Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Меарахъишвили Тамары хæдзарон ахстæй 4 мæйы рацыд
Ахалгоры районы цæрæг, æмбæстагон активист æмæ журналист
Меарахъишвили Тамар хъусрдард æмæ æххуыс куры. Цыппар мæйы дæргъы,
сæрмагонд арæнæвæрдты тыххæй, уæгъдибарæй рацу-бацу кæнын йæ бон
нæу. Амæ ма финансон кризис дæр бафтыд, уымæ гæсгæ дэ-факто Хуыссар
Ирыстоны хицауадимæ тæрхондоны хъаст январæй нал адарддæр
кæндзæн.
«4 мæйæ фылдæр у Хуссар Ирыстоны хицауады «уацайраг» дæн, хъæдзары цæрын, фæлæ мын алцыдæр арæнгонд ис. Нæй мын гæнæн уæгъдибарæй дыууæрдæм цæуын, басгæрсты рæстæджы цы дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ ахастой, уыдонæй иу дæр фæстæмæ нæма раздæхтой. Æгас ацы периоды дæргъы бинонты, æмгæртты æмæ хæлар адæймæгты æххуысæй цæрын. Кæй курдиаты бындурыл дæн ахæм уавæры, уыдон сæхæдæг сæрибарæй дыууæрдæм кæнынц Тбилисмæ æмæ, æндæр æмæ æндæр горæттæм. Æппæт ацы периоды, куыд уæдмæ уыдис, фидын æндæр æмæ æндæр банкы хæстæ, фатеры аргъ Тбилисы мæ чызгæн, æрвыл мæй ахуыры аргъ, æлхæнын медикаменттæ, ацæуын мæхи хардзæй тæрхоны процесстæм... бафæлладтæн. Тынг бафæлладтæн æмæ мæм ницæйуал тых баззад. Мæ чызгæн йе студентон-картæ æрурæдтой æмæ университетмæ нал ацæудзæнис, куыд æз нал ацæудзынæн январы тæрхоны процессмæ. Никуы тъизыдтæн æмæ ныр дæр нæ ныффыстаин, мæ бон куы уаид уæгъдибарæй дыууæрдæм цæуын раздæрау», - фыссы Меарахъишвили Тамар.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй 2017 азы 16-æм августы Ахалгоры æмбæстагон активист Меарахъишвили Тамары, хахуыр кæныны статьяйæ, æрцахстой æмæ йын хæдзарон ахæст раттой. Цхинвалы прокуратурæйы версимæ гæсгæ, Меарахъишвили дэ-факто республикæйы хицауиуæг партийы, «Единая Осетийы» уæнг, Дриаты Спартакы кад æмæ цыты фегад кодта. Меарахъишвилийы хæдзарæй компютерон техникæ æмæ мобилон телефон ахастой. Ацы алцыппæтæн æмбæстагон активист аргъ кæны куыд фæтæрсын кæнынæн.
Меарахъишвили Тамар районы æнæзакъондзинады тыххæй арæх критикæ кæны бынæттон хицауады æмæ ныхас кæны коррупцион факттыл. Бирæ хæттыты йæ бафæдзæхстой цæмæй фескъуыдтаид æмахастытæ Радио сæрибаримæ. Ахалгоры фæдагуырд дарддæр цæуы, адæймаджы барадхъахъхъæнджытæ та зæгъынц, цæмæй Меарахъишвилийы ахст æнæзакъонæй у æмæ йын арæнæвæрынц йæ фыстыты сæрибардзинадыл.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |