Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты доны къанаутæ æмæ фæндæгтæ аразинаг сты
Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты, къæвдабонты рæстæджы æмæ донлæсæн
системæйы æдзæттæдзинадмæ гæсгæ, котеджтæм дон æрбакæлы. Котеджы
цæрджытæ зæгъынц, цæмæй цалдæр хатты курдиат кæй бадæттой, фæлæ
абоны онг проблемæ уæддæр æнæрбæстонгондæй зайы.
Лигъдæтты цæрæнуаты Стыр æмæ Чысыл Леуахигомæй, афтæ ма, цæугæдон Пронейы комæй лигъдæттæ цæрынц. Ацы рæстæджы, инфраструктурæ Гуры муниципалитеты гамгеобайы дæлбарады бын ис. Абоны уавæрмæ гæсгæ, не сты хаст инфраструктурон куыстытæ ауадзын, Эреды, Куртайы, Аунеуы æмæ Гуры муниципалитеты гамгеобайы.
«Тыхджын къæвдайы рæстæджы цæрæнуатмæ адæймаг нæдæр машинæйыл бацæудзæни æмæ æнæдæ фистæгæй, æрбæстон кæнинаг сты донлæсæн къанауты системæ æмæ ай тыххæй цалдæр хатты загътам, фæлæ нæм йæ хъусдарæг нæй», - зæгъы Хеиты хъæуæй лигъдон, Гочашвили Ламара.
Донлæсæн системæимæ иумæ проблемæ æвдисы цæрæнуатмæ уæвæг фæндаг дæр, кæцы бынæттон цæрджыты информацимæ гæсгæ, фæндагыл уыдон сæхи тыхтæй хуыр ныккалдтой.
«Ивгъуыд азы цалдæр сыхагæй æхца æртымбыл кодтам, æдæппæт æрæмбырд ис 300 лари æмæ дзы фæндагыл хуыр ныккалдтам, фæлæ фæндаг бынтон аразинаг у, нæ йæ зонæм кæмæ хауы, кæмæ фæдзурæм, кæмæй æркурæм, фæлæ факт уый у, æмæ кæй у æдзæттæ цæрæнуаты инфраструктурæ æмæ йæм ныр 8 азы дæргъы æркæсæг кæй нæй», - зæгъы ачабеттаг Гогидзе Гиорги.
Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæй тыхæй рацæугæ гоймæгты, лигъдæтты министрады дзыллон информацийы æмæ æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты хъусын кæнынц, цæмæй лигъдæтты цæрæнуатмæ фæндæгты реабилитаци министрады компетенцимæ нæ хауы.
2014 азæй, хæдхицауиуæгады реформæйы ауадзыны фæстæ, лигъдæтты цæрæнуæттæ бынæттон муниципалитетмæ лæвæрд æрцыдысты. Ацы рæстæджы ма, бынæттон хæдхицауиуæгады кодексы 164-æм пунктмæ гæсгæ, «Куртайы, Тигъвайы æмæ Эреды муниципалитеты органтæн бар ис ауадзой уыцы мадзæлттæ, кæцытæ комкоммæ баст сты цæрæнуаты цæрæг лигъдæттæн баххуыс кæныны тыххæй æмæ социалон æмæ цардуагон уавæрты фæхуыздæр кæнынæн».
Эреды муниципалитеты гамгеобайы информацимæ гæсгæ, 2015-2016 азты донæвæрæны реабилитацийы æмæ лæггæдты агентад Къаралеты цæрæнуаты уæвæг донлæсæн системæты æмæ мидæгон фæндаджы (доны цадгæнæн бынæтты) иу хайæн реабилитацион куыстытæ уагъд æрцыди, кæцыйæн бахардз ис 980 ларийы.
«Фæндæгтæн æнæхъæнæй реабилитаци уагъд не рцыди, æмæ ахæм курдиат нæдæр цæрджытæй райстам», - зæгъынц муниципалитеты.
Шида Картлийы информацион центр Гуры муниципалитетмæ дæр фæдзырдта, цыран банысан кодтой, цæмæй Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты донлæсæн системæйы æрбæстон кæнын æмæ фæндæгты реабилитаци кæнын ацы этапыл æркастгонд нæ цæуынц.
Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты 2008 азæй фæстæмæ 480 бинонтæ цæры, кæцытæн проблемон фарстытæ хæстæй 9 азы рацыды сæрмæ уæддæр æнæскъуыддзагæй зайынц.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |