Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Ирон æвзаджы урок Нигозайы астæуккаг скъолæйы
Ачабеты хъæуæй лигъдон Гаглойты Заира къуырийы мидæг дыууæ хатты Нигозайы астæуккаг скъолæмæ цæуы. Уый Цъерованы котеджты цæры. Августы хæсты агъоммæ Заира Тамарашены хъæуы астæуккаг скъолæйы ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй куыста. 9 азы размæйы ахуыргæнæджы куыст хæсты фæстæ дæр адарддæр кодта æмæ йæ кусынмæ арвыстой Нигозайы хъæуы астæуккаг скъолæмæ.

Къаспы муниципалитеты Нигозайы хъæуы астæуккаг скъолæмæ ахуырдзаутæ цалдæр хъæуæй цæуынц. Ацы ран иумæ фæрсæй-фæрстæм гуырдзиаг æмæ ирон сабитæ ахуыр кæнынц. Санахъоты Дмитрийы администрацийы финансгондæй, æмхæццæ хъæуты ирон æвзаг сахуыр кæнынæн ахуыргæнджытæ арвыстой . Уыдон нымæцы Нигозайы скъолæ дæр бахаудта.

Скъолæйы ирон æвзаг дыууæ – кæстæр æмæ хистæр къордæн амонынц. Зæгъæм, кæстæр къорды 8 ахуырдзау ис, кæцыты иу хай Ренейы хъæуæй цæуы, дыккаг хай Чобалаурийæ, иннæ хай та бынæттонтæ сты.

Къорды уæнг, 8-æм къласаг Хохашвили Алан скъолæмæ Ренейы хъæуæй цæуы. Нана – нигозаг у; Такъо та – чобалаураг. Уыдон иу къласы ахуыр кæнынц, сты æмкъласæгтæ æмæ къорды дæр иумæ сты. Скъолæйы предметты Гуырдзыстоны национ программæйæ ахуыр кæнынц. Гуырдзиаг æвзагыл замманай хорз ныхас кæнынц æмæ фыссынц.



Гаглойты Заира – цæры Цъерованы. У лигъдон Стыр Леуахигомы Ачабеты хъæуæй. Æнæуи та цхинвайлаг у. Йæ мой 2008 азы августы хæсты рæстæджы хъæуы баззадис æмæ фæзиан.

«Санакоевы администрацийы æххуысæй, ирон æвзаджы программæ 6 азы размæ райдыдта. Ам нын тынг æххуыс кæны ахуырады хайады разамонæг Цотниашвили Сосо æмæ йæ хæдивæг Кокойты Зæринæ. Ахуыргæнæн чингуытæ мах нæхæдæг сарæзтам. Тынг нын æххуыс кæны Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонадон центры директор Беппиты Наира», - зæгъы Гаглойты Заира.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, ирон æвзаг бынæттон гуырдзиæгтæ дæр ахуыр кæнынц. «Уый сын кæрæдзиимæ æмахастыты æмæ æмгардзинад кæнынæн æххуыс кæны. Ацы программæйы идейæ дæр раст кæрæдзийæн лæггад кæнын æмæ хуыздæр æрбаввахс кæнынæн у», - зæгъы Гаглойты Заира.

Ацы хъæуты 90-æм азты конфликт зæгъæн ис æмæ нæ бахъыгдардта. Фæлæ амæ æнæгæсгæйæ, уæддæр цалдæр хæдзары бинонтæ тыхфæлгъуыдæй алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Ныртæккæ, уыдонæй сæ иухай фæстæмæ æрыздæхтис. Уым, Владикавказы чи баззадис æмæ кусын райдыдта, уæлдайдæр, æрыгон фæлтæр, Нигозайы темы хъæутæм сæ хæстæджытæм уазæгуаты арæх æрцæуынц.

«Ахуырады министрад æмæ ресурсцентр, æмæ, иумæйагæйдæр, хицауад нæм иттæг стыр хъусдард дары. Скъолæ цалцæггонд у, чингуытæй дæр ифтонггонд стæм æмæ нын алы уавæр дæр ис, цæмæй сывæллæттæ райсой аккаг ахуырад. Сыхаг хъæутæй сабитæн транспорт лæггад кæны æмæ сын цæуыны проблемæ никуы вæййы», - зæгъы скъолæйы директор Миделашвили Леди.





Ренейаг Аленæмæ æнхъæлмæ кæсынц чобалаураг Тамта æмæ нигозаг Нана.




Алиса æмæ Алан иронау ныхас кæнынц. Уыдон кæрæдзийæн салам загътой. Алиса Аланы фæрсы, зæгъгæ, нын кæцы уроктæ ратта ахуыргæнæг.



Алан æмдзæвгæ дзуры «Зивæггæнаг» - райсом раджы хъуамæ фестай, уроктæм ма рæджы кæнай æмæ хорз ахуыр кæнай.



Мариамы æмдзæвгæ мады тыххæй у – мады ма хъуамæ мæсты кæнай.



Матейы æмдзæвгæ чиныгмæ хауы – чиныг рухсад у, зонынады мад у.



Лаликойæн йе мдзæвгæ бæркадджын фæззæгыл у – бирæ тыллæг æрзади, быдырты бирæ кæрдæг ис æмæ стуртæ цин кæнынц. Аннæйы æмдзæвгæ та, хъарм бæстæтæм атæхгæ мæргътыл у.




Тазойы æмдзæвгæ гæдыйыл у, кæцы хæдзары къонайы фарсмæ хуыссы æмæ агъæуттæ кæны.



Иринайы æмдзæвгæ уалдзæгыл у – тайы мит æмæ их. Лæппу ахсы гæлæбуйы, кæцы йын лæгъстæ кæны, цæмæй йæ ауадза.




Нанайы æмдзæвгæ Гуырдзыстоныл у – райгуырæн бæстæ хъуамæ алчидæр бирæ уарза, иугонд æмæ фидар.


Æвзаджы фарст этникон чысылдæр хæйттæй цæрæг хъæуты.

Адæмон хъахъхъæнæг позитивон аргъ дæтты ахуырады министрады ацы уынаффæйæн, кæцымæ гæсгæйæ 2015-2016 азты Гуырдзыстоны иуæй-иу скъолæты фадат ис чысыл нымæцон национ чысылдæр хæйтты мадæлон æвзæгтæ сахуыр кæнын, зæгъæм ирон æвзаг, асириаг, удигъаг, курдаг (курманджи), авайраг (хундзури).

Цæвиттонæн, нырма ноджы, 2014 азы январы мæйы, Нануашвили Учайы инициативæй, адæмон хъахъхъæнæджы аппараты арæзт æрцыд консултацион, æдзухархайæг совет ирон форум, кæцы Гуырдзыстоны цæрæг ирон темы минæвæртты æмæ активистты иу кæны æмæ кæцыйы нысан у этниконæй ирон æмбæстонты барты бахъахъхъæнын, гæрзифтонг конфликттæй адардгонд цæрджыты хсæн æууæнкдзинад æмæ хæлар æмахастыты сног кæнын æмæ ацы нысанимæ рекомендацитыл бакусын.

Ирон форумы кусгæйæ цалдæр нысаниуæгджын проблемæ рабæрæг, фæлæ алкæмæй фыдуавæры уæддæр ахуырады фарст лæууы. Конкретонæй та: фыццаг у, мадæлон æвзаг ахуыр кæныны проблемæ.

Иумæйаг ахуырады фæдыл закъоны 4-æм статья, 3-аг пунктмæ гæсгæ, «Гуырдзыстоны æмбæстонтæн, кæцытæн гуырдзиаг æвзаг мадæлон нæу, уыдонæн бар ис сахуыр кæной æмæ райсой иумæйаг ахуырад сæ мадæлон æвзагыл». Уыимæ ма иумæ, «Национ чысылдæр хæйтты хъахъхъæнын фæдыл» Европæйаг фæлгæт Конвенцийы 14-æм статья, 1-аг пунктмæ гæсгæ, «Фæрстæ исынц хæсдзинад разы уой, цæмæй кæцыфæнды гоймагæн, кæцы хауы национ чысылдæр хаймæ, бар ын уа сахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг».

«Фæнысанкæнинаг æмæ райсинаг у, цæмæй Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ администрацийы ахуырады департаменты æххуысæй, ирон æвзаг ахуыргæнæн къордтæ арæзт кæй æрцыд Тбилисы 98-æм астæуккаг скъолæйы, Къаспы муниципалитеты Нигозайы хъæуы астæуккаг скъолæйы, Цъерованы астæуккаг скъолæйы æмæ Гуры 5-æм астæуккаг скъолæйы. 2008 азæй та, лигъдæтты компактон цæрæнуаты. Фæлæ, скъолæты ирон æвзаг, куыд предмет афтæ ахуыр кæнын, нæ уайы, уымæн æмæ, абоны онг нæй ирон æвзаджы ахуыргæнæн паддзахадон стандарт», - нысан кæны адæмон хъахъхъæнæг йæ хыгъдлæвæрды.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.