Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Шаушвебы хъæуы Джиошвили Маройæн 100 азы юбилейæн раарфæ кодтой
Абон Джиошвили-Цкъриалашвили Маройыл 100 азы сæххæст. Ныртæккæ, уый
Шаушвебы хъæуы цæры. Ис ын хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ æмæ уыдоны
цот. Цыппар хъæбулы хъæбулæй дыууæ Уæрæсейы цæры. Се стыр нанайы
уынынмæ Башкиры бæстæйы цæрæг хъæбулы хъæбултæ афæдзы мидæг иу хатт
æрцæуынц. Джиошвили Маро уыдоны æрцыдмæ сæрды æнхъæлмæ кæсы.
22-аздзыд уыдис йæ мойы Фыдыбæстæйон хæстмæ куы афæндараст кодта. Æдæппæт йемæ фæцардис цыппар азы. Йæ моимæ иумæ ист къамты абоны онг æфснайдæй дары.
Хæстмæ афæндарасты бонæй 76 азы рацыдис.
«Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æз 22-аздзыд уыдтæн, мæ мой та 24-аздзыд. Ацыдис æмæ мын ныууагъта дыууæ хъæбулы, чызг æмæ лæппу. Уæдæй фæстæмæ цæрын æмæ фæллой кæнын. Фæллойы хъайтары ном бæргæ, райстон», - загъта нын уый. Дыууæ хъæбулæй йын иу удæгас нал у, ис ын хъæбулы хъæбултæ æмæ уыдоны цот.
1941-45 азты хæсты периоды колхозон хæдзарады уый бар бакодтой фосмæ зилын.
«Æрмæст æз иунæгæй 32 стурмæ зылдтæн. Хорз сæм базылдтæн æмæ сæ схъомыл кодтон. Фронтмæ дæр иу дзы ластой æфсæддонтæн», - зæгъы нын Джиошвили Маро.
Лæппу æмæ чызг схъомыл кодта. Лæппуйæ йын цыппар хъæбулы хъæбул ис, кæцытæй дыууæ Гуырдзыстоны цæры, дыууæ та – Уæрæсейы, Башкиры бæстæйы. Хъæбулы хъæбултæ дæр бинонтæджын сты. Уæрæсейы цæрæг хъæбулы хъæбултæ афæдзы иу хатт æрцæуынц Шаушвебмæ се стыр нанайы фенынмæ.
Джиошвили Маройæн, йæ гуырæн бонмæ, Хурвалеты хъæуы уæвæг «Æнæ арæнæтæй хæдзары» къухдариуæггæнæг Салиа Людмила раарфæ кодта. Хурвалеты ацæргæты хæдзары, ногазмæ, бирæ лæвæрттæ райстой. Салиа Людмила ацы лæвæрттæй иу хаимæ æмæ торттимæ Джиошвили Маромæ хæдзармæ æрбацыдис:
«Раст зæгъгæйæ, ацы сылгоймаг нæ бенефициар нæу, фæлæ йæ куыддæр фехъуыстам æмæ юбиляр у, уайтагъд йæ бабæрæг кæнын аскъуыддзаг кодтон», - зæгъы Салиа Людмила. Йæ организаци раст, Хурвалеты хъæуы, ацæргæтæм зилы. Хæдзары йæм 10 бенефициар ис, æрмæст хæдзармæ зилыны программæйы фæлгæтты, æндæр æмæ æндæр хъæуы йын 40-ы онг бенефициар ис. Ацы программæйы ма кусы Двалишвили Дали дæр, кæцы Шаушвебы цæры.
«Æз Людмилайæн загътон, цæмæй нæ хъæуы кæй цæры сылгоймаг, кæцыйыл абон 100 азы сæххæст ис. Мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй ын раарфæ кодтаиккам», - зæгъы Двалишвили Дали. Ныртæккæ, уый æнæмыздæй кусы, уый тыххæй æмæ Хурвалеты хæдзар сентябры мæйæ финансгонд нал æрцыд.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |