Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Æнæ фатерæй баззайгæ мад æмæ хъæбул лигъдæтты министрадыл хъаст кæны
Тетунашвили Мариамæн йæ моимæ иумæ 90-æм азты конфликты фæстиуæгмæ
гæсгæ, Гуры, уазæгдон «Картлийы» ныккæнды раттой иу уат. Цæрынæн
дзы тынг æвзæр уавæртæ кæй уыдис уымæ гæсгæ, æвзонг бинонтæн æндæр
гæнæн нал уыдис æмæ æндæр ран фатер баххуырстой æмæ уым цардысты.
Йæ мойы фæзианы фæстæ (æфсады уæвыны рæстæджы уый рæуджыты низæй
фæрынчын æмæ амардис) сидзæрæй баззайгæ хъæбулимæ иумæ мад нормалон
цæрæн фæзуатмæ æнхъæлмæ гæсгæ цардис фæстæмæ æххуырст фатеры.
Уазæгдон «Картлийы» сын цæрынæн аккаг уавæртæ кæй нæ уыдис уымæ
гæсгæ, сывæллон уырдæм æрмæстдæр йæ нана æмæ дадайы уынынмæ
цыдис.
2017 азы Тетунашвили Мариам, куыд рабæрæг афтæмæй, уыцы фетерты номхыгъдмæ нæ бахауд, кæцыты Комбинаты цæрæндоны лигъдæттæн сарæзтой. Аст дæсуæладзыгон корпусы «Картлийы», «Турбазайы» æмæ «Наркологион центры» объектты цæрæг гоймæгтæн самадтой. Тетунашвили Мариам ацы корпусы иууатон фатер æркуырдта. Фæлæ, æнæфæстиуæгæй.
Кæд æмæ фыццаг номхыгъдмæ уый æмæ йæ хъæбул хаст уыдысты, уæд 2018 азы январы мæйы, фатерты бæрæгбонон уавæры дæтгæйæ уымæ нал фæдзырдтой.
Тетунашвили Мариам педагогæй кусы æмæ йæхæдæг куыд зæгъы уымæ гæсгæйæ, йæ мызд йæ сидзæр хъæбулæн дæр тыххæйты сфаг кæны.
«Куы бацардыстæм, уæд уазæгдон «Картлийы» бынæттæ нал уыдис, ныккæнды нын рахицæн кодтой иу уат æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уым нæ баззадиккам æмæ æххуырст фатермæ ахызтыстæм. Иууатон фатеры номхыгъдæй нæ афтæ систой, æмæ мын æй зæгъгæ дæр нæ кодтой. Уæдæ ма йæ фыд удæгас уыдаид, æндæра йын афтæ бакодтаиккой? Лигъдон æфсæддоны (2007 азы 27 аздзыд кары рæуджыты низæй фæзиан) хъæбулæн иу уатон фатер раттын сæ цæст нæ бауарзта. Кæцыйæн халинаг объекты уазæгдон «Картлийы» иу уатт уыдис. Уæдæ уый рæстдзинад у??? Къамис нæм дыууæ хатты æрбацыд, федта нын нæ уавæр æмæ скъуыддзаг рахастой сидзæр сывæллоны пайдайæн. Уый фæстæ ацы скъуыддзаг министрад фæивта, æмæ фатеры номхыгъды æппындæр чи нæ уыд ахæм бинонтæн раттой фатертæ. Мæ хъæбулы та ног азыл цæссыгкалгæ фембæлын кодтой», - зæгъы Тетунашвили Мариам.
Мад æмæ хъæбул лигъдæтты министрады ‘рдыгæй рапарахатгонд номхыгъды æрдæг халинаг объектты (ჰტტპ://მრა.გოვ.გე/გეო/ნეწს/სჰოწ/189/10615) нырма дæр фыст сты. Министрады зæгъынц, цæмæй уый кæй у фыццаг номхыгъд, кæцы уый фæстæ дыккаг хатт бæрæггонд æрцыд.
Лигъдæтты министрад 480 лигъдон бинонтæн фатерты раттын нырма ноджы 2017 азы августы мæйы хъавыд, фæлæ министрад фехъусын кодта, цæмæй процесс арæзтадон компанийы аххосæй кæй бакъуылымпы ис.
Министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, фыццаг этапыл ног корпусты цæрынмæ алкæмæй зындæр уавæрты цæрæг лигъдон бинонтæ кæй бацыдаиккой. Ахæм категоримæ та Гуры, 3 объекты хауд: уазæгдон «Картли» - 76 бинонтæ, «Турбазайы» цæрæнуат – 91 бинонтæ æмæ Наркологион центры бæстыхайы – 52 бинонтæ.
Бинонты æвзаргæйæ æмæ сæ бындуронæй сахуыр кæныны нысанæй, фатерты раттын министрад 2017 азы кæронмæ аргъæвта. Раст 12-æм декабры уыдис лигъдæтты министрады официалон веб-фарсыл рапарахатгонд стати, ахæм сæргондимæ: «Лигъдæтты номхыгъд, кæцытæн Гуры фатертæ лæвæрд æрцæудзæнис», ацы номхыгъды, абон дæр гæнæн ис фенын, цыран Тетунашвили Мариам йæ хъæбулимæ иумæ фиксиргонд ис иу уатон фатеры категорийы. Ацы номхыгъды рапарахат кæныныл мад æмæ хъæбул стыр циндзинадимæ сæмбæлд æмæ 29-æм декабры фатеры дæгъæлы райсыны тыххæй æрæмбырд уæвæг лигъдæттæм æрбаиу. Фæлæ, комбинаты ног корпусты лигъдон мад æмæ хъæбул иууатон фатер нæ райстой.
Тетунашвили Мариам дызæрдыг кæны, цæмæй лигъдæтты министрад тенденцион скъуыддзаг райста æмæ цæрæн фатерты уаргæйæ лигъдæттæ æнæраст æвзæрст æрцыдысты.
Шида Картлийы информацион центр лигъдæтты министрадмæ фехъусын кодта æмæ æркуырдта уыцы аххосæгты бамбарын кæнын, кæцымæ гæсгæ дæр нысангонд конкретон бинонтæ номхыгъды уæвгæйæ æнæ фатерæй куыд баззадысты.
« – Уый у фыццаг рапарахатгонд номхыгъд æмæ уым йæ тæккæ бынмæ фыст ис: алы бацымыдисгæнæг гоймаг дæр, чидæриддæр фыст ис номхыгъды, уый тыххæй, ссардзæн исты æнæдырысдзинад, йæ бон у æмæ фехъусын кæна министрадмæ, æмæ минстрад йæхирдыгæй цæттæ у, конфиденциалондзинад бахъахъхъæнгæйæ сбæрæг кæна æрбалæвæрд информацийы», - зæгъынц лигъдæтты министрады.
Тетунашвили Мариам йæ барты бахъахъхъæнын тæрхондоны æххуысæй хъавы. Æвзонг Юристты Ассоциацийы Гуры офисы разамонæг, Бебиашвили Кетеваны курдиатмæ гæсгæ, лигъдæтты министрад официалонæй хъуамæ бамбарын кæна уыцы аххосæгтæ, кæцымæ гæсгæ дæр къамисы ‘рдыгæй бакуыстгонд æмæ рапарахатгонд ранымады уæвæг гоймæгтæ фæстаг номхыгъдæй ист æрцыдысты.
Сайа лигъдон мад æмæ хъæбулы бартæ бахъахъхъæныны фæдыл цæттæ у æмæ лигъдæтты министрадæй Тетунашвили Мариамæн официалон æмбарынгæнæнты рарвитынмæ æнхъæлмæ кæсы.
Фатерты раттыны мадзалы Гуры, 2017 азы, 28-æм декабры, Гуырдзыстоны премьер-министр Квирикашвили Гиорги, лигъдæтты министр Субари Созар æмæ Шида Картлийы губернатор Самхарадзе Каха уыдысты.
Министрады информацимæ гæсгæ, лигъдæтты фарстæты сахуыр кæныны къамисы аскъуыддзагмæ гæсгæ, Шида Картлийы регионы 5 халинаг бæстыхай æхгæд æрцыд æмæ уым цæрæг бинонтæн фатертæ ног арæзт корпусты лæвæрд æрцыдис.
Гуры, министрады ‘рдыгæй арæзт корпусты æдæппæт 480 фатеры ис, ацы этапыл, цæрæн фæзуат 445 лигъдон бинонтæн лæвæрд æрцыд, баззайгæ 35 æртæуатон фатеры тыххæй та курдиæттæ исын дыккаг этапыл райдайдзысты. Фыццаг этапыл, курдиаты ныффыссын æрмæстдæр Шида Картлийы регионы регистрацигонд лигъдæттæн ис гæнæн æмæ æртæуатон фатер кæй хъæуы уыцы бинонтæй алкæмæн дæр йæ бон у бадæтта куырдиат, кæцытæн, критеритæм гæсгæ, минимум 1 кула лæвæрд æрцæудзæнис.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |