Мæрдты уаз бынатмæ, ацы аз Куадзæны, æрмæст, двайнæгтæ ацыдысты. Земо двайнæгтæ Тыбылты æмæ Тедеты уæлмæрд æнæхицауæй баззадысты.
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады дæлбаруæвæг Земо Дваны ног уæлмæрд арæзт ис.
Ацы хъæуæй рацæугæ у дэ-факто хицауады президент Тыбылты Леонид, кæцы ацы азы президентон æвзæр¬стыты нал фæуæлæхиз, састы баззал.
Земо Дваны хъæуы, контроль кæны дэ-факто хицауад. Фотойыл Тыбылты Леониды хæдзар зыны.
Иу бакастæй, уæлмæрд иумæ у. Ам, куыд гуырдзиæгты, афтæ, этникон ирæтты фыдæлты уæлмæрд ис. Марды дуртыл, куыд дыууынæм æнусы 80-æм азты бабынуæвджыты мыггæгтæ сты нысангонд, афтæ-ма дзы, æнудæсæм æнусы 90-æм азты кæроны арæзт дурæй цыртытæ лæууы.
Фыстытæй бæрæг у, цæмæй 1985-86 азты фæстæ, Земо двайнæгтæ сæ мæрдты къаддæр ныгæдтой иумæйаг уæлмæрды.
Мамагулашвили Цицо хъæумæ сабат æмæ хуыцаубоны фæцæуы. Куадзæны бонты, хæстæджытимæ иумæ, йæ фыды уæлмæрд бабæрæг кодта.
«Уыди рæстæг, æмæ ардæм Куадзæны бæрæгбонты дæр нæ бон нæ уыди ссæуын. Ацы территори дихгæнæг хаххмæ ввахс у. Æнæуи бонты ам уырыссаг æфсæддонтæ змæлынц. Уæддæр нæ тас ис, цæмæй мацы фыдбылыз æрцæуа», – дзуры Мамугалашвили Цицо.
Уыдонæн æнæмбаргæ у уыцы факт, æмæ дæ фыды уæлмæрдмæ дæ бон ма уæд ссæуын.
«Цæуылнæ хъуамæ уа гæнæн адæймагæн, цæмæй сабат кæнæ хуыцаубоны ссæуа уæлмæрдмæ, бацæуа аргъуанмæ. Ирæттæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг уæззау уыдзæн ацы хабар. Уыдон æппындæр не ‘рцæуынц ардæм. Ам уыдоны нæ хъæуккæгтæ ницæмæй бахъыгдардзысты. Куыд зонын афтæмæй сæ арæнхъахъхъæнджытæ нæ уадзынц», – зæгъы Мамугалашвили Цира.
Аргъуан æмæ уæлмæрд хохы
цъуппыл сты. Ацы бынат дыууæ хъæумæ дæр уæлейæ бынмæ кæсы.
Аргъуанмæ бацæуæн машинæйы фæндаг цæуы арæны нысангæнæг банеры
цурты.
Двайнæгтæ æмæ сæ уазджытæ
Фотойыл: Къопъадзе Тамаз. Ирон бæгæныимæ.
Ацы бынатæй, ма тынг хорз зыны Проны комы иннæ хъæутæ дæр. Дардæй та, Леуахигомы рæгътæ зынынц.
Къахниашвили Робизон, кæцы стыр Леуахигомæй у, Куадзæны Дваны аргъуанмæ ацыди.
«Афтæ фехъуыстон æмæ дам Чъехы, Тамаршены æмæ стыр Леуахигомы хъæуты, уæлмæрдтæ не сты дæрæнгонд, фæлæ мах нæ уадзынц уырдæм. Нæ хъæутæй ницыуал баззад зæххæмвæз сæ скодтой. Ардæм æрбацыдтæн уый тыххæй, æмæ ацы аргъуан æввахс у нæ коммæ, ардыгæй тынг хорз зынынц нæ хъæутæ. Тынг хъыгаг у, æмæ нæ фыдæлты уæлмæрдтæм нæ бон кæй нæу цæуын», – зæгъы Къахниашвили Робизон.
Аргъуаны Нулы хъæуæй лигъдон æмæ двайнæгты сиахс (кæцыйы хонынц Гела) мыдадзын цырæгътæ ссыгъта. Проны комы цæугæдонмæ æмæ уыцы хъæутæм афæлгæсыд, цыран схъомыл ис. Уæлмæрды та, Гуырдзыстоны сиудзинады тыххæй гаджидау банызта.
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |