Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Цхинвалæй æмæ Сухумæй пациентты курдиæттæ Тбилисы клиннæкæтæм фæфылдæр сты
Цхинвалæй æмæ Сухумæй Тбилисы клиникæтæм хос кæнынмæ æрцæуæг
пациентты нымæц фæфылдæр ис.
Фæстаг æртæ азы дæргъы, цхинвайлаг æмæ абхазаг пациентты нымæц, кæцытæ Тбилисы æмæ Кутаисы клинникæты хос кæнынц, 6-хатты фæфылдæр ис.
Ай фæдыл паддзахадон министр фидыдады æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Цихелашвили Кетеван абон расидти. Уый 2008 азы хæстæй 9 азы сæрмæ, æууæнкдзинады сæндидзыны нысанæй, министрады рдыгæй арæзт мадзæлтты хатдзæг сарæзтой. Иуæй-иу нысаниуæгджын программæйыл нымад æрцыди æнæзидзинад хъахъхъæнынады рдыгæй.
«Дзæвгар бирæ æрдæмадтыл æргомæй хъыгагæн мæ бон нæу дзурын ацы фарстæты политикон сенситиурондзинадмæ гæсгæйæ, фæлæ мæ бон у зæгъын, цæмæй иуæй-иу ахæм æрдæмад у лæвар æмæ гъæдджын æнæниздзинады программæ, кæцыйæ азты дæргъы пайда кæнынц оккупацигонд территорийыл цæрджытæ. Фæстаг æртæ азы дæргъы 6-хатты фæфылдæр цхинвайлаг æмæ абхазаг пациентты нымæц, кæцытæ ацы сервисæй спайда кодтой. Ныфс мæ ис, цæмæй æввахс рæстæджы ноджы сырæздзæн ацы статистикæ», - загъта Цихелашвили Кетеван.
Специалон медицинон басгæрстыты æмæ операциты ауадзыны нысанæй, Цхинвалæй æмбæстонтæ гуырдзыйы рдæм цæуын 2009 азæй райдыдтой. Уыдон сæйрагæйдæр Кутаисы æмæ Тбилисы медицинон уагдæттæм цæуынц. «Æнæниз дуне», - афтæ хуыйны проект, кæцыйы фæлгæтты дэ-факто Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы пациенттæ Гуырдзыстонмæ æрцæуынц. Уыдоны транспортир кæнын та Сырх Дзуары æхсæнадæмон камитет ифтонг кæны. Ацы организаци иунæг æхсæнадæмон организаци у ацы рæстæгмæ, кæцы Цхинвалы дæр кусы.
Проект, кæцыйæн гуырдзиаг фарс оккупацигонд территорийыл цæрæг алы кары пациенттæн дæтты – транспорты, лæвар диагностикæйы æмæ цæрæнуат. Уыдоны иу хай сæйраг проблемæйыл нымайы де-факто хицауады барлæвæрд райсын.
Цхинвайлаг æмæ гуырдзиаг пациентты æмæ дохтырты æмбастдзинады темæйыл хæстæй 9 азы сæрмæ хæларады хид «Картлос» специалон чиныг мыхуыр кæны.
«Дохтыртæ сабырдзинадæн» презентаци мæйы кæроны арæзт æрцæудзæни. Чиныгмæ бахаст историты автортæ оккупацигонд территорийыл цæрæг пациенттæ дæр сты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |