Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Скърайы зæрæдтæн æвзонг фæсивæд велосипедтыл балæггад кæндзысты
«Уарзæм нæ нанаты æмæ дадаты», - ахæм мидисы проект организаци
«Бетлемы» минæвæрттæ Скърайы хъæуы ныридæгæн райдыдтой.
Социалон актив организаци «Адæймаг тыхстдзинады» Евроцæдисы æххуысæй финансгонд цæуы.
Хъæуты æмæ лигъдæтты цæрæнуаты дæр, æвзонг фæсивæд карджын адæмæн хæдзæртты æфснайынæн æмæ гæрзтæ æхсынын баххуыс кæндзысты.
Нанаитæндæр æмæ дадаитæндæр культурон мадзæлттæ уагъд æрцæудзæн.
Программæйы фарсхæцæг организацийы минæвар Перадзе Нанука зæгъы, цæмæй æвзонг фæсивæдæн велосипедтæ балхæнын плангонд цæуы, кæцыйæ, тыхст уавæры уæвæг зæронд адæймагæн баххуыс кæнынæн спайда кæндзысты.
Афтæ ма, специалонæй, æлхæд æрцæудзæни гæрзтæхсæн машинæ.
Сабитæ æмæ æрыгæттæ зæрæдтæм велосипедтыл цæудзысты, æрæмбырд иу сын кæндзысты сæ хуысæнгæрзты, æмæ сæ иу ахæсдзысты æхсынмæ организацимæ, ныхсдзысты æмæ сæ фæстæмæ утогондæй бахæсдзысты сæ хицауæн.
«Ацы проект ныридæгæн фидаргонд æрцыд. Бынæттон организацийæн, Бетлемæн уый тыххæй 15 мин ларийы рахицæн кодтой. Суммæ, сæйрагæйдæр, активтæн хъæугæ инвентарь æлæнынын бахардз уыдзæни. Барвæндонтæ хайад райсдзысты, бынтон лæварæй æмæ нæ ныфс ис, цæмæй ацы идейæ æндæр темæтæн дæр райсинаг кæй уыдзæни. Ацы этапыл нæм 20 бенефициар ис планмæ гæсгæ, фæлæ, гæнæн ис, æмæ, ацы цифрæ фæфылдæр уа», - зæгъы Перадзе Нанука.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |