Дыууæ хъæбулы йын дихгæнæг хаххы иннæ фарс Цъинагары хъæуы ис мойгонд. Йæ хъæбулы хъæбултæ цæрынц æмæ ахуыр кæнынц Цхинвалы.
Йæ амонд у æмæ йæм уæддæр йæ хъæбулы хъæбултæ улæфтыты рæстæджы Ленингорыл ныццæуынц хъæумæ.
Цъинагары хъæу Ахалгоры районмæ хауы, ныртæккæ уый дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбариуæг ис.
«Æз 2008 азы фæстæ, нал дæр уыдтæн Цъинагары хъæуы. Фæстаг хæсты агъоммæ-иу арæх цыдтæн. Уырдæм ме мкъласаг дæр ис мойгонд. Уымæ дæр иу уазæгуаты уыдтæн», - зæгъы Тавгазашвили Нанули.
Хъæуы йæ фырт цæры æмæ Тбилисы кусы. Йæ хъæбултæ хорз зонынц сæ фыды хойы хъæбулты.
«Мæ амондæн сын гæнæн ис, Ахалгоры районыл рацæуын. Нæ хъæуы бирæтæн ис хæстæджытæ иннæ фарс. Искæй куы фенын уырдыгæй уазæгуаты æрцæугæ, уæд сæ нæхимæ фæхонын. Уый мын стыр æхцондзинад вæййы», - дзуры Тавгазашвили Нанули.
Хурвалеты æмæ Цъинагары хъæу кæрæдзийæ 2-3 километры дæрддзæф сты.
Тавгазашвили Нанули у Гуры муниципалитеты Меджврисхеуы хъæуæй рацæугæ.
Куы смой кодта, уæд, 90-æм азты, йæ моимæ иумæ, Уæрæсейы Федерацимæ ацыд цæрынмæ. Хъæумæ 2000 азы æрыздæхтысты.
«Хистæр чызг ахуыр кодта æстæм къласы. Мæ сывæллæттæ ахуыр кодтой Мæскуыйы скъолæйы. Ардæм куы æрцыдыстæм, уæд сын гуырдзиагау ахуыр кæнын зын уыдис. Уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон, цæмæй Цъинагары астæуккаг скъолæйы райстаиккой ахуырад» - зæгъы Тавгазашвили Нанули.
Растдæр, Цъинагары скъолæйы ахуыр кæныны рæстæджы базонгæ сты чызджытæ сæ фидæны мойæгтимæ.
«Хистæр чызг фарастæм къласæй сусæгæй смой кодта, иннæ чызг дæр уырдыгон лæппуйы бауарзта æмæ дзы смой кодта. Ардæм куы æрцæуынц мæ хъæбулы хъæбултæ уæд мæ цинæн кæрон нал вæййы», - загъта нын Нанули.
Махимæ ныхасы рæстæджы йæ
хъæбултæй сæ иумæ тилифоны адзырдта. Зæлон сигнал хъæрæй сиу кодта.
«Гыццыл куыдтæ у? – дихгæнæг хаххы иннæ фарс цæрæг хъæбул фарста йæ
мады æфсымæры хъæбулæй: нывонд ын æрбауон, куыд æй
æрымысыдтæн».
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |