Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Хæдзары ныккæнды Ергнеты, цыран музей арæзт æрцæудзæн
Ергнеты хъæуы, Члачидзе Лиайы хæдзары ныккæнды, 2008 азы августы
хæсты фæстиуджыты æвдисæг дзауматæ æмæ мигæнæнтæ æвæрд
æрцæудзæни.
Райдиан этапыл, ацы аз июлы мæйы, территори ссыгъдæггонд æрцæудзæни. Райдайдзысты æрмæджыты æмбырд кæнын, цыран хайад райсдзысты цæрджытæ æмæ регионы кусæг æнæхицауадон организациты минæвæрттæ.
Æрæмбырд дзаумæтты æмæ мигæнæнты нырма, æрдæгарæзт музейы бафснайдзысты, уыдон æхсæн, иу цæрæджы сыгъд автомашинæ дæр. Ацы машинæ 9 азы Члачидзе Лиайы хæдзары кæрты лæууы.
«Ай уыдзæни рухсадон тыгъдад, цыран гуырдзиаг-ирон æмахастытыл, адæмон дипломатийыл æмæ æндæр æнгæс æрдæмады фарстæтыл фембæлд-дискусситæ уагъд æрцæудзæни. Ам æвæрд æрцæудзæни сыгъд æмæ хæсты фæстиуæгæн зианбаййафæг æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæ, кæцытæ абоны онг æфснайдæй дарынц куыд дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты цæрджытæ, афтæ ма уыцы адæймæгтæ, кæцытæн 2008 азы августы цаутимæ цыдæр бастдзинад ис», - зæгъы Члачидзе Лиа.
Члачидзе Лиа æмбарын кæны, цæмæй уый нæ уыдзæни агрессийы музей:
«Ай уыдзæни уыцы тыгъдад, цыран ноджы иухатт банкъардзыстæм сабырдзинады æргъад æмæ уый æнæалтернативондзинады. Хæст не взары адæмыхатты, уый дыууæфарсырдыгæй дæр стыр зиан ракодта цæрджытæн. Ног фæлтæр хъуамæ фена æмæ зона, цавæр фæстиуджытæ æрхæссынц хæстон архæйдтытæ, æмæ уый тыххæй хъуамæ хайад райсой сабырадон процессты, цæмæй ма бауадзой æндыгъддзинады æмæ знагдзинады», - зæгъы Члачидзе Лиа.
2017 азы 8-æм августмæ Члачидзе Лиа, бархионтимæ иумæ, музейы интерьеры саразын план кæны. Хæсты рæстæджы ныппырхгонд тыгъдады ацы периодмæ ис аудио æмæ визуалон æрмæг.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |