Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Коймæгтæ «Берлины аллейы»
Зозиашвили Георги стыр Леуахигомы Тамарашены хъæуы царди.
Йæ цæрæн хæдзар æмæ сæндон, кæцы йæ бинонтимæ иумæ 2008 азы ныууагъта, куынæггонд у.
Ныртæккæ, Верхуебы лигъдæтты цæрæнуаты «Берлины аллейы» цур цæры.
Котеджы размæ сæнæфсиры тала ныссагъта, зæгъы, цæмæй дам, лæгæн æнæ сæндонæй цæрын нæу йæ бон.
«Уазæг дæм куы æрбацæуа, уæд ын дæхи сæнæй ма хъуамæ бафысымиуæг кæнай? Æмæ æз дæр аскъуыддзаг кодтон, ам ныссадзон сæнæфсиры талатæ», - зæгъы Зозиашвили Георги.
«Берлины аллейæ» рæсугъд у. Йæ алыварс котеджтæ ис арæзт. Ацы хæдзæрттæ Германы хицауады æххуысæй 2009 азы арæзт æрцыдысты æмæ лигъдæтты æппæтæй хуыздæр цæрæнуатыл нымад сты.
350-ай котеджæй 63 цæрæн хæдзар базиангонд сты.
Ахæм базиангонд хæдзары цæры Къапъанадзе Александр. Зæронд лæг Проны комæй Аунеуы хъæуæй у лигъдон. 5 азы размæ йæ бинойнаг фæхъуыд.
Профессийæ амайæг у æмæ хорз зоны, котеджы базианы аххосаг.
«Ныккæндмæ куы ныххызтæн, уæд федтон, бындур æнæ æфсæйнаг арматурæй арæзт кæй у. Ацыран раздæр æфсæддон полигон уыди æмæ, куыд зыны афтæмæй, танктæн уыдис къахт. Арæзты рæстæджы, йыл æрмæст, сыджыт бакалдтой æмæ йыл афтæмæй бындур æрæвæрдтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ, сыджыт бынмæ ныццыд æмæ къултæ дæр афæстытæ сты», - зæгъы Къапъпанадзе Александр.
XX
(Къапъпанадзе Александр зæгъы, цæмæй, ацы хицауад кæд æрæзтадон æрмæгæй баххуыс кæндзæни, уæд йæхи зонынад æмæ фæлтæрддзинадæй раивдзæни къултæ æмæ сфидар кæндзæни бындуры, афтæ ма – уæлхæдзары дæр).
«Берлины аллейы» цур Стыр æмæ Чысыл Лауахигомы æмæ Проны комæй лигъдæттæ цæрынц. Репортажы цæттæ кæныны рæстæджы Куртайы муниципалитеты гамгеобайы бæрнон кусджытæ цæрæнуатмæ ссæдтæ æрбаластой.
150-йы онг голлаг ссад административон бæстыхайы раз æрæвæрдтой. Цæрæнуаты та 300-йæ фылдæр бинонтæ цæры.
Куртайы муниципалитеты минæвар зæгъы, цæмæй гамгеобайы хæлар фæндонæй, ацы ссады Стыр Леуахигомæй лигъдæттæн байуардзысты.
«Куыд зонын афтæмæй, иннæ муниципалитеты гамгеобатæ дæр, Эреды æмæ Аунеуы муниципалитеттæ дæр баххуыс кодтой сæ бинонтæн», - зæгъы Зубашвили Гонери.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |