Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Хурвалеты Дзукъатыкъарийы сындзджын телгæрæнæй æрбадæттгæ бæгæны
Хурошвили Циурийæн, Дзукъатыкъарийы хъæуккаг Дудайты Любæ ирон
бæгæны æрбадæтта.
Уыдоны хæдзæртты ‘хсæнты уагъд сындзджын телгæрæн дæр нæ бахъыг дардта.
Авджы, сындзджын телгæрæны сæрты, 6-æм майы, Георгобайы бæрæгбоны цæхæрадонмæ æрбаппæрста.
Ацы боны ирæттæ нысан кæнынц «Уастырджийы бон».
Хурошвили Циури бирæ хæттыты баххуыс кодта Дзукъатыкъарийы хъæуы цæрджытæн:
«Телефонæй мæм радзурынц, афтекæй дам нæ хостæ хъæуы. Рецепт æмæ æхца нывæрынц парчъийы æмæ йæ афтæмæй цæхæрадонмæ æрбаппарынц. Æз дæр сын балхæнын хостæ нывæрын сæ парчийы æмæ сæ фæстæмæ баппарын уыдон цæхæрадонмæ», - зæгъы Хурошвили Циури.
Ирон бæгæны куыддæр уазджытæ æрбацыдысты афтæ байгом кодта æмæ иронау дæр ракуывта.
«Айразмæ мæ хъæбулы уырыссаг æфсæддонтæ æрцахстой. Ивар уыди фидинаг, ома дам арæнæй бахызти. Æгас хъæуæй æртымбыл кодтой æхца. Уым дæр бафыстой æмæ ма дзы цы суммæ баззад уый та ардæм рарвыстой. Бирæты æмдзуарджын у уыцырдыгæй», - зæгъы Хурошвили Циури.
Сындзджын телгæрæнмæ ‘ввахс цæры Пицхелаури Кетеван дæр.
Уымæ Гуцаты цæхæрадонæй тракторы уынæр æрбайхъуысти. Цæхæрадоны ацæргæ лæг зæхх тракторæй хуым кодта.
«Ацы лæг зынгæ къахпуртийæ хъазæг, Гуцаты Вовæйы æрвад у, Гуцаты Гурам. Ам цæрынц уыцы гуырдзиаг бинонтæ дæр, кæцытæ пенси мах банкы исынц. Арæх рахъуызынц æмæ ам сæ пенси райсынц», - зæгъы Пицхелаури Кетеван.
Дзукъатыкъарийы цæрæг Гуцаты Гурам (зынгæ къахпуртийæ хъазæг, Гуцаты Вовайы æрвад) йæ цæхæрадон кусы
Хурошвили Циури нын уыцы фæндаг уынын кæны, кæцы Дзукъатыкъаримæ цæуы æмæ дзы абон сындзджын телгæрæн ис уагъд

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |