Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Августы хæсты фæтарыгонд æфсымæр æмæ Гуры сæфт социалон æххуыс
Паркашвили Джумбер августы хæсты фæтарыгонд æфсымæрмæ ныр дæр
æнхъæлмæ кæсы. Æнæ гæсгæйæ уымæ, æмæ 2011 азы Паркашвили Бежан
æбæрæг сæфтыл нымад æрцыд, уæддæр Паркашвили Джумберы ныфс ис æмæ
æнхъæлмæ кæсы йæ разындмæ.
Паркашвили Бежаны, 9 къаралеттаг æмбæстагимæ иумæ, гæрзифтонг æмбæстагон гоймæгтæ 2008 азы 12-æм августы акодтой. Гуырдзиаг уацайрæгтæ Цхинвалæй фæстæмæ ‘рбаздæхтысты, фæлæ се ‘хсæн Паркашвили Бежан нæ уыди, уый нал разынди. Йе ‘мхъæуккæгтæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, криминалон дæлкъорды уæнгтæ Бежаны фæндагыл тынг карз над фæкодтой, уымæн æмæ, йæ куыд этникон ирон, «уæйгæнæгыл» нымадтой.
«Бежан архайдта йе ‘мхъæуккæгтæн баххуыс кæнын. Æз дæр ирон дæн, адон махæн ницы æвзæрдзинад сарæзтой æмæ дам сæ ма амарут, зæгъгæ. Мæ фыды дæр кодтой, фæлæ сыл уырыссаг æфсæддон схъæртæ кодта, кæдæм дам æй кæнут зæронд лæджы. Мæ фыды нал акодтой, иннæты ме ‘фсымæримæ иумæ ракодтой уацары», - зæгъы Паркишвили Джумбер.
2017 азы январы мæйæ уымæн социалон æххуыс нал раттой, кæцыйы 2015 азæй иста. Æххуысы нал раттыны аххосаг ног закон сси, кæцы 2016 азæй йæ тыхы бацыд. Саргъкæныны критериуммæ гæсгæ, раст у, цардуагон мигæнæнтæ нымад нал цæуынц хъæздыгдзинадыл, фæлæ, коммуналон фидинæгты (дон, электоэнерги, сыгъдæг кæнын) бæрцмæ гæсгæ Паркашвили Джумберы гæвзыккыл нал банымадтой.
Арæнгонд гæнæндзинæдты уæвæг гоймаг, Паркашвили Джумберæн зæххы куыст йæ бон нæу, Къаралеты хъæуы иунæгæй цæры. Уæдæй фæстæмæ, йæ бон куы нæ уал у цæуын, йæ бинойнаджы йæхимæ ныффыста. «Мæ бинойнаг ам æрмæстдæр цалдæр боны вæййы, Тбилисы кусы зилæгæй, хъæбултæ дæр хицæнæй цæрынц сæ бинонтимæ. Хъæуы сæйрагæйдæр æз вæййын, цæрын иунæгæй. Сæйраг проблемæ мын хæлцадон продуктты æлхæнæн вæййы. Пенси, кæцы мын снысангонд ис, æртæ азы кредиты хуызæй, развæлгъау райстон. Ныртæккæ, пенсийы суммæйæ цухгонд цæуы», - зæгъы Паркишвили Джумбер.
Социалон лæггæдты агентады хъусын кæнынц, цæмæй Паркашвили Джумберæн социалон æххуысы райсыны тыххæй йæ бон у ног курдиат æрбадæтта 2017 декабры мæйы, уымæн æмæ раздæры курдиат æркастгонд уыди 2016 азы декабры мæйы.
Йе ‘фсымæры историйы тыххæй та, къаралеттæгтæ зæгъынц (адæмы хахъхъæнынады минæвары ‘рдыгæй лæвæрд курдиатмæ гæсгæ), уый уыцы изæр иу ирон æфсæддон лæг йæ хæдзармæ акодта.
«Æгас фæндагыл Бежаны газелы типы хуызæн микроавтобусы надтой. Фæндагыл иу æрурæдтой æмæ сæхи æфсæддонтæн дзырдтой, уацайрæгтæ дам нæм ис æмæ дам сæ нæ амардзыстут? Алы ран дæр сын нæ куы загътой, уæд сæ иу фæстагмæ хъæрæй загъта, æз дам сæ мæхæдæг амардзынæн. Стæй иу ирон æфсæддон лæг разынди нæ ирвæзынгæнæг, йæ мад гуырдзиаг уыд. 7 азмæ иу гуырдзиаг хъæуы хъомыл кодта. Уый нын загъта, адон дам гуырдзиæгтæм тынг мæсты сты, сабибонты рæстæджы дам ын йæ хо амардтой. Кæд дам уæ Цхинвалæй ракæнын мæнæн мæ бон не суа, уæддæр дам уæ Цхинвалы милицæмæ бакæндзынæн æмæ дам уæ уым нæ амардзысты. Уæддæр уыйас сарæзта æмæ нæ æнæфыдбылызæй Цхинвалæй рахизын кодта. Бежан сæрæй дæр немæ нал уыди», - зæгъынц раздæры уацайрæгтæ.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |