Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Хурвалет æризæры фæстæ Уæрæсейы æфсæддонтæм æввахс
Гуры мэр Тавзарашвили Къотъе Хурвалеты хъæуы ацæргæты цæрæндоны
бабæрæг кодта. Визиты тыххæй бынæттон цæрджытæ дæр фехъуыстой.
Муниципалитеты къухдариуæгæн Шида Картлийы информацион центры фæрцы
фехъусын кодтой, цæмæй æрвыл райсом, дон змæстæй кæй цæуы. Нуазыны
доны æрбæстон кæнын ма домы, ацæргæты цæрæндоны къухдариуæгад
дæр.
Визит изæры сахатты рæстæджы плангонд æрцыд. Куыддæр æризæр вæййы афтæ хъæуы алыварс Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ патрулир кæнынц. Судзгæ фарæтимæ, цъæх банеры цур арæнгæсты машинæ дæр лæууыд. Æрвыл изæр дæр хурвалеттæгтæ ацы уавæры сты.
«Афтæ æввахс сты, æмæ сæ ныхас махмæ дæр хъуысы. Уыдонмæ та мах ныхас», - зæгъы Пицхелаури Спартак, кæцы иу къуырийы размæ æрцæугæ хабарыл, Хачирашвили Лалийы æрцахсты фактыл ныхас кæны.
«10 метры дæр нæ уыдис дæрддзæф йæ хæдзары цурæй, афтæмæй йæ æрцахстой æмæ йæ акодтой. Уæхи цæстæй йæ уынут, цы уавæры мидæг стæм. Тынг æввахс сты махмæ», - зæгъы Пицхелаури Спартак.
Хурвалеты хъæумæ ввахс Цинагар-Орчосанырдæм (дэ-факто республикæйы дæлбариуæг хъæутæ) фæндаг цæуы. Ацы фæндагыл пост æвæрд ис, цыран уыцырдæм цæуæг машинæты сгарынц. Ацы алцыппæтдæр хорз зыны дихгæнæг хаххмæ ввахс уæллаг Хурвалеты хъæуæй.
«Раст, махæн нæ раттой хæххон статусы. 800 метры уæлдæр у ацы цæрæнуат. Омæ кæд, дæллаг Хурвалетмæ не мбæлы, мах цы аххосджын стæм?» - зæгъы Пицхелаури Спартак. Уый ныр 62-аздзыд у æмæ пенси дæр исы. Хæххон статусы райсыны цауы фылдæр пенси райстаид.
Дихгæнæг хахмæ ввахс, уыцы периоды, Уæрæсейы æфсæддон тыхтæ патрулиркæнынад сказдæр кодтой.
Уæллаг Хурвалеты ис ацæргæты хæдзар. Фæстаг иу мæйы дæргъы ацæргæты хæдзарырдæм сарæх ис машинæты змæлд. Салиа Людмилайы арæзт организацимæ æнæхъæн бæстæйы масштабæй уазæгуаты цæуынц.
«Ардæм цæуынц Тбилисæй, Гурæй, Гурийæ, Ачъарайæ, æгас Гуырдзыстонæй», - загъта Салиа Людмила Гуры мэрæн. Уый рагæй хъавыдис мэримæ фембæлын. Тавзарашвили Къотъе афтæ балæууыд аццæргæты хæдзары, æмæ йæ зонгæ дæр ничи кодта развæлгъау:
«Хорз загъд у, кæд дам Мухамед хохмæ нæ цæуы, уæд дам хох йæхæдæг Мухамедмæ цæуы. Афтæ æрцыд мæныл дæр», - загъта хъазгæйæ Салиа Людмила Тавзарашвили Къотъейæн фембæлды рæстæджы. Уый ныхасмæ гæсгæ, бынæттон муниципалитетимæ иумæйаг проектты æххæст кæнынæн, фембæлд æцæгæйдæр æнæмæнгхъæугæ уыд.
Хурвалеты ма уыдис ноджы Гуры мэрийы хæдивæг Сухишвили Экатерине. Уый растдæр ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны сферæйы курир кæны. Мэр æмæ йæ хæдивæг ацæргæты хæдзары бенефициартæн ног азмæ лæвæрттæ бахастой.
«Мæ хæринаггæнæг уыдис, кæцыйы иу къуырийы размæ, уырыссæгтæ æрцахстой», - зæгъы Салиа Людмила. «Ахъуыды ма кæнут, цы уавæры уыдаид. Ацыдтæн, æмæ уырыссæгтæм æввахс бацыдтæн æмæ сæм фæхъæр кодтон уырыссагау, «Ребята, ребята». Æнæуи мын дзуапп раттой. Загътон сын кæй уыдтæн ацæргæты хæдзары хицау æмæ хæринаггæнæг кæй уыдис, кæй æрцахстой уый. Бафарстон сæ, зæгъын, сымах æй акодтат, зæгъгæ. Нырма мын нæ загътой, стæй уый фæстæ сбæлвылд æрцахсты факт», - загъта Салиа Людмила.
Уый куырдиатмæ гæсгæ, хъæу тын тыхст у. цæрджытæн нæй куыст. Сæрды, донхорыг дон кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, цæхæрæдæтты не сдонхорыг кодтой. Нуазыны дон та, змæстæй цæуы.
Хурвалеты хъæуы цъай скъахтой. Дæллаг Хурвалеты кранты зæгъæн ис æмæ алкæцы хæдзармæ дæр бауагътой дон хынцæгтимæ, уæллаг Хурвалеты та, нырма дæр крантæ уынгты сты.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |