Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Юри Гагарины хæлæрттæ Аргвицы хъæуæй лигъдæтты къотеджты æмæ хæсты трагеди
Тъухашвили Иракъли æмæ Къозманова Александра абон Шаушвебы
лигъдæтты цæрæнуаты цæрынц.
55 азы размæ, Советон космонавты Юри Гагарины фæрцы счындзæхсæв кодтой.
1962 азы Аргвицы хъæуы (Чысыл Леуахигомы) ноггуырд лæппуйыл æмгары номарæны цытæн Юри ном сæвæрттой.
Гагарины æмном хъæбул, 90-æм азты райдайæны, ирон чызг ракуырдта. Тагъд гуырдзиаг-ирон конфликт дæр райдыдта, фæлæ, уæззау уавæр уыдоны æмахастыты нæ бакъуылы¬м-пы кодта.
Фæлæ сын, 2008 азы августы хæст стыр трагеди æрхаста.
Тъухашвили Юрийы хъæбул, хъæу ныууадзыны рæстæджы, аварийы бахаудта æмæ фæмарди. Ныййарджытæн машинæйы мидæг уæвæг иннæ хъæбултæ æнæбазиангондæй аирвæзтысты.
Фотойыл: 2008 азы августы хæсты рæстæджы хъæуы ныууадзгæйæ аварийы фæмардуæвæг хъæбулы хъæбул
Фотойыл: Къозманова Александра æмæ Тъухашвили Иракъли Шаушвебы къотеджты
Фотойыл: Къозманова Александра æмæ Тъухашвили Иракълийы бинонты уæнгтæ Аргвицы хъæуы
Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуаты 38-æм къотедж уалдзæгæй хицæн кæны. Бахизæны къулдуары цур дидинджытæ сагъд, уæлдай хуыздæр рæзы ам уардитæ.
Цæхæрадоны сæнæфсиры къутæрты цалдæр рæгъы ис, бæлæсты бæрзæнд къотеджы уæлхæдзарæй уæлиаудæр у. Хæдзармæ бахизæны хъæдæй балкъон арæзт ис. Хæсты фæстæ арæзт къотеджы алцæмæндæр йæхи бынат ис.
Телевизор, къæлæтджын бандæттæ, фынг афтæ æвæрд у æмæ зæрæдты сабырдзинад æрмæстдæр кæд гæды «сопойы» хъæлæс фехалы уый еддæмæ. «Ныр авд азы у ам куы цæрæм, сахуыр стæм, скодтам цæхæрадон дæр, фæлæ нын æй нырма не сфидар кодтой», - зæгъы Къозманова Александра.
Берулайы астæуккаг скъолæйы Къозманова (Шура) Александра 43 азы уырыссаг æвзаг æмæ литературæ ахуыр кодта сывæллæтты. Цалынмæ йæ бон уыдис, уæдмæ, кæй фæндыдис уыдонæн амыдта уырыссаг æвзаг. Ныртæккæ рынчын кæй у уымæ гæсгæ нал кусы.
Тъухашвили Иракъли, скъолæйы фæуды фæстæ, Оренбургы йе фсæддон хæс фыста. Уый тæхджыты курсант уыди. Уыцы ахуыргæнæндоны ахуыр кодта Юри Гагарин дæр. «Мæнæй дарддæр ма дзы ахуыр кодта ноджы æртæ гуырдзиаг, лæппутæ хæларæй цардыстæм, уыдон æхсæн уыд Юри Гагарин дæр. Улæфты рæстæджы горæтмæ цыдыстæм, концерттæм. Æнæнхъæлæджы Юри нал разынди.
Иухатт радио фехъусын кодта, цæмæй Юри Гагарин космосмæ атахтис. Æнæхъæн ахуыргæнæндон иууылдæр цин кодтой. Æркуырдтам йæ фенын. Æмæ йæ æцæгдæр махмæ æркодтой, немæ ныхас дæр кодта, фæлæ йемæ ахæм хъахъхъæнджыты къорд уыди æмæ йæ уайтагъд сценæйæ ракодтой», - мысы Тъухашвили Иракъли.
«Юри Гагарин уарзта мæ сыхаг чызг, Валяйы. Кургæ дæр æй ракодта. Юри Гагарины фæрцы мæ фидæны мойагимæ базонгæ дæн», - зæгъы Къозманова Александра. – «Иу хатт концерт ауагътам æфсæддон хайы. Ногазы æхсæв уыд. Афтæ рауад æмæ кафыны рæстæджы, къæйттæй кафджытæ кæрæдзийæн хъуамæ аба кодтаикой. Растдæр мæ уыцы байæ сбаста йæхиуыл», - дзуры Александра.
Æфсæддон хайæ Тъухашвили Иракълийы 1962 азы уалдзæджы рауагътой Гуырдзыстонмæ. Йæ райгуырæн хъæуы йын йæ ныййарджытæ дзырдтой, цæмæй ракуырдтаид гуырдзиаг сылгоймаг.
«Искæй иу мын куы амыдтой, уæд-иу æз та æхсæнгарз райстон æмæ иу хъæдмæ цуаны ацыдтæн, цæмæй мæхи аирхæфстаин. Алкæмæн дæр дзырдтон, цæмæй Шурæйы кæй уарзтон. Кæрæдзимæ фыстæджытæ фыстам. Цыбыркъух кæй уыдыстæм, уымæ гæсгæ бинонтæ æркæнын мæ къухы не ‘фтыд», - дзуры Иракъли.
Æхсæз мæйы фæстæ, Александра аскъуыддзаг кодта, цæмæй Гуырдзыстонмæ æрцыдаид.
«Æз ын загътон, Гуырдзыстонмæ цæуын æмæ мыл аэропорты фембæл, зæгъгæ. Нæ дæр мæ хорз цард хъуыди, æмæ нæ дæр хорз бон, æрмæстдæр хъуыды кодтон ууыл, цæмæй иумæ уыдаиккам», - загъта нын Шура.
Аэропорты Тъухашвили Иракъли йæ фидæны бинойнагыл æмбæстагон формæйы кондæй фембæлд. Александра йæ дардæй нал базыдта æмæ уаргътæ исæн хайадмæ ацыди æмæ æнхъæлмæ касти йæ хызынтæм.
«Ацы рæстæджы йæм фæстæты сусæгæй æрбацыдтæн æмæ йын йæ цæстытыл мæ къухтæ амбæрзтон. Ахæм уавæры ныххаудта, æнхъæлдта чидæр æцæгæлон уыд. Куы мæ федта, нæ цинæн кæрон нал уыди, нæ алыварс адæм нæм æркастытсты».
Уый фæстæ, Юри Гагарин æмæ Валя Мæскуымæ ацыдысты цæрынмæ, æмæ сæ æмбæлттæй ничиуал федта. Советон космонавты мæлæты фæстæ, Александра æмæ Валя фыстæджытæ фыстой кæрæдзимæ.
«Сæ хъæбулты дæр сын зыдтон. Сæ хистæр чызг хъавыдис гимнасткæ суæвынмæ. Æз æмæ Валя бирæ рæстæджы фыстам кæрæдзимæ фыстæджытæ. Юри Гагарины мæлæты фæстæ дыууæ хатты мойгонд уыд ноджы. Стæй куыд фæстагмæ арæх нал фыстам фыстæджытæ кæрæдзимæ, кæд ма иу стæм хатт уыд».

Шаушвебы, 38-æм
къотедж

55 азы
размæ – фембæлд Оренбургы

Рейс:
Оренбург – Тбилис

Валя
æмæ Юри Гагарин
Уый фæстæ, Юри Гагарин æмæ Валя Мæскуымæ ацыдысты цæрынмæ, æмæ сæ æмбæлттæй ничиуал федта. Советон космонавты мæлæты фæстæ, Александра æмæ Валя фыстæджытæ фыстой кæрæдзимæ.
«Сæ хъæбулты дæр сын зыдтон. Сæ хистæр чызг хъавыдис гимнасткæ суæвынмæ. Æз æмæ Валя бирæ рæстæджы фыстам кæрæдзимæ фыстæджытæ. Юри Гагарины мæлæты фæстæ дыууæ хатты мойгонд уыд ноджы. Стæй куыд фæстагмæ арæх нал фыстам фыстæджытæ кæрæдзимæ, кæд ма иу стæм хатт уыд».
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |