сразæнгард кодта, райдыдтаиккам тренингты сери аграрон секторы хайадисæг гоймæгтæн, кæцыйы фæрцы сифтонг кодтаиккам уыдонæн пайда информацийы бадæттын агроменеджменты фарстæтыл. Тренингтæ уадзын рай¬дыд¬там ивгъуыд азы райдианæй æмæ абоны онг уагъд цæуынц.
• Цы темæтыл уагъд цæуынц тренингтæ, чи сын разамынд кæны æмæ кæмæн у йæ бон уыдоны хайад райсын?
Тренингты фыццаг хаймæ хауы: аграрон хæдзарады финансон планы æмæ уаг дæттыны базисон фарстæтæ, хъæуы хæдзарады продуктты уадзыны экономикон æргъад – рауадзгæ продукцийы хиæргъады раст сбæрæг кæнын æмæ хæдзарады æфтиаг-зиан, хæс райсыны нысанæмрастдзинад, йæ бæрц æмæ эфекты раст сбæрæг кæнын.
Тренингтæн разамынд кæнынц æрхонгæ эксперттæ, кæцытæн ис теорион æмæ практикон фæлтæрддзинад нырыккон хæдзарады уаг дæттыны куыд Гуырдзыстоны мидæг, афтæ йæ арæнты æдде дæр. Тренингтæ уагъд цæуынц фактивонæй Гуырдзыстоны алы регионы æмæ дзы хайад райсын йæ бон у Тибиси банкы уыцы клиенттæн, кæцытæ аграрон куыст кæнынц. Тренингтæ æххæстæй финансгонд сты Тибиси банк æмæ Азийы рæзынады банкы ‘рдыгæй.
• Цæйбæрц стыр у тренингты интерес хъæууон хæдзарады хайадисæг гоймæгты ‘рды¬гæй?
Интерес дзæвгар стыр у. Тынг арæх вæййы, тренингыл хайадисæг фермеры фæндонмæ гæсгæ, практикон хыгъдлæвæрдтæ конкретонæй арæзт куы цæуынц уыдоны хæдзарады дæн¬цæгыл. Ай та æцæгдæр, фермерты ‘рдыгæй стыр интерес сайы. Алкæцы тренингыл 30 адæймагмæ æввахс хайад исы. Ныридæгæн абоны онг 1000-æй фылдæр фермеры хайад райста ацы тренингты æмæ фæарфдæр кодта йæ зонынад йæ хъуыддагарæзты æрдæмадæй.
• Куыд хъуамæ рацæуай регистраци æмæ куыд ис гæнæн цæрджытæ фехъусой кон-кретон тренингты æмæ сæ ранывæзты тыххæй информаци?
Тренингты тыххæй информаци райсын, афтæ ма тренингтæм хи ныффыссын кæнын клиенттæн сæ бон у Тибиси банкы филиалты.
• Зындгонд куыд у уымæ гæсгæ, Тибиси банк аграрон секторы рæзынады æххуыс кæныны тренингтæй дарддæр ма æндæр проекттæ дæр æххæст кæны, æмæ нын ноджы деталонæй дæр куы радзуриккат, цы проекттыл цæуы ныхас?
Ивгъуыд азы фæззæджы мах базармæ рахастам ног уникалон продукты агроинвестицион кредит, кæцы уæлбарон агрокредиты фæлгæтты æххæст цæуы æмæ къух дæтты бæстæйы нырыккон типы бирæазон дыргъдæтты, плантациты саразынæн. Ацы продукты уни¬ка-лондзинад уый мидæг ис, æмæ конкретон проекты æвзарыны рæстæджы сæйрагæйдæр финансон нымады мах аразæм райдианæй нæ, фæлæ фидæны, саразгæ дыгъдæттæй райсинаг æфтиæгтыл. Уый та цымыдисгæнæг гоймæгтæн гæнæндзинад дæтты, спайда кæна дæргъвæтинæмгъуыдон уæлбарон периодæй æмæ хæсы сæйрагдæр суммæйы фидын райдайдзæн уæдæй фæстæмæ, дыгъбæлæстæ зайын куы райдайдзысты уæд.
Проекты фæлгæтты лæвæрд хæсты бæрцуат ныридæгæн 6 милуан ларийæ ахызти. Финансгонд æрцыд: æхсæры, æнгузы, фæткъуыйы, къивийы æмæ саунæмыджы бæлас-дæт¬ты ныссадзын.
• Цахæм сты уæ фидæны плæнттæ аграрон секторы рæзынадæн æххуыс кæнынæн? План кæнут æви нæ Тибиси банк ног проекттæ сæххæст кæнын ацы æрдæмадæй?
Мах æдзухæй стæм ногдзинад агурыны процессы. Афтæ куыд фарон, ацы аз дæр план кæнæм базармæ рахæссæм ног, иновацион продукттæ, кæцытæ ноджы тынгдæр баххуыс кæндзысты бæстæйы хъæууон хæдзарады рæзынадæн.
Ацы этапыл, конкретон проектты зæгъынæй нæхи фæуромдзыстæм, фæлæ аграрон секторы хайадисæг гоймæгты бирæ цымыдисон ногдзинадимæ базонгæ кæндзыстæм.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |