Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Елбакианийы – гуыдырæй æхгæд хæдзæрттæ
Рачъайæ ралидзгæ цагъар-Елбакидзе йæхи бамбæхсынæн ацы бынат
равзæрста. Куыд загътой уымæ гæсгæ, æлдары амардта, æндæр гæнæн ын
нæ уыдис æмæ уырдыгæй ралыгъдис. Дзамайы комы цæугæдоны тæрфы йæхи
бааууон кодта æмæ галиуфарс доныбыл хъæдæй æмбæрзт бынаты æрцардис,
цыран йæ мыггаг сбирæ. Абон ныр Елбакидзетæ æртæ хъæуы цæрынц,
дзурынц, зæгъгæ дам, рачъайæгтæ сты, фæлæ ирон æвзаг хистæр фæлтæры
адæм сеппæт дæр зонынц. Кæстæр фæлтæр та, Гуырдзыстоны æндæр æмæ
æндæр горæтты цæрынц. Сæ иу хай – Цæгат Ирыстонмæ ацыдис.
90-æм азты райдайæны, ацы комы, иу адæмаджы амарын хæдзæртты сафтид кæнынæн фаг бындур разынди. Дзурынц, зæгъгæ дам, конфликты сцырыны рæстæджы, хъæу иу æхсæвы мидæг сафтид ис. Цасдæр рæстæджы фæстæ хæдзæртты дуæртты гуыдыртæ сызгæ сты. Ситуацийы æрсабыры фæстæ, сæ байгом кодтой.
84-аздзыд Елбакидзе Машико йæ 25 хъæбулы хъæбулты уалдзæгмæ нал фендзæнис. Дзуры, цæмæй йæхи сæрмагонд фæдонтæй сæ иу хай фæсарæнтæм ацыдис, иннæ хай та сæйраг горæты цæры. 10 хъæбулæй ма йын абон 5 чызг баззад. Лæппутæ æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ, æнафон кары фæзиан сты.
Æгас боны дæргъы хæдзарон мæргътæм зилы. Йæ сæнæфсиры дæр йæхæдæг æрдыгъта, сыхæгты ницæмæй бахъыгдардта – алкæмæн дæр дам йæхи хъуыддаг ис.
Абоны онг, хъæуы йæ алыварс хæдзæртты фылдæр хайæн сæ дуæрттæ хгæд сты, зæгъæн ис æмæ уыдæнæн сæ фылдæры дуæрттæ фæззæджы фæуды æхгæд æрцæуы.
«23 фæдоны мын ис, дыууæ чысыл хъæбулты хъæбулмæ ноджы æнхъæлмæ кæсын. Алчидæр сæ æндæр æмæ æндæр ран цæры, чи дзы фæсарæнты ис, уым кусынц. Уыдонæн дæр мæгуыр цард ис æмæ уый тыххæй ацыдысты. Æндæра ацы кары сылгоймаг, иунæгæй уыдаин хъæуы?», – зæгъы нын Елбакидзе Машико.
Комы дымгæ бон стæм хатт вæййы, фæлæ, йын ивгъуыд азы стихийы рæстæджы йæ хæдзары æмбæрзæн фехæлд. Зæгъы, зæгъгæ дам, дымгæ афтæ фехæлдта уæлхæдзары æмæ йæ сыхæгтæй райсгæ шифертæй бацалцæджытæ кодта. Æнæгæсгæйæ уымæ, уæддæр къæвдайы рæстæджы къултæй дон хъары.
Елбакиани, куыд уæлдæр нысангонд цæуы, Дзамайы галиуфарс донбыл ис. Чысыл цæугæдоныл хид арæзт ис. Доны рахизфарсыл сæйраг магистрал цæуы. Карелæй ног фæндаг, растдæр, ацы хъæуы онг у арæзт. Бынæттон гамгеоба зæгъы, зæгъгæ дам, фæндаджы арæзтад 2018 азы дæр аддæрддæр уыдзæн. Планы ис, цæмæй фæндаг Козифайы моладзандоны онг арæзт æрцæуа.
Хъæуæй хиды иннæ фарс, дыууæуæладзыгон цæрæн хæдзары Руисы эпархи балхæдта. Ам ныртæккæ моладзантæ цæрынц. 2017 азы, моладзанты хæдзары фарсмæ ног аргъуаны арæзтад райдыдта:
«Ацы комы 30-æй фылдæр ног аргъуаны арæзт æрцыд» - зæгъы нын Мад Эвтали, кæцы бирæ азты дæргъы аргъуанон цард кæны. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, иттæг стыр хайбавæрд ис аргъуанты арæзтады меупе Йобæн, кæцы комы алы къахдзæфыл, цырандæриддæр гæнæн ис, аргъуантæ аразы.
Ацы ног аргъуанты нымæцы ис мæдты моладзандон дæр. Уый Кетеван Цъамебулийы номыл уыдзæнис. Мад Эвтали дзуры, цæмæй адæймаджы удон сабырдзинадæн æппæты хуыздæр бынат у.
«Тагъд æххуысмæ фæдзурæм, фæлæ алцæй тыххæй æрвылхатт уымæ куы нæ дзурдзыстæм? Сæхæдæг дæр смæсты вæййынц, уый тыххæй æмæ дам уыцы рæстæджы чизоны уæззау пациенты бахъæуæм. Уымæ гæсгæ уæ, курæг стæм, цæмæй нын иу медицинон хо уæддæр уа хъæуы мидæг, судзинаразæг» – зæгъы Елбакидзе Венера. Уый хъæбултæ дæр горæтмæ ацыдысты куысты фæдыл.
Елбакианты хъæуы æдæппæт 20 хæдзары онг ис, адонæй, иу мыггаг ис Читишвили, иннæтæ иуылдæр – Елбакидзетæ сты.
90-æм азты райдайæны, ацы комы, иу адæмаджы амарын хæдзæртты сафтид кæнынæн фаг бындур разынди. Дзурынц, зæгъгæ дам, конфликты сцырыны рæстæджы, хъæу иу æхсæвы мидæг сафтид ис. Цасдæр рæстæджы фæстæ хæдзæртты дуæртты гуыдыртæ сызгæ сты. Ситуацийы æрсабыры фæстæ, сæ байгом кодтой.
Елбакидзе
Машикойы фæдон
84-аздзыд Елбакидзе Машико йæ 25 хъæбулы хъæбулты уалдзæгмæ нал фендзæнис. Дзуры, цæмæй йæхи сæрмагонд фæдонтæй сæ иу хай фæсарæнтæм ацыдис, иннæ хай та сæйраг горæты цæры. 10 хъæбулæй ма йын абон 5 чызг баззад. Лæппутæ æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ, æнафон кары фæзиан сты.
Æгас боны дæргъы хæдзарон мæргътæм зилы. Йæ сæнæфсиры дæр йæхæдæг æрдыгъта, сыхæгты ницæмæй бахъыгдардта – алкæмæн дæр дам йæхи хъуыддаг ис.
Абоны онг, хъæуы йæ алыварс хæдзæртты фылдæр хайæн сæ дуæрттæ хгæд сты, зæгъæн ис æмæ уыдæнæн сæ фылдæры дуæрттæ фæззæджы фæуды æхгæд æрцæуы.
«23 фæдоны мын ис, дыууæ чысыл хъæбулты хъæбулмæ ноджы æнхъæлмæ кæсын. Алчидæр сæ æндæр æмæ æндæр ран цæры, чи дзы фæсарæнты ис, уым кусынц. Уыдонæн дæр мæгуыр цард ис æмæ уый тыххæй ацыдысты. Æндæра ацы кары сылгоймаг, иунæгæй уыдаин хъæуы?», – зæгъы нын Елбакидзе Машико.
Комы дымгæ бон стæм хатт вæййы, фæлæ, йын ивгъуыд азы стихийы рæстæджы йæ хæдзары æмбæрзæн фехæлд. Зæгъы, зæгъгæ дам, дымгæ афтæ фехæлдта уæлхæдзары æмæ йæ сыхæгтæй райсгæ шифертæй бацалцæджытæ кодта. Æнæгæсгæйæ уымæ, уæддæр къæвдайы рæстæджы къултæй дон хъары.
Моладзантæ – Елбакианы ног
цæрджытæ
Елбакиани, куыд уæлдæр нысангонд цæуы, Дзамайы галиуфарс донбыл ис. Чысыл цæугæдоныл хид арæзт ис. Доны рахизфарсыл сæйраг магистрал цæуы. Карелæй ног фæндаг, растдæр, ацы хъæуы онг у арæзт. Бынæттон гамгеоба зæгъы, зæгъгæ дам, фæндаджы арæзтад 2018 азы дæр аддæрддæр уыдзæн. Планы ис, цæмæй фæндаг Козифайы моладзандоны онг арæзт æрцæуа.
Хъæуæй хиды иннæ фарс, дыууæуæладзыгон цæрæн хæдзары Руисы эпархи балхæдта. Ам ныртæккæ моладзантæ цæрынц. 2017 азы, моладзанты хæдзары фарсмæ ног аргъуаны арæзтад райдыдта:
«Ацы комы 30-æй фылдæр ног аргъуаны арæзт æрцыд» - зæгъы нын Мад Эвтали, кæцы бирæ азты дæргъы аргъуанон цард кæны. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, иттæг стыр хайбавæрд ис аргъуанты арæзтады меупе Йобæн, кæцы комы алы къахдзæфыл, цырандæриддæр гæнæн ис, аргъуантæ аразы.
Ацы ног аргъуанты нымæцы ис мæдты моладзандон дæр. Уый Кетеван Цъамебулийы номыл уыдзæнис. Мад Эвтали дзуры, цæмæй адæймаджы удон сабырдзинадæн æппæты хуыздæр бынат у.
«Хъæуы нæм судзин чи сараза уый
нæй».
Елбакидзе Венерайы хæдзар мæдты моладзандоны фарсмæ ис. Сылгоймаг
фыццаг боны бавзæр ис æмæ йæ давлени хостæй æрдæлæмæ кæнын
бафæрæзта. Тыхсы, цæмæй хъæуы судзин чи сараза ахæм медицинон хо
кæй нæй:«Тагъд æххуысмæ фæдзурæм, фæлæ алцæй тыххæй æрвылхатт уымæ куы нæ дзурдзыстæм? Сæхæдæг дæр смæсты вæййынц, уый тыххæй æмæ дам уыцы рæстæджы чизоны уæззау пациенты бахъæуæм. Уымæ гæсгæ уæ, курæг стæм, цæмæй нын иу медицинон хо уæддæр уа хъæуы мидæг, судзинаразæг» – зæгъы Елбакидзе Венера. Уый хъæбултæ дæр горæтмæ ацыдысты куысты фæдыл.
Елбакианты хъæуы æдæппæт 20 хæдзары онг ис, адонæй, иу мыггаг ис Читишвили, иннæтæ иуылдæр – Елбакидзетæ сты.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |