Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
«Хибулайы» цалдæр эпизоды Гуры дискусси расайдта
Звиад Гамсахурдийы цæрæнбоны фæстаг 50-ай боны тыххæй ист кинофильм «Хибула», Гуры, культурæйы центры залы равдыстой. Филмы премьерæ Тбилисы 23-æм ноябры уагъд æрцыд æмæ ноджыдæр дарддæр цæуы. Гуйраг артистты Кишвард Манвелишвилийы, Къаха Беридзе æмæ Заза Царулашилийы сгуыхдзинадæй, филмы равдыстæй лæггаддзинад регионты ацы этапыл æрмæст Гурмæ æрхауд. Растдæр ацы артисттæ хъазыдысты «Хибулайы», се хсæн, Кишвард Манвелишвили премьер-министры, Бесарион Гугушвилийы ролы æххæст кæны.

Филмы равдысты фæстæ залы дискусси бацайдагъ. Дыууæ эпизод, кæцы дискусси расайдта, фыццаг уыдис фынгыл загъд фразæ: «Уæлахиз уæд Гуырдзыстоны гуырдзиæгтæ» æмæ дыккаг, хъахъхъæнынады хистæры æнæуаг ахаст чызгмæ.

Кæсджыты иу хай хъуыды кæны, цæмæй ацы фразæйы комкоммæ бамбардзысты, кæцы бæстæйы уыцы периоды ныппырх кæныны былгæронмæ бакодта.

Филмы режиссер у Георги Овашвили. «Хибула» нын дзуры президент Звиад Гамсахурдийы фæстаг бонты цæрæнбоны фæдыл. Бæстæйы фыццаг хицау, кæцы адæмы хъæлæсы абсолютон фылдæрадæй æвзæрст æрцыд, тагъд рæстæджы æфсæддон фæфæлдæхты фæстиуæгæн лигъдон уавæры февзæрдис. Уый тых æмæ барады сæндидзын кæныны тыххæй æрыздæхт, фæлæ йын дзы ницы рауадис æмæ чысылнымæц къордимæ иумæ хæхты йæхи бааууон кодта. Филм «Хибула» раст ацы эпизодæй райдайы.

Йæ номхуынд та уыцы хъæуæй цæуы, цыран президенты цæрæнбон, кæронмæ æбæрæг уавæрты, фæцис.




Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.