Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Скандинавийы æмæ Прибалтикæйы асты минæвæрттæ дихгæнæг хаххы бабæрæг кодтой
Хурвалеты хъæуы цæрæг Ванишвили Давит, ацы азы, сæдæмæ ‘ввахс
уазæгæн фысымиуæг кодта.
Абон, уымæ Скандинавийы æмæ Прибалтикæйы аст бæстæты парламенты сæрдæрттæ уыдысты.
Ацы хатт дæр, Ванишвили Давит европæйаг уазджыты хæдзармæ æрбахуыдта.
Ай уый тыххæй, æмæ йæ цæрæн хæдзар дихгæнæг хаххы, сындзджынтелты фале баззади, кæцыйы дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад, уырыссаг æфсæдтонтимæ иумæ, контроль кæны.
Фæсарæйнæг уазджытæ Шида Картлимæ визиты, Гуры уæвæг Евроцæдисы мониторингы миссийы офисы минæвæрттимæ фембæлдæй райдыдтой.
Парламентон делегацийы уæнгтæ Евроцæдисы мониторингы миссийы куысты спецификæимæ æмæ сæйраг куысты æрдæмадимæ бынатыл базонгæ сты.
Нордикон-Прибалтикон аст (NB8) у регионалон æмгуыстады æнæформалон формат Прибалтикæйы (Литва, Латви, Эстони) æмæ Нордикон бæстæты (Швеци, Финлянди, Норвеги, Исланди, Дани) ‘хсæн.
NB8 политикон диалогы æмæ практикон æмгуыстады инструмент æвдисы.
«Сындзджынтелты æмæ баррикадты, кæцыйы иу хай абон мах партнертæ федтой, иууыл къаддæр 100 километры дæргъæн у æмæ дыууæ оккупацигонд регионы изоляцийы кæны. Ацы аразгæ барертæ дих кæнынц бинонты, афтæ, куыд ацы хъæуы ис, уыдонæн нал ис бастдзинад иннæ Гуырдзыстнимæ, æддаг дунеимæ. Хурвалеты хъæуы цæрæг Ванишвили Датайæн хæдзарадæн хъæуæг æмæ медицинон хъæугæдзинæдты тыххæй дæр йæ бон нæу ацæуын. Уымæн дæр æмæ изоляцийы уæвæг æндæр адæймæгтæн дæр оккупаци æмæ æнæлыггонд конфликт æрвылбонон быцæу у», - загъта фидауыны æмæ æмбæстагон æмбарады министр Цихелашвили Кетеван.
Уый ма партнерады фарсхæцыны нысаниуæгдзинадыл дæр ныхас кодта.
«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй делегаци бынатыл федта, цахæм быцæутимæ æмæ гуманитарон проблемæтимæ нын ис хъуыддаг, цæмæй æппæтæй дæр æнæбынатон кæй у ацы гуылмыз сындзджынтелтæ цивилизацион дунейы принциптæн, адæймаджы бартæн. Æдасдзинады æмæ гуманитарон быцæуты къуымæй, нæ сабырадон политикæйы рдæм уыдоны фарсхæцынад иттæг нысаниуæгджын у æмæ сæ ардæм æрцыдæй делегаци равдыста уыцы фарсхæцындзинады», - загъта паддзахадон министр.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |