Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
«Дывæр» æмбæстаг Зардианкъарийы «æнæконтролон зонæйы» цæры
«Цъæх æмбонды» къулдуары цур, Хелцуайы рдыгæй, уырыссаг æфсæддонтæ
фæззыгон дидинджытæй фæндаг уисойæ сыгъдæг кодтой. Æмбонды
иннæрдыгæй та, Зардианкъарийы рдыгæй, æнгуз бæласы бын бадти
Гобозты Киазо.
93 аздзыд Гобозты Киазо Зардианкъарийы хъæуы æнæконтролон зонæйы цæры. Уый цæрæн хæдзар Уæрæсейы арæнон тыхты æмæ гуырдзиаг полицæйы посты хсæны ис. 300 метрон зæххы фадыгмæ 10 хæдзары онг бахаудис. Ацы территорийыл уæвын этникон гуырдзиæгтæ, æдасдзинады нысанæй, сæхи ахибар кодтой æмæ Гуры фыццаг сабиты рæвдауæндоны бæстыхайы 2008 азæй августы хæсты фæстæ цæрынц. Этникон ирæттæ та, бынаты баззадысты. Сæ иу хайæн дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы хицауад æмбæстонад ратта, уыдон æхсæны, Гобозты Киазойæн дæр, кæцы пенси исы Цхинвалы дæр.
Кæмæдæриддæр дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы паспрот ис, уымæн цъæх æмбонды къулдуар байгом кæнынц. Уый уæд вæййы, Хелцуамæ Цхинвалæй автобус куы рцæуы.
«Мæ хъæбулы хæдзары хъахъхъæнын. Иу лæппу мын Цхинвалы цæры, иннæ Уæрæсейы. Хъæбылы хъæбултæй дæр иутæ Цхинвалы сты. Иннæ лæппуйы хъæбул та Владикавказы ис. Æрцæуынц æмæ иу мæ бабæрæг кæнынц. Знон мын мæ лæппу Цхинвалæй суг æрбаласта, зымæг æнцондæрæй арвитдзынæн. Рухс æмæ нæм газ дæр ис», - загъта нын Гобозты Киазо.
Æрдзон газ æмæ электроэнерги Гуры муниципалитетæй уагъд цæуы. Ай тыххæй æрмæг нырма ноджы 2015 азы æрцæттæ кодтам. Ацы фæззæджы сæнфсир дæр æртыдта:
«100 асыкк рауадис сæнæфсир æмæ йæ ныддыгътон. Иунæгæй цæрын. Мæ бинойнаг 9 мæйы размæ фæзиан уæллаг уæлмæрды ис ныгæд æмæ мын арæх ссæуыны фадат нæ вæййы. Мæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ иуылдæр æмбонды иннæ фарс цæрынц», - зæгъы Киазо æмæ нæ сæнæфсир хæрынмæ фæхуыдта. Цыппар цупалы дзы æртыдтон, йæ хъæбулы хæдзарырдæм дæр бакастæн. Кæрты цъус кæрдæгджын уыд. Цалдæр мыдычыргъæды дзы лæууыд, зындис сыл, æмæ бирæ рæстæджы дæргъы уыцы мыдычыргъæдты мыдыбындз кæй нал цæры.
«Ныр, ам æртæ хæдзарæй ма стæм. Генадийы дæр æрцахстой. Загътой ын уырыссæгтæ, ма дам, хиз границайыл, нæ сæм байхъуыста, уæддæр ахызтис æмæ Цхиналмæ йæ бинонты уынынмæ ацыд, æмæ та йæ æрцахстой. Ацы дыккаг хæдзары куы вæййынц куы нæ. Фактивонæй, иунæг дæн»,- дзуры нын æмæ нын афтид хæдзæрттæм къухæй амоны.
«Ацы адæм æнхъæлмæ кæсынц фидауынмæ, фæлæ нæ зонын, бафидаудзысты? Хуыцау æй зæгъæт», - загъта нын æмæ йæм уайдзæф дæр бафтыдта, сæнæфсир дам цъус куы ртыдтай, уæд дам уый кæй фаг у.
«Хъусдардæй цух не стæм, фæлæ цæрæн хæдзæрттæ уæддæр æнæцалцæг зайынц. Ныфс нын æвæрынц, цæмæй уыдон дæр бацалцæг кæндзысты æмæ нæфс ис кæй нын сæ сараздзысты. Ацы хæдзæртты уæддæр æрдзон газæй нæ хъарм кæнæм. Уæддæр нæ суг хъæуы», - зæгъы нын Терашвили Назо. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, полицæйы посты акомкоммæ, æнæконтролон зонæйы баззайæг Киазо æм иннæтæ хъусдардæй цух не сты.
«Киазо æдзухæй ам ис. Ничердæм цæуы. Иннæтæ æрцæуынц сæрды. Стæй фæстæмæ ацæуынц. Ибонты сæ, тагъд æххуысы бригадæ бахъуыд. Мах полицæ йæ бауагъта æмæ сын баххуыс кодтой. Фактивонæй, алцæмæй дæр пайда кæнынц, фæлæ уæддæр æвзæр у, афтæ æввахс куы дæ дихгæнæг хаххмæ», - зæгъы Терашвили Назо.
Зардианткъарийы хъæу арæн кæны Хелцуайы ирон хъæуимæ. Адæмон хъахъхъæнæгы хыгълæвæрдмæ гæсгæ, 1989 азы сфыстмæ гæсгæ, хъæуы 173 адæймаг цардис. Уыдон æхсæн 35% этниконæй гуырдзиаг. 90-æм азты хæстон архæйдтытæм гæсгæ ирон цæрджыты фылдæр хай тыхфæлгъуыдæй ныууагътой сæ цæрæнуат, фæлæ сæ иу хай 1997 азы фæстæмæ æрыздæхт. Сæ хæдзæрттæ, фæстæмæ чи нæ уал æрыздæхт, абоны онг афтид сты. Амæ гæсгæйæ 2002 азы сфыстмæ гæсгæ, демографион ныв фæивта. 117 цæрæгæй 68% гуырдзиаг, фæлæ 32% ирон æмбæстаг уыд.
2008 азы хæстон архайдты рæстæджы хъæу сæйрагæйдæр ныууагътой гуырдзиæгтæ. Æрмæстдæр 2012 азы гæнæн сси фæстæмæ æрыздæхын.
93 аздзыд Гобозты Киазо Зардианкъарийы хъæуы æнæконтролон зонæйы цæры. Уый цæрæн хæдзар Уæрæсейы арæнон тыхты æмæ гуырдзиаг полицæйы посты хсæны ис. 300 метрон зæххы фадыгмæ 10 хæдзары онг бахаудис. Ацы территорийыл уæвын этникон гуырдзиæгтæ, æдасдзинады нысанæй, сæхи ахибар кодтой æмæ Гуры фыццаг сабиты рæвдауæндоны бæстыхайы 2008 азæй августы хæсты фæстæ цæрынц. Этникон ирæттæ та, бынаты баззадысты. Сæ иу хайæн дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы хицауад æмбæстонад ратта, уыдон æхсæны, Гобозты Киазойæн дæр, кæцы пенси исы Цхинвалы дæр.
Кæмæдæриддæр дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы паспрот ис, уымæн цъæх æмбонды къулдуар байгом кæнынц. Уый уæд вæййы, Хелцуамæ Цхинвалæй автобус куы рцæуы.
«100 асыкк рауадис
сæнæфсир æмæ йæ ныддыгътон. Иунæгæй цæрын. Мæ бинойнаг 9 мæйы размæ
фæзиан Уæллаг уæлмæрды йæ ныгæд æмæ йæм арæх ссæуын нæ вæййы
фадат».
Хæдзар æнæ хъæбултæй æмæ æнæхъæбулы
хъæбултæй
Нæ фысым хæдзары иунæгæй цæры. Сых нын фенын кодта æмæ нын йæ
хъæбулты хæдзар дæр фенын кодта.«Мæ хъæбулы хæдзары хъахъхъæнын. Иу лæппу мын Цхинвалы цæры, иннæ Уæрæсейы. Хъæбылы хъæбултæй дæр иутæ Цхинвалы сты. Иннæ лæппуйы хъæбул та Владикавказы ис. Æрцæуынц æмæ иу мæ бабæрæг кæнынц. Знон мын мæ лæппу Цхинвалæй суг æрбаласта, зымæг æнцондæрæй арвитдзынæн. Рухс æмæ нæм газ дæр ис», - загъта нын Гобозты Киазо.
Æрдзон газ æмæ электроэнерги Гуры муниципалитетæй уагъд цæуы. Ай тыххæй æрмæг нырма ноджы 2015 азы æрцæттæ кодтам. Ацы фæззæджы сæнфсир дæр æртыдта:
«100 асыкк рауадис сæнæфсир æмæ йæ ныддыгътон. Иунæгæй цæрын. Мæ бинойнаг 9 мæйы размæ фæзиан уæллаг уæлмæрды ис ныгæд æмæ мын арæх ссæуыны фадат нæ вæййы. Мæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ иуылдæр æмбонды иннæ фарс цæрынц», - зæгъы Киазо æмæ нæ сæнæфсир хæрынмæ фæхуыдта. Цыппар цупалы дзы æртыдтон, йæ хъæбулы хæдзарырдæм дæр бакастæн. Кæрты цъус кæрдæгджын уыд. Цалдæр мыдычыргъæды дзы лæууыд, зындис сыл, æмæ бирæ рæстæджы дæргъы уыцы мыдычыргъæдты мыдыбындз кæй нал цæры.
«Ныр, ам æртæ хæдзарæй ма стæм. Генадийы дæр æрцахстой. Загътой ын уырыссæгтæ, ма дам, хиз границайыл, нæ сæм байхъуыста, уæддæр ахызтис æмæ Цхиналмæ йæ бинонты уынынмæ ацыд, æмæ та йæ æрцахстой. Ацы дыккаг хæдзары куы вæййынц куы нæ. Фактивонæй, иунæг дæн»,- дзуры нын æмæ нын афтид хæдзæрттæм къухæй амоны.
«Ацы адæм æнхъæлмæ кæсынц фидауынмæ, фæлæ нæ зонын, бафидаудзысты? Хуыцау æй зæгъæт», - загъта нын æмæ йæм уайдзæф дæр бафтыдта, сæнæфсир дам цъус куы ртыдтай, уæд дам уый кæй фаг у.
«Кæмæдæриддæр дэ-факто
Хуссар Ирыстоны паспрот ис, уымæн цъæх æмбонды къулдуар байгом
кæнынц. Уый уæд вæййы, Хелцуамæ Цхинвалæй автобус куы
рцæуы».
Дыууæ
хайыл дих хъæу
Зардианкъарийы хъæуы гуырдзиаг полицæ Уæрæсейы æфсæддонты постæй
300 метры дæрддзæгыл лæууынц. Гуырдзиаг полицæйы посты онг
Зардианкъарийы хъæуы этникон гуырдзиæгтимæ иумæ, этникон ирæттæ дæр
– Бестаутæ дæр цæрынц. Хъæуы ныртæккæ донхорыг къанао арæзт цæуы.
Ног асфалт Мереты хъæуæй ацы сæрды сарæзтой.«Хъусдардæй цух не стæм, фæлæ цæрæн хæдзæрттæ уæддæр æнæцалцæг зайынц. Ныфс нын æвæрынц, цæмæй уыдон дæр бацалцæг кæндзысты æмæ нæфс ис кæй нын сæ сараздзысты. Ацы хæдзæртты уæддæр æрдзон газæй нæ хъарм кæнæм. Уæддæр нæ суг хъæуы», - зæгъы нын Терашвили Назо. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, полицæйы посты акомкоммæ, æнæконтролон зонæйы баззайæг Киазо æм иннæтæ хъусдардæй цух не сты.
«Киазо æдзухæй ам ис. Ничердæм цæуы. Иннæтæ æрцæуынц сæрды. Стæй фæстæмæ ацæуынц. Ибонты сæ, тагъд æххуысы бригадæ бахъуыд. Мах полицæ йæ бауагъта æмæ сын баххуыс кодтой. Фактивонæй, алцæмæй дæр пайда кæнынц, фæлæ уæддæр æвзæр у, афтæ æввахс куы дæ дихгæнæг хаххмæ», - зæгъы Терашвили Назо.
Зардианткъарийы хъæу арæн кæны Хелцуайы ирон хъæуимæ. Адæмон хъахъхъæнæгы хыгълæвæрдмæ гæсгæ, 1989 азы сфыстмæ гæсгæ, хъæуы 173 адæймаг цардис. Уыдон æхсæн 35% этниконæй гуырдзиаг. 90-æм азты хæстон архæйдтытæм гæсгæ ирон цæрджыты фылдæр хай тыхфæлгъуыдæй ныууагътой сæ цæрæнуат, фæлæ сæ иу хай 1997 азы фæстæмæ æрыздæхт. Сæ хæдзæрттæ, фæстæмæ чи нæ уал æрыздæхт, абоны онг афтид сты. Амæ гæсгæйæ 2002 азы сфыстмæ гæсгæ, демографион ныв фæивта. 117 цæрæгæй 68% гуырдзиаг, фæлæ 32% ирон æмбæстаг уыд.
2008 азы хæстон архайдты рæстæджы хъæу сæйрагæйдæр ныууагътой гуырдзиæгтæ. Æрмæстдæр 2012 азы гæнæн сси фæстæмæ æрыздæхын.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |