Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Тбилисы паддзахадон университеты уагъд æрцыд конференци «Гуырдзиаг-ирон æмахастытæ – истори æмæ нырыккондзинад»
Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты
академик Георги Ахвледианийы æмæ академик Абайты Васойы номарæн III
æхсæнадæмон æртæбонон конференци «Гуырдзиаг-ирон æмахастытæ –
истори æмæ нырыккондзинад» кæронмæ ахæццæ.
Мадзалыл хайад райстой Тбилисы паддзахадон университеты ректор Шарвашидзе Георги, Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонад-иртасæн центры директор Беппиты Наира, Хуссар Ирыстоны администрацийы разамонæг Санахъоты Димитр, гуырдзиаг, ирон æмæ фæсарæйнаг зонадон кусджытæ, профессортæ, æндæр æмæ æндæр къабазы ахуыргæндтæ æмæ студенттæ.
Университет фысымиуæг кодта уыцы зонадон кусджытæн æмæ иртасджытæн, кæцытæ кусынц гуырдзиаг-ирон æмахастытыл. «Ацы аз бирæ иртасджытæ æрцыдис æндæр æмæ æндæр бæстæтæй. Ис нæм уазджытæ Казахстанæй, Италийæ, Британийæ æмæ æндæр рæттæй. Иттæг бæрзонд цымыдис и æмæ мæ ныфс ис, цæмæй базонгæ уыдзынæн бирæ ног цымыдиссаг иртасæнимæ. Тбилисы паддзахадон университеты сырæзты бонæй стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы кавказаг æвзæгтæн, сæрмагондæй та ирон æмæ абхазаг æвзæгтæн. Ай у æнæаскъуыйгæ традици æмæ мах ацы традициты дарддæр кæнæм», - банысан кодта Шарвашидзе Георги.
Конференцийы организатор уыд Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонад-иртасæн центры директор Беппиты Наира: «Иумæйаг темæтæ нын æххуыс кæнынц, цæмæй ноджы арфдæр сахуыр кæнæм æмæ раиртасæм уыцы фарстæты, кæцытæ абон фылдæр цымыдисон сты зонадон кусджытæн», - загъта Беппиты Наира.
«Мæнæн та ацы конференци тынг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ, ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ ахуыр кæнын, тынг мæ цымыдис кæны ирон-гуырдзиаг æмахастытæ. Хъуыды кæнын, цæмæй ирон æмæ гуырдзиаг æвзаджы историйы иттæг нысаниуæгджын уыд культурон контактытæ», - банысан кодта италиаг профессор Виторио Спрингфилд Томелерим.
Конференцийы нысан у къух сараза гуырдзиаг-ирон æмахастыты ног этапыл ахизынæн, нырыккон интердисциплинон иртасæнтæн. Мадзалы организатор у Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонад-иртасæн центр.
Конференцийы фæлгæтты байгом равдыст «Гуырдзиаг-ирон æмахастытæ университеты чиныгдоны». Равдыстыл цыран æвдыст уыдис ирон æвзаг ахуыргæнæн чингуытæ, гуырдзиаг-ирон æмæ ирон-гуырдзиаг дзырдуæттæ, гуырдзиаг-ирон культурон-литературон æмахастыты æвдисæг нырыккон литературæ æмæ зынгæ гуырдзиаг зонадон кусджыты, уыдон æхсæн университеты иуæй-иу бындурæвæрæг, Георги Ахвледианийы зонадон куыстытæ ирон æвзаджы грамматикæйыл. Афтæ ма Тбилисы паддзахадон университеты музейы равдысты залы уагъд æрцыд равдыст – «Академик Георги Ахвледиани – ирон æвзаджы иртасæг».

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |