Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Ирон фыссæг Джусойты Нафи йæ цардæй ахицæн
Ирон фыссæг, кæцы Илья Чъавчъавадзе æмæ Акъакъи Церетелийы уацмысты
ратæлмац кодта, абон йæ цардæй ахицæн.
Гуырдзыстоны зонæдты академийы уæнг, Джусойты Нафийы фæзианы фæдыл, хъынцъым кёнынц Иванэ Джавахишвили номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты центры æмкусджытæ.
Адæмон фыссæг, поэт, драматург, публицист, фольклорист, лингвист, литературæйы историк, тæлмацгæнæг, критик, Хетæгкаты Къостайы премийы лаурет 92-азы кары йæ цардæй ахицæн.
Джусойты Нафи райгуырди 1925 азы, 27-æм февралы Дзауы районы, Хæрдысæры хъæуы.
Куыддæр астæуккаг скъола каст фæци, афтæ хæст райдыдта æмæ Нафи барвæндонæй фронтмæ ацыди.
1945 азы фæззæджы Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты студент сси.
Нырма кандидатон диссертаци бахъахъхъæдта, стæй 1968 азы та – докторон диссертаци. Уый 400-онг зонадон куысты æмæ 12 монографийы автор у.
Джусойты Нафи – бирæ поэтон æмбырдгонды автор у. Бирæ æвзæгтыл ратæлмац кодта Нафи уацмыстæ, се хæн гуырдзиаг æвзагыл дæр.
Хæрзæрæджы Гуырдзыстоны культурæйы æмæ цыртдзæвæнты хъахъхъæды министрады æххуысæй мыхуыры рацыди йе мдзæвгæты дыууæвзагон æмбырдгонд (чиныджы сæйраг редактор у Тбилисы паддзахадон университеты профессор Попиашвили Нино, аразæг Беппиты Наирæ).
Тынг бирæ тæлмæцтимæ иумæ иттæг хорзæй ратæлмац кодта гуырдзиаг классикты: Гурамишвили Д., Чъавчъавадзе И., Церетели А., Табидзе Г. æмæ æндæр æнæмæлгæ уацмысты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |