Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Материалон мысинæгтæ гуырдзиаг-ирон хæдзары
Конфликт æмæ адæймаг
Чилæхсаты Галина – педагог. Райгуырди Дзауы. 2008 азы хæсты агъоммæ царди Чемерты хъæуы. Ныртæккæ цæры Гуры муниципалитеты Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуаты.
Ам ног азтынымад 8 азы размæ райдыдта. Хæст ивгъуыды мысинæгтæ дзауматы ныууагъта.
«Раздæрау сбони 8-æм августы Чемерты хъæуы. Райсомæй балæууыдтæн мæ хъуыддæгтыл – æвæдза цас кусинаг ис хъæуы. Æмбисбонæй ахызти, æнæнхъæлæджы хæдтæхджытæ куы разындысты арвыл æмæ сæ тæссаг уынæр куы райхъуысти. Нæ хъæуыл бомбæтæ згъæлдысты. Сæрæй йæ æмбаргæ дæр нæ бакодтон, куы пырх кодта алцыдæр. Уæдмæ йæ зонгæ дæр нæ кодтон, бомбæ цы уыд … æнæхъæн хъæу фенкъуыст æмæ рацыдыстæм. Чи машинæйыл бадти, чи фистæгæй лыгъдис. Хъæуы ма баззадысты фылдæр нæлгой¬мæгтæ. Мæ мой дæр баззади уым, мæ мады дæр нæ ракодтон, уатон рынчын уыд. Цхинвалырдæм фæндаг æхгæд уыди æмæ хъæдыл рахызтыстæм.
2008 азы 11-æм сентябрь уыди, «Сырх дзуармæ» Чемертмæ куы æрбакодта. Нал базыдтон хъæуы. Æппæт дæр сыгъд æмæ куынæггонд уыди. Нал дæр дзы хæдзар уыди æмæ нал дæр мæ мад … сæ фæд дæр сын нал ссардтон. Æртхутæгы ма иу вилкæ, иу агуывзæ æмæ мæ дипломы ссардтон. Ацы æртæ дзаума ма мын баззад уыцы цардæй. Ныр алкæмæй зынаргъдæр мигæнæнтæ мæ котеджы… ацы дзауматæ сты, уынгты трафареттæ – Ереды, Белоты, Куртайы, Чемерты … - ацы нæмттæ зæрдыл лæууын кæнынц Леуахигомы. Ныр 8 азы Шаушвебы цæрæнуаты стæм, ам 14 хъæуæй лигъдон 177 бинонтæ цæры. Зыну ам цард… æппæты фыццаг зонгæ дæр нæ кодтам, цы хъуамæ сарæзтаиккам. Ныр нæ цæрæн-уат сындæггай хъæуы æнгæс кæны. Хъæуы адæм кусын уарзынц, мæхимæ куы æрцыдтæн, уайтагъд змæлын байдыдтон – æнæхицауадон организацитæм бацыдтæн, тренингтыл хайад райстон, бирæ цыдæртæ сахуыр кодтон, гранты фыссын дæр. Уый фæрцы райстон æххуыс. Ныр мын кæрчытæ дæр ис, хъуг дæр, къаннæг хæдзарад дæр æмæ хуийæн æрмадз дæр. Цыдæриддæр сахуыр кодтон æмæ базыдтон, ууыл ныр æндæрты дæр ахуыр кæнын – хиуыл кусын, активондзинад… æндæр фæндаг махæн ныртæккæ нæй, æрмæст¬дæр ай у нæ амалдзинад: куыддæрты хъуамæ бафæразæм æмæ стæй нæхимæ фæстæмæ аздæхæм. Ахæм хъуыдытимæ, ахæм ныфсытимæ цæрæм не ‘ппæт дæр Шаушвебы. Мæ æнæхицауадон организацийы дæр афтæ схуыдон «Фидæны ныфсимæ» … Фынæйы рæстæджы мæхи тюльпаныл абарын, уымæн æмæ æз дæр тюльпаны хуызæн æхсæв «æхгæд» дæн, фæлæ бонæй та мæ хъæуккæгтимæ фембæлгæйæ, мæ зæрдæ райгом вæййы».
Проект цæттæгонд æрцыд «ИНО-йы сылгоймæгты организацийы» ‘рдыгæй, гуырдзиаг, ирон æмæ абхазаг фотографты æмæ журналистты хайадистæй.
Фототы автор Робакидзе Такъо
Текст – Апциаури Гога.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |