Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Гуры духовон семинарийы ауагъд фестивалы митрополит Исай уыдис
9-10-æм январы, «Аккаг Фыд Гиорги Мтацъминделийы» Гуры гимназийы традицион Цыппурсон фестиваль «Генетли» уагъд æрцыд. Фестивалы Цхинвалы æмæ Никозы эпархийы митрополит Исай дæр уыдис, кæцы фæстаг азты сауджыны куыст кæны Ахалгоры районы, цыран Гуырдзыстоны хицауад территорийы нæ контроль кæны.

Уазджыты тыххæй информацийы Гуры æмæ Атены эпархи парахат кæны.

Ацы азы фестивалы хайад истой: Алаверды эпархийы уæвæг Сыгъдæг Бидзина, Сыгъдæг Шалва æмæ Сыгъдæг Элизбары номыл скъолæ; Зугдиды Сыгъдæг Гиоргийы номыл гимнази; Тбилисы Сыгъдæг Эквтиме æмæ Сыгъдæг Гиорги Мтацъминделийы номыл растцытгæнæг чырыстон дины скъолæ; Тбилисы Сыгъдæг хуыцауæн кувæг паддзах Тамары номыл скъолæ-пансион; Сыгъдæг Иуане Болнелы номыл Болнисы динон гимнази; Никозы Сыгъдæг Александре Окропиридзейы номыл скъолæ; Хашуры Сыгъдæг Димитр Хъипианы номыл скъолæ-пансион; Озургеты Сыгъдæг Габриел Епископы номыл уырнон скъолæ; Гуры Сыгъдæг Гиоргийы номыл скъолæ-лицей æмæ Аккаг Фыд Гиорги Мтацъминделы Гуры гимнази. Фестивалмæ æрбацыдысты Никозы æмæ Цхинвалы митрополит Исай (Чантурия), дины кусджытæ Мцхета-Тбилисы æмæ сфæлдисыны эпархитæй, ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, педагогтæ, ахуырдзауты ныййарджытæ.

Фестивалы фæлгæтты уагъд æрцыд ахуырдзауты ахуыргæнæн конференци, кæцы номарæн уыд Гуырдзыстоны аргъуаны автокефалийы сæндидзыны 100, Сыгъдæг Илья Мартлийы райгуырдæй 180 æмæ фæзианæй 110 азы. Ахуырдзаутæ бавдыстой статитæ ахæм тематикæйыл: Илья – национ – сæрибаргæнæг змæлды раздзог æмæ Гуырдзыстоны аргъуаны автокефалийы сæндидзын. Ныв кæныны конкурсы хайадисджытæ та сæххæст кодтой хуызджын нывтæ æмæ графикон куыстытæ Илья Чъавчъавадзейы уацмыстæм гæсгæ.

Дыууæ боны дæргъы фестивалы хайадисджытæ спектаклтимæ, хореографион æмæ музыкалон сценæтæвдыстимæ, Цыппурсы темæйыл сконд композицитимæ, динон зарджытæ æмæ фольклорон уацмыстæ æххæстгæнгæйæ кæсджытимæ иумæ бæрæг кодтой Цыппурсы бон. Фестивалы уазджытæ æмæ фысымтæ бабæрæг кодтой Гуры æмæ Атены эпархийы уæвæг культурæйы æмæ динон ахуырады центры арæзт гуйраг нывгæнджыты конд зæдты нывты равдыст æмæ куывтой Мады-Майрæмы кафедралон аргъуандоны.

10-æм январы уагъд æрцыд фестивалы фæуды изæр. Аккаг Фыд Гиорги Мтацъминделийы Гуры гимназийы ахуырдзаутæ равдыстой Илья Чъавчъавадзейы уацмыстæм гæсгæйæ арæзт спектакль. Фестивалы фæуды митрополит Андриа схорзæхджын кодта конференцийы æмæ ныв кæныны конкурсы хайадисæг ахуырдзауты, лæвæрттæ ратта фестивалмæ æрбацæуæг уазæг скъолæтæн æмæ сæ хъомылгæнинæгтæн. Хæрзбонгæнгæйæ хайадиджытæ сæрмагондæй фæнысан кодтой æнгæс мадзæлтты нысаниуæг рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныны хъуыддаджы æмæ бузныг загътой фысымтæн сæ зæрдæхæлар фысымиуæгдзинады тыххæй.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.