Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Мурайы уазджытæ Владикавказæй æмæ Тбилисæй
Иннæ сæрдмæ Кудухты сыхы сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæбайы уынæр
Кудухашвили Важа, йæ бинойнаг Заалишвили Мариам æмæ Кудухашвили
Цицино нал фехъусдзысты.
Ахуыры азы райдыдмæ, цалдæр боны раздæр, сæ хъæбулы хъæбултæ æмæ се ‘ввахс хиуæтты хъæбулы хъæбултæ хъæуы ныууагътой. Къæвдаты æруарыны фæстæ хъæумæ бацæуæн нал вæййы, фæндаг фехæлы. Хъæуы ничиуал баззайы, иууылдæр ацæуынц æрмæст ма дзы баззайы иу хæдзары бинонтæ. Хъæуы æдæппæт ис аст хæдзары.
Биганашвили Важа зæгъы, цæмæй райгуырæн хъæуы уæлдæф сæрмагонд у. Уый Тбилисы цæры. Нормалон фæндаджы уæвыны цауы, хъæумæ æрбацæуын зымæджы къуыри иу хатт уæддæр йæ бон уаид. Ацы сæрды уый нуазыны дон æмæ дыргътæ горæтæй хаста иуылдæр.
Йæ фыдæлты хæдзармæ Владикавказæй æмæ Тбилисæй сывæллæттæ улæфынмæ æрцыдысты.
«Ай у уникалон фарс, ам ис уникалон уæлдæф. Ай у нæхи Гуырдзыстон, нæхи бæстæ. Амæй хуыздæр бынатмæ кæдæм хъуамæ акæнай сывæллæтты?», - зæгъы Биганашвили Важа. Уый ныфс ис, æмæ зæрырдæм ардæм æрцæудзæн æмæ йæм йæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ ардæм цæудзысты, куыд ныртæккæ уый æрцæуы йæ фыдмæ.
«Мæ мад куы фæзиан, зæгъæн ис æмæ йæ стыр зынтæй баныгæдтам. Тынг цъыфтæ уыди, фæндаг тынг цауд уавæры, æрбахизæнтæ нæ уыд. Адæм æрмæст ууыл хъуыды кодтой, цæмæй рæстæгыл раирвæзтаиккой ардыгæй. Ам фæндаг арæзт куы нæ рцæуа, мах фæстæ чи баззайдзæн ам? Мах ма дарæм нæ хъус ардæм, æндæра ам куынæггонд æрцæуид алыппæт дæр», - зæгъы Биганашвили Важа.
Дзуры нын, йæ сабибонты цæхæрæдæтты, дыргъдæтты куыд хъæздыг тыллæг зади. Дон дæр арæх уыд, донхорыг цыдысты цæхæрæдæттæ алцыдæр хорз зад. Зымæджы мит дæр æмæ къæвда дæр уыд, фæлæ уым цæрынæн тæссаг никуы уыди. Донхорыггæнæн къанау, 2008 азы августы хæсты фæстæ, æхгæд æрцыд. Доны сæрмæ сæ Уæрæсейы арæнон æфсады хæйттæ нæ уадзынц.
Кудухашвили Цицино æнæхъæн сæрды хъæуы арвыста. Уый фæзæджы æмæ зымæджы дæр, зæгъæн ис æмæ, æрвыл хуыцаубоны вæййы хъæуы. Ам уæвын уымæн стыр æхцондзинад у. Йæ хъæбулы уæлмæрд ам ис. Тбилисмæ та, уый тыххæй ацæуы, цæмæй йæ хъæбулы хъæбулты фена.
«Мæ мой ам фæзиан. Аскъуыддзаг кодтам, цæмæй марды Тбилисы баныгæдтаиккам. Фæндагыл машинæ сфæлдæхти æмæ нын æндæр гæнæн нал уыди, фæстæмæ раздæхтыстæм. Тынг хæлд фæндæгтæ сты ам», - зæгъы Кудухашвили Цицино. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Кудухты сыхы йæ иунæг ныфс у йе ‘рвадæлты лæппу æмæ Кудухашвили Важа йæ бинойнагимæ.
Кудухашвили Важайы бинойнаг Заалишвили Мариам Квемо Чъалайы астæуккаг скъолæйы ахуыргæнæгæй кусы. Фæндæгты сæхгæды рæстæджы, Квемо Чъалайы йæ хæстæджытæм баззайы. «Важа иунæгæй вæййы, æрмæст хæдзары нæ фæлæ, æгас хъæуы. Иу хатт, машинæйы бын цыдæр арæзта. Æнæнхъæлæджы машинæ фенкъуыстис æмæ йæ бынæй рабырын йæ бон нал баци. Цалынмæ æз æссыдтæн æмæ йын нæ баххуыс кодтон рабырынæн, уæдмæ йын чи баххуыс кодтаид уый ничи уыд», - зæгъы Заалишвили Мариам.
Дон ивгъуыд азы сарæзтой, фæлæ не скуста. Резервуары мидæг доны æмвæзад æрныллæг ис æмæ хæрдыл, Кудухты сыхмæ нал хæццæ кæны. Хъæуы хицау Месропашвили Степане зæгъы, зæгъгæ, дебеты къаддæрдзинад хурбонтæ кæй уыдис уый расайдта. Фæндаджы тыххæй та, уый ныхасмæ гæсгæ, проект фидæн аз арæзт æрцæудзæнис.
«Квемо Чъалайæ Кудухты сыхмæ 2,8 километры бæрц у. Иннæ азы проект арæзт æрцæудзæн æмæ кæд финансон æххуыс уыдзæни, уæд уыцы азы фæндаг сасфалт кæндзысты. Дихгæнæг хаххы цур æртæ хъæумæ ис аразинаг фæндаг, уыдон сты: Сакоринтело-Ахалшен, Фæзуат-Пантиан æмæ Горака- Кудухты сых. Фыццаджыдæр, Сакоринтело-Ахалшен арæзт æрцæудзæн, стæй этапонæй ам дæр сасфалт кæндзысты», - зæгъы Месропашвили Степане.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |