Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Эргнеты гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг бархионтæ музейон ныккæнды ныссыгъдæг кодтой
Гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг бархионтæ Эргнетмæ ныццыдысты æмæ бынæттон
цæрæг, Члачидзейы цæрæн хæдзары ныккæнды ссыгъдæг кодтой. Тыгъдад,
кæцыйы августы хæсты музейæн спайда кæндзысты, æрыгæттæ ныссыгъдæг
кодтой сыджытæй.
Сыгъдæггæнæны акци 4 сахаты бæрц даргъ кодта. 12 æрыгоны хсæн, Европæйæ æмæ Америкæйæ, ивгæ программæйы фæлгæтты, Гурмæ æрцæуæг бархионтæ дæр уыдысты. Æрыгон фæсивæд ныккæнды æрмæст уæлейæ ныссыгъдæг кæнынмæ сарæхстытсты.
«Куыддæр фехъуыстам, æмæ Эргнеты хъæуы хæсты музей байгом кæнын плангонд цæуы, аскъуыддзаг кодтам Шида Картлийы бархионтæ æымбырд уыдаиккам æмæ нæ фæсарæйнаг æмгæрттимæ иумæ ацы бынаты ссыгъдæг кæныны сæрмагонд хай бахастаиккам. Мах ардæм ноджы æрцæудзыстæм æмæ цы нæ бон уа уымæй баххуыс кæндзыстæм», - зæгъы бархион Испариани Мариам.
Музейы байгом кæныны идейæйы автор экспонаттæ ныридæгæн æмбырд кæны. Члачидзе Лиа зæгъы, цæмæй хæсты рæстæгон дзауматы æмæ мигæнæнты æрæвæрынмæ ныккæнды ноджыдæр сыгъдæг кæнын хъæуы.
«Æрыгæттæн куыд сæ бон уыди, уый алцыппæтдæр сарæзтой, мæ цæст сæм дардтон æмæ æнæрулæфгæйæ зæрдæбынæй куыстой. Æнæпайда мигæнæтæ æмæ сыджытæй ныккæнды ссыгъдæг кодтой. Фæлæ, мæ фæнды зæгъын, цæмæй музейы байгом кæнынмæ астæрды сраст кæнынæн хъæуы нæлгоймаджы тых, чызджытæн уый саразын сæ бон нæ бауыдзæни. Бархионты хсæн та уыди цалдæр лæппуйы, фæлæ æрмæст уыдон ацы куыстытыл нæ фæтых уыдзысты. Хъуыды кæнын хæрзæввахс рæстæджы ацы процессы хиуæттæ дæр хайад райсой æмæ 8-æм августмæ æртымбыл экспонаттæ æнæхъæнæй сыгъдæггонд тыгъдады æрæвæрæм», - зæгъы Члачидзе Лиа.
Цалынмæ æрыгон фæсивæд Эргнеты ныууагътаиккой, Члачидзе Лиаимæ иумæ, ноджы уæрæхдæр масштабон сыгъдæггæнæн акцийы ауадзыныл баныхас кодтой, цыран алкæмæн дæр йæ бон у хайад райса
Фотойыл: Хæлардзинады хид «Картлоси» EVS ивгæ программæйы фæсарæйнаг бархионтæ æмæ Гуырдзыстоны бархионты Испириани Мариамы æмæ Терунашвили Ликайы клубы уæнгтæ.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |